Рукъгомы цыртдзæвæнтæ

Хисты дзуар

Хисты дзуар ис Дæллаг Рукъы — Дзуарыбыны хъæуы, уæллаг цæгатварс. Кувæндон кæм ис, уый у стыр обау æмæ йæ сæрыл та ис амад чысыл хатæнгонд. Обау та у рагон арæзтадæй цы пырхæнтæ баззад, уый систæй. Рæстæгы цыды фæстиуæгæн йæ дуртæ рæстмæ нал зынынц сыджыты бынæй. Ома рагон бæстыхай куы ныккалд, уæд ын йæ сæрыл фæстæдæр самадтой бынæттон цæрджытæ ацы бæстыхай. Бынæттон цæрджытæ ацы кувæндон хонынц «Хисты дзуар» (Хистæры дзуар), куывды йæм фæцæуынц Атынæджы бæрæгбоны æгас Рукъгомы цæрджытæ. Йæ нысангæнæн бон вæййы Дауджытæй 40 бон фæстæдæр, хуыцаубон боны, кæнæ та Алардыйæ Атынæнмæ ис авд къуырийы бæрц. Нысан æй кодтой фысымгай, алы мыггаг дæр-иу бадт хицæнæй, фæлæ дзуары бын кувæг лæг æвзæрст цыдис комбæсты куырыхондæртæй. Цалынмæ — иу Атынæгы бæрæгбон банысан кодтой, уæдмæ-иу хоскæрдынмæ нæ цыдысты хæхбæсты. Иу ныхасæй Атынæгы бæрæгбоны нысан уыд сæрдыгон куыстытæ фæуыны рстæг æмæ фæззыгон куыстыты райдийаны арæн. Уый размæ-иу хоскæрдынмæ чи ацыдаит, уый та-иу фæкодтой ивар, хатт та йыл кодтой хъоды дæр. Йæ æндæрхуызон нæмттæ ма уыдысты Халмæвналæн бон æмæ Цыргъисæн бон. Читать далее