Уанел

Уанел

Æддаг бакастæй афтæ зыны, цыма алы хъæуы цæрджытæ дæр цæрынц уыцы иугъуызон цардæй. Райсом сыст, дæ фосмæ базил, дæ хæдзаргæрон зæххы фадыгмæ бакæс, бакус дзы. Сæ зымæгон бонтæ дæр, цыма, иугъуызон фервитынц. Фæлæ уый афтæ нæу. Алкæцыйы дæр дзы цæрынц сæхи æгъдау æмæ фæткойтæм гæсгæ.Йæхи цымыдисон истори ис Дзауы районы Уанелы хъæуæн дæр. Уанел уырыссаг æвзагмæ куы раивæм, уæд нысан кæны съезд. Уанел æй цæмæн рахуыдтой, уый тыххæй нын ацы хъæуы цæрæг Гаглойты Таймураз афтæ радзырдта.
– Раджы-иу мæнæ дзуары цурмæ æрæмбырд сты канд нæхи хъæусоветы адæм нæ, фæлæ ма-иу æрбацыдысты Дзауæй, Хслебæй, фæсхохæй – Захъхъайæ, Тырсыйæ æмæ æндæр рæттæй дæр. Ахæм æмбырд-иу арæзтой хуыцаубоны. Уыдис-иу сæм уæййæгтæ дæр. Ам-иу уæй кодтой сæ галтæ, бæхтæ æмæ æндæр фос дæр æмæ-иу кæй цы хъуыд, уый балхæдта. Ныхасы-иу куы ‘рымбырд сты, уæд-иу фæдзырдтой сæ хъуыддæгтыл, цæуыл тыхсынц æмæ сæ куыд хъуамæ аскъуыддзаг кæной, уыдæттыл æмæ-иу стæй изæрæй фæцыдысты сæ хæдзæрттæм. Уымæ гæсгæ йæ рахуыдтой Уанел, ома, æмбырд. Еныр дæр ма хъæубæсты нæлгоймæгтæ куы ‘рбамбырд вæййынц, куы фæныхас кæнынц, уæд уый фæстæ кæрæдзийæн фæзæгъынц, нæ уанел фехалæм ныр æмæ нæ хæдзæрттæм ацæуæм.

Куыд æндæр хæххон хъæуты цæрджытæ, афтæ Уанелы хъæуы цæрджытæ дæр цардысты æмæ абон дæр цæрынц фосдард æмæ зæххы куысты руаджы.

Ам ма Гаглойтæй дарддæр æрбынат кодтой Содтитæ, Плитæ, Дзассохтæ, Деметæ, Цæбитæ, Гæззатæ, Джиджджойтæ, Бæгъиатæ. Иугæр Советон хицауад куы ‘рфидар, уæд сарæзтой сæхи колхоз. Адæмæн æхсызгон уыдис уыцы хъуыддаг æмæ йæм чи йæ хъуг бакодта, чи та – йæ гал, афтæмæй йæм цыдысты райгондæй. Тыдтой картоф, мæнæу, хор æмæ йын йе ‘ркæнгæ фæллой уый фæстæ дих кодтой бонтæм гæсгæ. Кæд алцæмæй æххæст цард нæ кодтой, уæддæр хъæрмуд уыдысты, кæрæдзийы уавæры цыдысты. Хъæуы хистæр лæг цы загътаид, ууыл дыууæ дзурæн нæ уыд. Хъæубæсты цæрджыты ‘хсæн уыдис фæтк æмæ æгъдау.
Хъæубæсты баконд æрцыдис 8-азон скъола. Уый дзурæг у, ам цард кæй æхсыст, кæй дзы уыд бирæ сабитæ. Фæлæ йын хъысмæт бирæ цæрæнбон не сныв кодта, царды ивындзинæдтимæ къаддæрæй-къаддæр кодта йæ цæрджыты нымæц æмæ 8-азон скъола раивд æрцыд райдиан скъоламæ. Абон дзы уый дæр нал ис, йæ аххосаг – цæрджытæй бирæтæ хуыздæр цардагур кæй фæлыгъдысты.

АРÆЗТ ЫН ÆРЦЫД ХÆДЗАР-МУЗЕЙ
Æхсызгон цау у, номдзыд инженер, поэт, прозаик, ахуыргæнæг, æхсæнадон кусæг, революцийы активон архайæг, фыдыбæстæйы æхсарджын патриот Гаглойты Рутены номыл йæ райгуырæн хъæуы арæзт кæй æрцыд хæдзар- музей, уый.
«Мæн фæнды мæ райгуырæн бæстæйæн кусын æмæ йын исты ахъаз фæуын. Нæ бæстæйы æнамонддзинад – æвæндагдзинад», – дзырдта Рутен æмæ йæ ныхасæн уыд хицау.
1914 азы Рутен самал кодта топпыхос, динамит, кусæнгæрзтæ æмæ Чъехы нарæджы къæдзæх фехæлдта! Сæрсæфæны сырæзт уæрæх, лæгъз фæндаг. Арфæйаг фæцис уæд Рутен адæмæн. Адæм сæ риуыдзаг сулæфыдысты, хæхты æхгæд цардæй нал тыхстысты. Уыцы аз райдыдта империалистон хæст æмæ Рутен дæр йæ цæхæрмæ бахауд. 1918 азы Рутен æрæздæхт фæстæмæ йæ Фыдыбæстæм.
1918 азы та уый ногæй бавнæлдта фæндаг аразынмæ. Фæлæ хъуыддаг бакъуылымпы кодта Гуырдзыстоны меньшевикты хицауад. 1918 азы Хуссар Ирыстоны революцион зæхкусæг адæм растадысты йæ ныхмæ. Рутен ам дæр нæ баззад фæсвæд. Растады раздзæуджытæ йæ снысан кодтой горæты комендантæй.
1920 азы Цхинвалы Рутен бахаудта меньшевикты дзæмбытæм. Уыдоны къухтæм æппæты фыццаг Рутен кæй бахаудта, уый алчидæр зоны. Поездыл сæ, Кутаисмæ ласгæйæ, уый Карелы станцы тæхгæ поездæй агæпп кодта æмæ боныцъæхтыл Хъорнисы балæууыд.
1921 азæй 1928 азмæ цард фæсарæнты, фæлæ йæ зæрдæ та уыд Ирыстоны. Уымæн æвдисæн сты, уыцы азты цы уацмыстæ фыста, уыдон. Ирыстонмæ æрыздæхгæйæ, уый дывæр хъаруйæ æрæвнæлдта фæндæгты арæзтады куыстмæ.
Гаглойты Рутен ма йæхи къухæй сарæзта Хуссар Ирыстоны Автономон областы картæ. Йæ тæккæ сфæлдыстадон тыхы куы бацыд, уæд ыл сæвæрдтой адæмы знаджы ном æмæ йын йæ цард аскъуыдтой 1937 азы.
Кæд бирæ азтæ рацыд, Гаглойты Рутен куы бабын, уæдæй нырмæ, уæддæр йæ ном цæры ирон адæмы зæрдæты, уæлдайдæр та йæ хъæуккæгты зæрдæты. Ирæн дихгæнæн нæй, уый у ирон адæмы иу зæрдæ, Транскамы автомагистраль та – йæ иугæнæг тугдадзин. Уыцы иугæнæг дадзин саразынæн та Рутен ницы бахæлæг кодта æмæ йын уымæн сарæзтой йæ номыл дæр хæдзар-музей.

