Джиуæргуыбайы мæй 23-æм бон… Сыгъзæрин (æви тугамæхст?) дамгъæтæй фыст æрцыдис ирон историйы чиныджы. Æмæ сыгъзæрин куыд нæ уа, сæрибары сæрыл тохы райдайæн, зæгъут-ма?! Æвзонг, æвæлтæрд, фæлæ хъæбатыр гуырдтæ сæ цæнгтæ кæрæдзи дæлæрмтты акодтой æмæ æнæхæцæнгарз, æнæ’ндæр æрурæдтой знаджы «митинггæнæг» æрдонгтæ. Уый уыд 1989 аз…
О, фæлæ тугамæхст дæр у… Ирон туджы æртæхтæ та ныккалдысты 20-м æнусы кæронмæ ’ввахс, уырнгæ дæр никæй кодта гуырдзиаг фашизм та йæ сæр ногæй хæрдмæ сдардзæнис, уый.
23-м ноябрь ирон адæмæн — иудзинад æмæ мысæн бон. 23-м ноябры ирон адæмы ныхмæрадон хатт райдыдта гуырдзыйы тугуарæн хæст.