Лалытæ

Лалыты мыггаг цард Уæлладжыры комы, Нæзыджыны хъæуы. Æввахсдæр æм уыд Ходы хъæу. Уым цардысты Хъайтыхътæ, Дзугкойтæ, Едзитæ, Созайтæ, Гатетæ, Саухалтæ, Джерджытæ, Дзансолтæ. Нæзыджын — Лалыты хъæу — кæддæр уыд нæзы бæлæсты ‘хсæн, фæлæ сæ адæм ныццагътой. Ныр та ногæй стау кодтой, рæзынц æмæ, кæд хъахъхъæд баййафой, уæд та суыдзæн æцæг Нæзыджын.

Хъайтыхъ уыд Лалыйæн йе ’фсымæр, фæлæ уый цард Ходы хъæуы. Абон ма дзы цæры дыууæ хæдзары бинонтæ, дыууæтæ дæр — Дзугкойтæй.

Уæды рæстæджы фæндаг цыд комыл Алагирæй Зилахармæ. Зилахарæй хъуамæ ахызтаис доны сæрты галиуæрдæм, Урс хохæн йæ тæккæ астæуты. Ис дзы Уастырджийы дзуар, йæ бынты фæндаг цыд хъугоммæ Нæзыджыны хъæуыл, дарддæр — Ходмæ. Уым цард бирæ уæздан адæм, тынг лæггад кодтой фæндаггонтæн.

Ивгъуыд æнусты хъæздгуытæ тынг хъыгдардтой хæххон адæмы, æвæрдтой сыл хъалон, фæлæ ууыл никуы сразы сты, уæд-иу сæм æмхотыхджын лæгты сæрвыстой. Бирæ хатт-иу фæстæмæ сæ хæдзæрттыл нал сæмбæлдысты. Ахæм уæззау уавæртæ æвзæрстой ам адæм.

Кувæн бынæттæ, уæздан Зæдбадæнтæ дзы бирæ уыд, æдæппæт — фараст дзуары: Уастырджийы дзуар, Хуыцауы дзуар, Фыры дзуар, Мыкалгабыры дзуар, Сау комы дзуар, Лæгты дзуар, Тутырты дзуар, Уациллайы дзуар, МадыМайрæмы дзуар. Фæндаг ма йæм цыд Хъивоны бæрзонд æфцæгыл (Дыгуры комыл), стæй Зынцъарæй Мызуры фæрсты. Нæзыджыны хъæумæ, Ходы хъæумæ фæстаг хатт фæндаг арæзт æрцыд Зджыдыл, фæлæ уый дæр фæстагмæ баззад æнæ хицауæй. Цы къададæттæ-иу ыл рацыдысты, уыдон-иу æй фехæлдтой. Абон дæр фæндæгты уавæр у мæгуырау. Ход æмæ Нæзыджын æввахс сты кæрæдзимæ, ис дзы тынг бирæ мæсгуытæ, уæлмæрдтæ, зæппадзтæ. Фыст ис алы дурыл дæр, фæлæ рагон фыссынадæй. Уыдон ныр зын равзарæн сты.

Лалытæ кæддæр сфæнд кодтой сæхицæн хæстæг ран кувæндон саразын æмæ Сау комы дзуарæй Нæзыджынмæ æрхастой дур. Сарæзтой хæстæг кувæндон, фæлæ мыггаджы хъуыдымæ гæсгæ иннæ зæдтæм уый раст нæ фæкаст. Нал цыд сæ цард. Сæ хъуыддæгтæ нал уадысты рæстмæ. Бирæ фæрахъуыды-бахъуыды кодтой æмæ сфæнд кодтой уырдыгæй æндæр ранмæ алидзын. Арвыстой лæгты алы рæттæм: иутæ Хъивоны бæрзонд æфцæгыл ахызтысты Дыгургоммæ, дарддæр — Хъæрæсемæ, иннæтæ — Цæцæнмæ. Уыдон абон ирæттæ нал сты, кæмдæрты ма Лалытæй фыссынц, фæлæ се ’взаг, цы фыдæлтæй рацыдысты, уый нал зонынц. Иутæ дзы хохыл ахызтысты Хуссар фарсмæ, Дзауы районмæ. Цæрæн бынат агургæйæ ссардтой, нæзы бæлæстæ кæм зад, ахæм ран æмæ сфæнд кодтой уым баззайын. Нæзытæ дзы кæй зад, уымæ гæсгæ сæ зæрдæмæ тынг фæцыд. Фæстæмæ æрыздæхгæйæ, радзырдтой сæ хабæрттæ, æмæ иннæтæ дæр сразы сты сæ хъуыдыйыл. Цæгатæй Нæзыджыны цæрджытæ ралыгъдысты Хуссармæ æмæ ам дæр сæ хъæу схуыдтой Нæзыджын, абон дæр афтæ хуыйны.

