Рукъгомы цыртдзæвæнтæ

Хисты дзуар

Хисты дзуар ис Дæллаг Рукъы — Дзуарыбыны хъæуы, уæллаг цæгатварс. Кувæндон кæм ис, уый у стыр обау æмæ йæ сæрыл та ис амад чысыл хатæнгонд. Обау та у рагон арæзтадæй цы пырхæнтæ баззад, уый систæй. Рæстæгы цыды фæстиуæгæн йæ дуртæ рæстмæ нал зынынц сыджыты бынæй. Ома рагон бæстыхай куы ныккалд, уæд ын йæ сæрыл фæстæдæр самадтой бынæттон цæрджытæ ацы бæстыхай. Бынæттон цæрджытæ ацы кувæндон хонынц «Хисты дзуар» (Хистæры дзуар), куывды йæм фæцæуынц Атынæджы бæрæгбоны æгас Рукъгомы цæрджытæ. Йæ нысангæнæн бон вæййы Дауджытæй 40 бон фæстæдæр, хуыцаубон боны, кæнæ та Алардыйæ Атынæнмæ ис авд къуырийы бæрц. Нысан æй кодтой фысымгай, алы мыггаг дæр-иу бадт хицæнæй, фæлæ дзуары бын кувæг лæг æвзæрст цыдис комбæсты куырыхондæртæй. Цалынмæ — иу Атынæгы бæрæгбон банысан кодтой, уæдмæ-иу хоскæрдынмæ нæ цыдысты хæхбæсты. Иу ныхасæй Атынæгы бæрæгбоны нысан уыд сæрдыгон куыстытæ фæуыны рстæг æмæ фæззыгон куыстыты райдийаны арæн. Уый размæ-иу хоскæрдынмæ чи ацыдаит, уый та-иу фæкодтой ивар, хатт та йыл кодтой хъоды дæр. Йæ æндæрхуызон нæмттæ ма уыдысты Халмæвналæн бон æмæ Цыргъисæн бон.

Хисты дзуармæ Атынæгы бæрæгбоны кувынмæ цыдысты Плиты, Томайты, Дзеранты, Къозонты, Къомайты æмæ æндæр мыггæгтæ. Бынæттон цæрджыты ныхæстæмгæсгæ, искæмæй-иу зæгъгæ исты фесæфт, уæд дам-иу зæрдæхсаинаг адæймагы бацæуын кодтой кувæндонмæ æмæ-иу йын ардбахæрды фæстæ йæ худ ныууадзын кодтой кувæндоны. Зылынджын та иу афтæ тарст кувæндоны азарæй æмæ-иу йын æнæбасæтгæ нал уыд. Кæддæр иу зæрдæхсаинаг лæгæн мæнг ард куы бахордта, стæй ма йæ худ дæр уым куы ныууагъта æмæ хæдзармæ куыд ацыд, афтæ дам æй фæндагыл арв æрцавдта æмæ дзыхъ мард фæцис.

Уæлдæр куыд загътон афтæмæй кувæндон кæм ис, уым ныртæккæ ис стыр обау æмæ куыд цæуы бæрæг, афтæмæй уыд рагон бæстыхайы аразтад.

Xisty_dzuar-1Бæстыхай цы нысанæн уыд амад, уый ныр ма зын дзурæн у. Ранæй рæтты ма дзы зыны сис амæдтытæ. Йæ арæзтадон æрмæг уыд хохаг къæйдур æмæ стæм чъыры мыггаг дурæй, кæрдгæ расткъуымон дурæ.