ЦАРДЫСТЫ… КÆЛМЫТИМÆ
Уанелы хъæуы цæрæг Цъæритты Эльзæ куыд зæгъы, афтæмæй сын уыцы кæлмытæ уыдысты фосы тыххæй. Скодтой-иу сын куывд, сæ куывды рæстæг та уыдис июны мæйы дыккаг æмбисы. Куывды рæстæджы-иу сын скодтой дзыкка, уæлибыхтæ, бахсыстой-иу бæгæны. Акодтой-иу сын кусарт дæр, æргæвдгæ та-иу акодтой уæрыкк. Куывды фæстæ ма-иу кæлмытæ цалдæр хатты равдыстой сæхи, стæй-иу нал разындысты, бамбæхстысты-иу. Эльзæ нын куыд радзырдта, афтæмæй сын йæ зæронд дада æмæ нанайы фæстæ йæхи мад æмæ фыд кусарт нал кодтой, фæлæ-иу сын бахсыстой бæгæны, скодтой-иу сын уæлибыхтæ, дзыкка, афтæмæй-иу сын скуывтой æмæ-иу сын стæй хæдзары фисыны сæрмагонд арæзт къускы бавæрдтой сæ дзыкка æмæ уæлибыхтæ.
– Мæхæдæг дæр æй хорз хъуыды кæнын, куыд-иу рабырыдысты, уый. Иу дзы цæмæдæр гæсгæ арæх бырыд нæ хæдзармæ, куыддæр-иу хур скаст, афтæ-иу схуыссыд хæдзармæ бахизæны. Мах чысылтæ уыдыстæм æмæ-иу уынджы куы хъазыдыстым, уæд-иу йæ сæрты рахиз-бахиз кодтам, уымæн æмæ нын æндæр гæнæн нæ уыд, хæдзармæ бахизæны къæсæрыл кæй хуыссыд, уымæ гæсгæ, фæлæ сæ нæ тарстыстæм. Стæй-иу хур куы аныгуылд, уæд та-иу сисы хуынчъы бабырыдысты. Куыд дзырдтой, афтæмæй сæ мæ зæронд нана æмæ дада истой къухмæ дæр æмæ сыл цин кодтой. Бырыдысты нæм хæдзармæ бынтон сæрибарæй æмæ-иу пецы бын схуыссыдысты. Фæстæдæр нын куыд радзырдтой, афтæмæй иу хатт бинонтæ ацыдысты хуым кæнынмæ æмæ сывæллон та ныууагътой авдæны бастæй. Куы райхъал, уæд, æвæццæгæн, куыдта æмæ куынæ æмæ куынæ æнцад, уæд, дам, ын калм йæ къæдзил йæ дзыхы нытъыста æмæ сывæллон банцад йæ кæуынæй. Гъе, ахæм диссаджы кæлмытæ уыдысты, – загъта Эльзæ. – Мах сæрибарæй цардыстæм семæ, фæлæ-иу нæм уазæг куы ’рбацыд æмæ-иу сæ куы федтой хæдзары пецы бын хуысгæ, уæд-иу фæтарстысты æмæ-иу лидзæг фесты. Фæлæ стæй мæ ныййарджытæ æрлыгъдысты чысыл дæлдæр æмæ æрцардысты Уанелы хъæуы астæу. Уырдæм дæр нæ фæстæ рабыры-дсты. Уыдысты сау æмæ морæгъуыз кæлмытæ. Хъыгдаргæ хъæубæстæй дæр никæй кодтой. Дзырдтой, зæгъгæ, сæм уыдис цыкурайы фæрдыг дæр, фæлæ мах къухтæм никуы æрбахауд æмæ йæ уынгæ дæр æз никуы фæкодтон. Уым, Цъæритты цæргæйæ, нæ цард бирæ хуыздæр уыдис, фæлæ иугæр нæ бынат куы фæивтам, уæд нæ цард фæстæмæ алæууыд, уæззау хабæрттæ ныл æрцыд. Уым та уыдыстæм цæрдхæцин. Уый, æцæгæйдæр, диссаг у, – йæ ныхас балхынцъ кодта Эльзæ, йæ цæстытæ доны разилгæйæ.
Кæлмыты тыххæй ма нын ноджы диссаджы хабар ра-дзырдта Гаглойты Таймураз дæр.
– Уæд æз куыстон Едысы ахуыргæнæгæй. Дардтон дыууæ хъуджы æмæ сын хос кæрдынмæ ацыдтæн. Бафæндыд мæ къæдзæхæй акæсын, зæгъын, кæд сычъитæ кæнæ æндæр хъæддаг сырдтæй истæуыл мæ цæст схæцид. Тигъмæ ныг-гуыбыр кодтон, мæ риу æм нылхъивгæйæ, цæмæй къæдзæхæй ма ахауон. Уыцы рæстæджы калм фæцис къæдзæх æмæ мæ риуы ‘хсæн æмæ йæ нылхъывтон. Уый мыл æхситт кодта, фæлæ йæ æз нæ уыдтон, æнхъæлдтон, зæгъын, сычъиты уынæр у. Уый йæ сæр бæрзонд систа, æмæ мын, цыма, ныртæккæ мæ сæр æрцæвдзæн, ахæм лæуд скодта. Æз æй куы ауыдтон, уæд дзы ахæм тарст фæкодтон, æмæ уын куыд зæгъон, нæ зонын. Уайтагъд æй феуæгъд кодтон æмæ уый куыддæр феуæгъд, афтæ йæхи аппæрста. Калм бамбæрста, æз æй барæй кæй нæ нылхъывтон, уый. Æмæ мыл нæ фæхæцыд.
– Цъæритты Эльзæтæн куыд уыдис сæ хæдзарæн хъонагъ кæлмытæ, ахæм кæлмытæ ма уыд нæ дыккаг хæдзæрттæн дæр, – йæ ныхас адарддæр кодта Таймураз. – Уыдон дæр алыгъдысты æндæр ранмæ цæрынмæ æмæ кæлмытæ баззадысты ам цæргæйæ. Фæлæ-иу хæдзары алыварс сæ бынат арæх фæивтой, æвæццæгæн, агуырдтой сæ хицауы. Уыдон уыдысты 7 бæрц æмæ сæ иумæ фынæйгæнгæйæ арæх уыдтам.