Хуссары Нæзыджыныл фæндаг цæуы Цхинвалæй Къуайсамæ. Хъæуы цæрджытæ уыдысты тынг лæггадгæнаг адæм. Кæд-иу фæндаггонтæй исчи фæтыхст, уæд-иу уыдонæй хъæу хъæугъуыз баци. Фæлæ та ам дæр зæхх нæ фаг кодта, цæрыны уавæртæ къуындæг уыдысты æмæ лыгъдысты æндæр бынæттæм. Иутæ алыгъдысты Додоты цъаламæ, абон дæр цæрынц уыцы хъæуы. Додоты бирæ кадджын лæгтæ цардысты — Лалыты Кудзи, Кима, Дадола æмæ Вася. Иннæтæ та алыгъдысты Знауыры районы Лисайы рагъы бынмæ, æмæ хъæу схуыдтой Лиса, абоны онг дæр цæрынц уым. Уыцы ран дæр бирæ уæздан лæгтæ уыд, тох кодтой гуырдзыйы меньшевикты ныхмæ. Уыдон уыдысты Лалыты Кита, Дата, Симон æмæ бирæ æндæртæ. Лалыты Сергей бирæ фæлæггад кодта советон дуджы, куыста Цæгат Кавказы курортон зонæты, фæстаг хатт уым куыста хъахъхъæнджыты хицауæй. Нымад лæг уыд Лалыты Герсан дæр. Уый бирæ фæкуыста хъæуыхицауæй Ожорайы, абон удæгас нал у.

Лалытæй алыгъд Гуры районмæ, Тхъвиау хъанайы æрцардысты. Фæлæ уыдон абон ирæттæ нал сты. Фыстой Лалишвилитæ, систы гуырдзиæгтæ, абон дæр цæрынц уым. Афтæ ма Лалыты мыггагæй алыгъд Ныгуылæн Гуырдзыстонмæ дæр, фæлæ ирæттæ нал сты. Цардагур ма дзы фæцыдысты Скæсæн Гуырдзыстонмæ. Кæм æрцардысты, уыцы хъæу хуындис Арешперан, семæ ма уырдæм алыгъд æндæр мыггæгтæй бирæ ирæттæ. Лалытæй дзы уыд бирæ зынгæ лæгтæ. Лалыты Иуане уыд скъолайы директор, сарæзта ирон скъола, йæ кæрты тæккæ астæу та сæвæрдта Хетæгкаты Къостайы цыртдзæвæн. Гуырдзиæгтæ-иу æй куы фарстой, уæд-иу сын загъта, Илья Чавчавадзейы цыртдзæвæн, дам, аразын. Фæлæ йæ куы байгом кодтой, уæд разынд Къостайы цыртдзæвæн. Бирæ цыдæртæ ма сарæзтаид ирон адæмæн, фæлæ йæ æрцахстой æмæ дæргъвæтин рæстæг фæбадт ахæстоны. Райста уæззау низ æмæ цæрынхъуагæй амард. Лалыты Роланд та куыста Лагодехы партийы районы комитеты æмæ «швилиты» иууылдæр раивта ирон мыггæгтæм. Лалыты мыггагæй бирæтæ куыстой ахуыргæнджытæй. Зæгъæм, Лалыты Никъала Сергейы фырт уыд сгуыхт ахуыргæнæг-математик. Кæй сахуыр кодта, уыдонæй бирæтæ систы доктортæ, профессортæ, академиктæ. Уыд ма дзы ноджы бирæ уæздан ахуыргæнджытæ. Лалыты Сергей Иваны фырт, Лалыты Роланд, Лалыты Юрæ, Лалыты Чибо, Лалыты Хъазыбег Петройы фырт бирæ фæкуыста Боржомы районы Гудзареты скъолайы директорæй, уыд уарзон куыд ахуыргæнинæгтæн, афтæ сæ ныййарджытæн, ахуыргæнджыты коллективæн. Стыр кад ын кæнынц йæ ахуыргæнинæгтæ абон дæр. Цæры Цæгат Ирыстоны Заводты поселочы.