Ацы кувæндон куыд Цъалагомы афтæ Урстуалтæндæр æмæ æгас Туалгомæн уыд, стыр нысаниуæг кæмæн дæттой ахæм цытджын бынат. Ардæм-иу æмбырд кодтой ивгъуыд рæстæджыты ма-иу стæры куы цыдысты Гуырдзыстоны мидæггаг районтæм уæддæр, афтæ ма иу иумийаг знагы ныхмæ сæрбахъуыды рæстæг тохкæнæнмæ куы цыдысты уæд. Ам-иу бафæдзæхстой сæхи, бахордтой иу ард, сæ кæрæдзийыл æнувыддзинадæн æмæ — иу стæй туг суадзаны фæстæ сарæзтой куывд æмæ-иу уый фæстæ араст сты сæ тохы, кæднад балцы фæндæгтыл. Ам ма-иу кувæндоны бынмæ рахастой сæрмагонд æхсаргард дæр æмæ-иу уымæндæр скуывдтой, цæмæй сæ хъахъхъæна тохы заманы, æхсаргардæй дæр-иу хордтой ард, зæгъгæ гадзрахатæй цæуджытыл та тæрхонгæнæг уæнт ацы æхсаргард.

Хисты дзуары равзæрды æмæ нысаниуæгы фæдыл баззад таурæгътæ — адæмон сфæлдыстады, стæй ма фыссынады гуырæнты дæр цымыдисаг зонæнтæ ис:

Xisty_dzuar-3Ацы кувæндон «Хисты дзуар» «Хистæр дзуар» цæмæн схуыдтой, уый фæдыл баззад ахæм таурæгътæ: Томайтæ, Абайтæ æмæ Хеттæгкатæ арвыстой Дзанæгаты Амыранмæ: «Тыхгæнæг цæуæм æмæ нæм куыд фæзынай искæйтимæ». Амыран Куырттатæй цалдæр лæгимæ рахызт…

Хæстон фæссивæд æрæмбырд сты Рукъмæ Томайтæм. Уым стæрхон кодтой, тыхгæнæг ацæуæм, зæгъгæ. Сæвзæрстой уыцы ран Æгъуызатæм цыдæриддæр лæгæвзæрст уыдис, уыдон æмæ загътой: «Рацъæн сæ фæллой рахæссæм». Афтæмæй Дзæнагаты Амыран скуывдта: «Хуыцæутты Хуыцау, ме сфæлдисаг Хыцау! Тыхгæнæг цæуæм æмæ дзы нæ фæссивæдæй мард куыд ничи фæуа! Кæд дзы мæлинаг исчи уа, уæд сæ сæрыл хаст æз куыд фæуон». Стæй сбадтысты сæ бæхтыл æмæ сæ разæй араст Амыран.

Ацыдысты уыцы фæндагыл æмæ Рацъмæ ныццыдысты. Рацъмæ куы ныццыдысты, уæд Цъеретелитæ æмæ Херхаулидзетæн бацыдысты сæ хъæумæ. Ныббырстой æмæ сын сæ чызджыты рахастой, сæ фос æмæ сын сæ фæллой ратардтой.

Фæдис сæ фæстейæ сырдтой æмæ æхстой кæрæдзи. Афтæмæй Амыран йæ фæссивæдæн загъта: «Скъæрут фос æмæ кæнут чызджыты! Адон мæ бар бауадзут».

Кæрæдзи æхсын куы райдыдтой, уæд Дзæнæгаты Амыран мард фæци. Амыран куы ахаудта уæд æй се ‘ккой скодтой æмæ йæ мардæй Рукъмæ æрхастой. Фосы дæр æрыскъæрдтой, чызджыты дæр æркодтой. Куы сæ рыскъæрдтой, уæд алырдæм арвыстой : «Тæлæт æркодтам æмæ сæ уардзыстæм, фæлæ нæм куыд зынат».

Стæй бавдæлдысты æмæ чызджыты сæхи ‘мбæлтæн бахай кодтой бинойнагтæн. Фосмæ куы руырдыг сты, уæд загътой: «Мах хъуамæ Дзанæгаты Амыранæн хист скæнæм».

Иннæ мыггæгтæй кæмæ арвыстой уыдонæн фæлæвæрдтой фосæй. Лæвæрдтæ сын куы фæкодтой, уæд дзы иу кард Дзаттийæн балæвар кодтой.

Баззади ма дзы иу чызг. Иу мæгуыр лæг сæм бацыдис æмæ сын загъта, зæгъгæ йæ мæнæн радтут. Уæд æмæхуызонæй загътой: «Балæвæр кæнæм чызджы ацы мæгуыр лæгæн». Радтой йæ уыцы мæгуыр лæгæн. Уыцы чызгæй рацыдысты Захъхъайы Калотæ.

