Уæ къуымтæ байдзаг уæнт ФАРН, АМОНД æмæ БÆРКАДÆЙ!

Ирон дзыллæ — хъæбатыр скифтæ æмæ сахъ аланты фæдонтæ, зынаргъ æмбæстæгтæ! Фыдæлты уæздан фарн уæм бадзурæд! Цы рцыдис фыдбылыз æмæ фыдæхæй, маст æмæ зæрдæрыстæй, зиан æмæ гæныстонæй, æппæт уыдонæн кæд сраст гæнæн нал ис, уæд сæ ацæугæ 2022-æм азы кæрцы фæччитыл абæттæм, уадз æмæ сæ йемæ ахæсса ивгъуыд афоны бæстæм! О, 2022-æм аз, цæмæн нын фесгуыхтæ удтæ хæссæг азæй?! Дард бæстæйы карз хæсты цæхæркалгæ фаттæ цæмæн фесхъиудтой Ирыстоны онг æмæ цæмæн сæмбæлдысты нæ фыдты æмæ ‘фсымæрты зæрдæтыл!? Стыр Хуыцау, æнæмæнг дæ хъыджы бацыдыстæм! Ракæс нæм ныр, ныббар нын зынтæ, ма нæ бауадз бынысæфт фæуын! Рарвит Ног Азимæ фарны рухс, уарзондзинады, æфсымæрдзинады æмæ рæстдзинады æрттивгæ тых! Æрмынæг кæн фыдæх, хæстмонц æмæ маргæвдвлд зæрдæты судзгæ зынг! Уæздан æмæ цытджын адæм, æрбахæстæг ис НОГ 2023 аз йæ митын æфсургъыл, йемæ хæссы дунейы хæрзтæ, бакæнут хæдзары дыуæрттæ æмæ уæ къуымтæ байдзаг уæнт ФАРН, АМОНД æмæ БÆРКАДÆЙ!