Лалытæм бирæ хорз кæстæртæ ис абон дæр, лæггад кæнынц Иры зæххæн. Лалыты Темо у фæндæгты инженер. Лагодехы районы арæзта фæндæгтæ, уыдис куыстуаты хицау дæр. Уæззау дуджы ралыгъд Цæгат Ирмæ, ам дæр та балæууыд хъуыддаджы. Сарæзта Æрхонкæйæ Беслæнмæ иувæрсты цæуæг фæндаг. Абон ыл æдæрсгæйæ змæлынц алыхуызон транспортон фæрæзтæ. Хуссар Ирмæ газ куы уагътой, уæд, дæтты сæрты арæзта хидтæ, уыдонимæ — Хуссар Иры цæугæдон Джоджорайы сæрты — дыууæ хиды.

Нæзыджинæгтæ нæ рох кæнынц сæ сæрæнты: Лалыты Арсакъойы, Уасилы, Сардийы, Викторы, Алексийы, Раздены, Барисы, Ладийы, Матвейы. Гуырдзиаг меньшевиктæ 1920 азы Хуссар Иры хъæутæ куы басыгътой, уæд, адæмы маст чи иста, уыдоны фарсмæ уыдысты Лалыты Когка, Соскъо, Разден æмæ Дианоз. Нæзыджынæй рацæуæг Лалытæм уыдис стыр ахуыргонд лæгтæ дæр. Сæ иу — Лалыты Григолы фырт Алыксандр. Уый куыста геологæй, агуырдта нефты гуырæнтæ Китайы, Индийы, Ираны. Алы ранæй дæр æм уыд хорзæхтæ йæ хорз куысты тыххæй. Уыдис «Грузнефть»-ы хистæр геолог, куыста Тбилисы Политехникон институты кафедрæйы сæргълæууæгæй, институты профессор Лалыйы фырт каст лекцитæ. Алыксандры хо Любæ та куыста Мæскуыйы Архитектурон управленийы хицауæй. Лалыты Соскъойы фырт Барис та уыдис æфсæддон службæгæнæг. Советон дуджы бирæ тыхтæ радта æфсæддон фæлтæрты патриотон хъомыладæн. Абон Барис у отставкæйы майор.

Мыггаджы зындгонд лæгтæй у Лалыты Раздены фырт Лео дæр. Куыста Мæскуыйы, уыд хъæууонхæдзарадон продукттæ цæттæгæнæг министры хæдивæг. Лалыты Раздены фырт Хазби дæр бирæ фæллæггад кодта советон æфсæддон фæлтæртæн, уыд булкъон, фæстаг хатт куыста Алтайы крайы æфсæддон комиссарæй.

Лалыты мыггагæй бирæ уæздан, равзаргæ фæсивæд ацыд Фыдыбæстæйон Стыр хæстмæ, бирæтæ дзы нал сыздæхтысты тохы быдырæй. Сæ ном никуы уыдзæн сæфт Лалыты астæу. Афтæ, Лалыты Федыры фырт Гаврил йæ фыдимæ иу бон ацыд хæстмæ. Фыд нал сæмбæлд йæ къонайыл. Гаврил, хæст куы банцад, уæд сыздæхт хорзæхтимæ. Уый фæстæ бирæ фæкуыста колхозты, совхозты разамонæгæй, кад кодта Ирыстонæн.

Ивгъуыд æнусы æртынæм азты æнæаххосæй тынг бирæ фесæфт Лалыты мыггагæй. Уыдонæй æппæты зындгонддæр уыдысты Когко, Соскъо, Петро, Николай, Самсоны фырт Дианоз.