Уый фæстæ фосæй цы баззад, уыдон ныццагътой æмæ Амыранæн ныртæккæ Хисты дзуар кæм ис, уым стыр хист скодтой æмæ йæ уым баныгæдтой. Уый тыххæй уыцы дзуар «Хисты дзуар» схуыдтой.

Уæдæй фæстæмæ Æгъуызатæй иннæ ирон адæм дæр хист кæнын базыдтой¹.

Xisty_dzuar-2Дыккаг таурæгъ: Ацы таурæгъы дæр дзырдæуы: Рацъæй фос куыд ратæлæт кодтой уый. Дарддæр Амыран удæгасæй раирвæзт. Дæллаг Ручъы фæллæйттæ куы уæрстой, уæд куыд тохы раздзæуæг, Амыраны равзæрстой хистæрæй. Уыцы бынаты скодтой дзуар æмæ йæ схуыдтой Хистæры дзуар².

Фыссынады гуырæнтæй та бæрæг цæуы:

1850-æм азты Томайты хæсты рæстæджы, уырысы æфсад гуырдзыйы æлдæртты æвзагæй Цъалагомы цæрджыты сæттынмæ куы ныббырстой, уæд Ир сыстадысты сæ сæрибардзинады сæрыл тох кæнынмæ, сæргъ слæууыдысты Томайтæ афтæмæй æмæ æрцыдысты Дзомагъгом, Урсдзуаргом æмæ Рукъгомæй 200 (300) лæгы бæрцæй Хисты дзуармæ, æмæ нывонд æрхæссыны фæстæ бахордтой ард, куыд æмзондæй фæстаг туджы æртахы æййонг, тох кæндзысты сæ сæрибардзинадыл. Афтæ райдыдта Томайты хæст Уырысы æфсад æмæ гуырдзыйы æлдæрттимæ. Кæцы ран састы бынаты баззадысты Томайтæ, иумийагæй сисгæйæ Цъалагомы уæллаг хайы цæрæг ирæттæ³. Томайты хæсты фæдыл баззад бирæ ратæдзæнтæ ирон адæмон сфæлдыстады æмæ фыссынады ратæдзæнты, фæлæ ам уыдоныл бæстон нал дзурдзыстæм.

Æмткæй сисгæйæ, Хисты дзуармæ кæд куывды цыдыст Атынæгы бæрæгбоны рæстæджы, уæддæр йæ сæйраг нысаниуæг уыд хæстон хъуыдтагимæ баст чи уыд, ахæм гъдæуттæ æххæстгæнæн сæрмагонд сыгъдæг бынат. Уымæн æмæ ма бынтон æрæджыдæр бæрæгбоны рæстæджы куывдон адæм кувæндонмæ хастой æхсаргард æмæ дам-иу ын куывдтой, цæмæй сæ хиза фыдгул æмæ фыдбылызæй4.

Хисты дзуар æрдзон координаттæ сты: N 42º32’831’’. EO 44º06’906’’. Денджызы ‘мвæзадæй кувæндон кæм ис, уыцы бынат лæууыу 1513 м. бæрзæндæныл.

Хисты дзуары нысан æмæ йæ равзæрды фæдыл хъæуы сæрмагонд зонадон куыст бакæнын. Ацы уацы нысан та у, скъуыдздзаг кæнинаг фарсты раргом æмæ рауæрæх кæнын кæй хъæуы, æрмæстдæр уый æвдисæндар.

Ирбег Маргиев научный сотрудник ЮОНИИ

————————————————————————————————

¹ Джыгкайты Ш. Ирон таурæгътæ 399-400 фф.
² Плиты Гацыр Ручъы Атынæг. «Хурзæрин» № 60, 2008 аз.
³ История Южной Осетии в документах и материалах. Том 2. 346-370 ф.
4 Плиты (Хъониаты) Барис 78 аздзыд. Дæллаг Рукъ (Габаты) 2010 аз.