Зынаргъ æмбæстæгтæ!
Ног 2026 азы къæсæрыл уын нæ зæрдæ зæгъы царды хæрзиуджытæ се`ппæтт дæр, рæсугъдæй æмæ амондджынæй сымбæлут уæ бæрæгбоныл! