Зынаргъ æмбæстæгтæ!
Абон мах лæууæм ног 2016 азы къæсæрыл æмæ уын мæ зæрдæ зæгъы иууыл хуыздæр фæндыйæгтæ, ут æнæниз æмæ æнæмаст.
Ног Аз у иууыл уарзон дæр, æппæт адæмтæн йумæйаг чи у, ахæм бæрæгбон. Азивæныл алчидæр æмбæлы рæсугъд фæндтæ, хъуыдытæ æмæ бæллицтимæ. Уыдон сæххæст кæнын алы ирон адæймагæн дæр цы бантыса, уый нын Иры зæдтæ æмæ дунейы фарн зæгъæд.
Уадз Ног Аз Ирыстоны алы къуымты байтауæт дзагамонд, хъæлдзæгад, монон æмæ материалон хъæздыгад.
Ног Азы хорзæз нæ уæд!
Биазырты Аллæ, филологон зонадты кандидат, доцент
В Новом году мы все верим в чудеса. Каждый думает, что именно новогодние пожелания исполняются. Поэтому мы в эту ночь загадываем самое сокровенное, мысленно произнося свою молитву-обращение к Всевышнему. Пусть исполнятся наши самые сокровенные пожелания!
А ещё я хочу, чтобы в Новом 2016 году жизнь была интересной, чтобы мужчинам никогда больше не пришлось брать в руки оружие, пусть все силы пойдут на созидание. Наверное, выражу мысли многих и многих молодых людей — пусть у нас будет возможность трудиться, зарабатывать на жизнь, создавать семьи. Тогда и республика будет сильнее, голосами и смехом детей наполнятся не только города, но и наши сёла!
Всем жителям Осетии здоровья, удачи и радости в Новом году!
Иры лæппутæ, саг амарын хъом уæм!
Инал Санакоев
Зынаргъ ирон дзыллæ!
Скифты, сæрмæтты, аланты фæдонтæ! Нæ къæсæрыл æрбалæууыд Ног Аз! Цыдæридтæр рухс фæндыйæгтæ ис нæ зæрдæты, нæ удты цы фарны бæллицтæ хæссæм рагæй, уыдон нын Дунескæнæг Хуыцау нæхирдыгæй фæкæнæт 2016 азы! Зæронд Аз та ахæссæд йемæ Ивгъуыд Дунемæ нæ фыдбылызтæ, нæ рынтæ, нæ ристæ, нæ хъизæмæрттæ. Фарн дзурæд сымахæй алкæмæ дæр, уый амонд нæ фæуæд, хъæздыг мæгуыры рис цы бамбара, æфсæст — æххормаджы, æнæниз — рынчыны. Тæрхоны Лæгтæ се ргом цы раздахой сæ бæрныдзыд адæмы рдæм æмæ сын кæддæридтæр лæггадхъом цы уой!
Ног Азы фарн уын ныррухс кæнæд уæ зæрдæмæ!
Пæрæстаты Эльда