АБОН ДÆР СÆ КОЙ ХОРЗÆН МЫСЫНЦ
Хъæубæсты бирæ уыдис, сæ ном цæргæйæ кæмæн баззадис æмæ абон дæр æхсызгонæй кæй æрæмысынц, ахæм дзырддзæугæ лæгтæ. Уыдонæй сæ иу уыдис Гаглойты Джедуан. Уымæн йæ хæдзар уыдис 19 хатæнæй конд. Æмæ дзы цардис йæ цыппар чызджы æмæ цыппар фыртимæ, уыдоны зæнæгимæ. Бинаг уæладзыджы сын уыдис чысылдæр хатæн æмæ йæ хуыдтой зæдбадæн. Уым бадтис бæлон. Бонæй-иу атахт, стæй та-иу изæрæй фæстæмæ æрбатахт. Джедуан уыд тынг дзырддзæугæ, кадджын нæлгоймаг æмæ дзырдта, зæгъгæ, кæддæр ацы комы сæ хъæуыл фæсхохмæ фæндаг ацæудзæнис æмæ йæ, зæгъгæ, ныр æккойæ куыд хæссæм нæ хæссинæгтæ, афтæ сæ нал хæсдзыстæм, фæлæ ауылты цæудзысты хæдтулгæтæ æмæ ууыл ласдзыстæм хор. Йæ ныхæстæ, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ уырныдтой адæмы. Уый ма дзырдта, зæгъгæ, дыууæ Ирыстоны адæм кæрæдзимæ цæудзысты ацы фæндагыл æмæ уый фæстæ æнæмæнгæй хъуамæ суа иу Ирыстон. Уымæн æмæ стæм иу адæм. Джедуан ма зындгонд уыд, куыд адæмон тæрхонгæнæг, ныхасы лæг, афтæ дæр. Бафидауын-иу кодта стыр туджджынты дæр. Йæ ныхас лыг кодта карды комау. Куы мардис, уæд та ныууагъта ахæм фæдзæхст, зæгъгæ, кæддæр ауылты фæндаг куы ацæуа, уæд-иу мын ссæут мæ уæлмæрдмæ æмæ-иу дзыхыдзаг ныхъхъæр кæнут, мæ ныхас кæй æрцыд нæ адæмыл. Хор æккойæ нал хæссынц, хæдтулгæтыл цæуынц дыууæ Ирыстоны адæм кæрæдзимæ. Йæ фæндон ын сæххæст кодтой йæ фæдонтæ.
Ахæм дзырддзæугæ лæгыл нымад уыд Гаглойты Гозыр дæр. Уый уыдис бæрзонд лæг, фæлæ йын уыд æнахуыр фæлмæн къухтæ. Уæд-иу хъæдæрмæгæн хъæдтæ уæй кодтой, цæмæй хойраг балхæной. Машинæтæ кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ-иу сæ уагътой цæугæдоныл Згъуыбир, кæнæ Рукъæй Чъехмæ, Цхинвалмæ, Гурмæ æмæ ахæм куысты лæуд уыдис Гозыр дæр. Уый фæцард 120 азы. Комбæсты ‘хсæн фæцард кадджынæй, нымад лæгæй. Гозыры къух райсыныл-иу архайдтой кæстæртæ, афтæ сæм кастис, цыма сын тых лæвæрдта.
Куырыхон дзырддзæугæ лæгыл нымад цыдис Гаглойты Гиуæрги дæр. Уый фæкуыста хъæусоветы хицауæй, колхозы сæрдæрттæй. Амы цæрджытæн кæддæриддæр лæууыд сæ фарсмæ æмæ архайдта уыдонæн сæ царды уавæртæ хуыздæр кæныныл. Адæм хорз бахъуыды кодтой Гаглойты æфсымæртæ – Андро, Митъо æмæ Ефимы, Гаглойтæй – Григол, Хæмæт, Сарбег, Уасикъо, Тома, Местъор æмæ æндæрты. Уыдон архайдтой, цæмæй хъæубæстæ цардаиккой уарзонæй, кæрæдзийы уавæры цыдаиккой…
БЕСТАУТЫ Валя, газет «Хурзæрин»

1 комментарий

  1. Интересно отметит, что тезкой Ванел является Цхинвал. Осетины часто зовут его Чьреба, что от грузинского Креба собрание. Думаю однако Ванел имеет гораздо более древние корни, настолько древние, что возможно забыты народом. Ванел созвучно названию озера Ван в Турции, там была столица древнего Урарту. Недалко расположенна гора Джермух и в Армении есть куротная местность Джермук с минеральными источниками. Также в пределах однодневного пешего перехода было село Сомих в переводе с осетинского армяне. Ванел ещё ждет вдумчивого исследователя

Обсуждение закрыто.