Абон дæр Лалытæм бирæ лæггадгæнæг кæстæртæ ис: Лалыты Алексейы фырт Эдик уыд Цхинвалы электрон хызты куыстуаты хицау, ныр ис пенсийы. Лалыты Толик 1988-2008 азты уыд Цхинвалы хуыздæр хирургыл нымад. Цал æмæ цал адæймаджы бахауд уæззау цæфтæй йæ къухмæ, æхсæвæй-бонæй уыд сæ уæлхъус. Райста зæрдæниз æмæ амард æвзонгæй. Иннæ ахæм — Лалыты Гиви, хирург. Уый дæр 1989-2008 азты æхсæвæй-бонæй æххуыс кодта уæззау рынчынтæн. Уый дæр зæрдæнизæй амард æвзонгæй. Афтæ бирæ фæтох кодта Лалыты Барисы фырт Алик, уый дæр йæ цардæй ахицæн æвзонгæй, Лалыты Сашæ уыд æрыгон хирург, лæппутимæ иумæ хъахъхъæдтой æрбацæуæнтæ гуырдзиаг фыдгæнджытæй æмæ сæ нæмыгæй фæмард. Афтæ — йе ’фсымæр Лалыты Эдик дæр. Лалыты Георги дæр тох кодта гуырдзиаг фыдгæнджытимæ, Цæгат Ирыстоны та 1992 азы — мæхъæлон экстремистты ныхмæ. У РХИ-йы Парламенты депутат, координацион советы уæнг. Лалыты Людвиг — сæрмагонд артхуыссынгæнæн-ирвæзæн хайы медикон-психологон службæйы дохтыр. Кæйдæртау йæхи нæ бамбæхста Лалыты Георгийы фырт Генæ дæр, уыд сæрмагонд æфсæдты, уый фæстæ — Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорд, абоны онг дæр кусы Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министры хæдивæгæй, у булкъон.

Экстремистты ныхмæ тох кодтой Лалыты Хасан Матвейы фырт, Валерик Зауырбеджы фырт, Феликс Ладийы фырт. Лалыты Мурат куыста АТК-йы директорæй, фæсте никуы фæлæууыд, алы ран дæр хъуыд техникæ. Абон дæр кусы рæстудæй, у РХИ-йы Фæндæгты арæзтады министр. Лалыты Хъазыбеджы фырт Генæ у хъæбысæйхæцæг, Олимпаг хъæзтыты бронзæ æмæ æвзист призер. Архайдта куыд Европæйы, афтæ дунеон бирæ ерысты. Уыдис ын уæлахиздзинæдтæ, бирæ хорзæхтæ райста. Афтæ йе ’фсымæр Вадим дæр, фæсте нæ баззад йæ хистæр æфсымæрæй. Ам ма мæ ранымайын фæнды, 1989-2008 азты ацы мыггагæй чи фæмардысты, уыдоны нæмттæ: Лалыты Инал Мухтары фырт, Лалыты Виктор Ладойы фырт, Лалыты Инал Иваны фырт, Лалыты Вася Жоржыкы фырт, Лалыты Генæ Алыксандры фырт, Лалыты Алыксандр Гаврилы фырт.

Цæгат Ирыстоны Нæзыджыны цæрæг Лалытæй иутæ ралыгъдысты Дæллаг Мызурмæ. Зæгъæм, Михал уым цард. Йæ фырт Хъазыбег ралыгъд Дзæуджыхъæумæ. Бирæ азты фæкуыста базарады, дуканиты директорæй. Уымæн йæ фырт Аслан куыста слестгæнæгæй, ныр та тæрхонгæнæгæй кусы Мæздæджы. Ис Лалыты мыггагæй Ногиры, Сунжæйы æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Ирыстоны стырдæр горæт Дзæуджыхъæуы дæр. Ногиры æрцардысты Лалыты Антон, Зауыр, Никъала, Илья. Антоны фырт Харитон бирæ фæкуыста советон дуджы колхозон арæзтады, уыд сæйраг инженер, механик дæр. Лалыты Зауыры фырт Раул кусы Хæххон агроуниверситеты механикон факультеты, Сосо Ильяйы фырт та — коммуналон хæдзарады инженерæй.

Лалыты мыггагæй чидæртæ æрцардысты Горæтгæрон районы Ирыхъæуы (Дзæрæх). Зæгъæм, Жора æмæ Пъалуш. Жорайы фырт Руслан бирæ фæкуыста барадхъахъхъæнæг органты. Фæстаг хатт куыста Сахалины, уыд мидхъуыддæгты министр, у булкъон. Лалыты Пъалушы фырт Валерик дæр куыста барадхъахъхъæнæг органты. Фæстаг хатт — Камчаткæйы Мидхъуыддæгты министрады хицауæй, у булкъон.

Сунжæйы æрцардысты Лалыты Митъо, Уасикъо, Эрастъо, Местор, Горигка. Герсан, Федя, Лаве, Харзен, Хазби — иууылдæр уыдысты адæмæн уарзон. Лалыты Лаве уыд хъæбысæйхæцæг, райста бирæ хорзæхтæ советон дуджы. Куыста тренерæй, йæ хъомылгæнинæгтæ абон сты спорты мастертæ, тæрхонгæнджытæ. Йæ æртæ фырты — Жорик, Витя æмæ Алан дæр сты спорты мастертæ, тренертæ, спорты алы хуызты тæрхонгæнджытæ. Лалыты Федя дæр уыд спорты мастер, йæ фырт Мурик дæр у спорты мастер, бирæ фæкуыста барадхъахъхъæнæг оргæнты. Лалыты Горигкайы фырт Эдик бирæ фæкуыста колхозы сæйраг бухгалтерæй. Эдикы фырт Хъазыбег кусы паддзахадон телерадиокомпани «Алани»-йы, у РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг. Лалыты Герсаны фырт Хасан уыд аразæг, бирæ фæлæггад кодта арæзтады хъуыддаджы. Лалыты Юрик куыста ифтонггæнæгæй завод «Бином»-ы, абон кусы дзидзацæттæгæнæн пункты хицауæй. Лалыты Гаспар Соскъойы фырт советон дуджы заводтæм хъæугæ æрмæг ласта алы рæттæй. Лалыты Хазби Месторы фырт бирæ фæкуыста районы хъæууон-хæдзарадон продукттæ цæттæгæнæгæй. Лалыты Хазби Уасилы фырт абон дæр лæггад кæны адæмæн, ис æм тахынæг (колбаса) аразæн цех. Лалыты Валерик Барисы фырт бирæ фæкуыста барадхъахъхъæнæг органты, фæстагмæ куыста Паддзахадон автоинспекцийы хайадтæй иуы хицауæй. Лалыты Алихан Эрастойы фырт бирæ азты дæргъы кусы райгазы хайады мастерæй. Лалыты Левæ Герасимы фырт у амалхъом адæймаг, лæггад кæны адæмæн, бирæтæ дзы зонынц хорздзинад, аразы бирæ хорз хъуыддæгтæ Цæгат æмæ Хуссар Иры дæр. Лалыты Юрик Кудзийы фырт куыста саперон æфсæддон хайы советон дуджы, у майор, пенсиисæг. Лалыты Вячеслав Григорийы фырт дæргъвæтин рæстæг кусы Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады, у дæлбулкъон. Лалыты Гамлет Георгий фырт рагæй дæр кусы Миграцион службæйы, 2008 азы йе ’мбæлттимæ хъахъхъæдта Цхинвалмæ хæстæг ТЭК-ы район, бахаудта тынг уæззау уавæры, фæцæф, фæлæ цалынмæ уæрæсейаг æфсæддонтæ фæзындысты, уæдмæ йæ хæцæн бынатæй нæ фезмæлыд. Абон дæр кусы Миграцион службæйы, у пъæлицæйы капитан. Лалыты Андрей Валерийы фырт бирæ рæстæджы куыста сæрмагонд хъахъхъæнынады, ныртæккæ кусы Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды, у милицæйы хистæр лейтенант. Лалыты Артур Харитоны фырт та Норильскы никелы заводы кусы инженерæй, у хайады хицау. Лалыты Алан Сергийы фырт куыста ЦИПУ-йы, кастис лекцитæ, фæлæ бахауд фæндаггон фыдбылызы æмæ фæмард. Лалыты Раман куыста Хуссар Ирыстоны Цæстдарæн ревизион управленийы хистæр ревизорæй, Лалыты Левæ Зарбеджы фырт дæр уым куыста хистæр ревизорæй, сæ дыууæ дæр амардысты цæрынхъуагæй.

Цæгаттаг Нæзыджыны хистæр кары лæгтæ Лалыты зыдтой лæггадгæнаг мыггагæй, уыдоны тыххæй мын фыццаг радзырда Ходы хъæуы уæды цæрæг Дзугкойты Амырхан, абон удæгас нал у, цыдис ыл 80-90 азы. Уый уыдис 1980 азы. Абон ма дзы Дзугкойтæй ис дыууæ хæдзары. Дзугкойты Райæйы зонынц куыд хæдæфсарм, æцæг ирон сылгоймаг. Цæуы йыл 80 азмæ æввахс, цыдæриддæр йæ фыдæлтæй базыдта æмæ Цæгатаг Нæзыджыны Лалыты мыггаджы тыххæй дзырдтой, уыдон дын абон дæр радзурдзæн. У тынг æгъдауджын сылгоймаг. Уый Нæзыджыны Лалыты мыггаджы тыххæй радзырдта бирæтæн, фæлæ йæ ныхæстæ фыст никуы æрцыдысты.

БАГАТЫ Аврам,
Газет «Хурзæрин», 29 Июль 2015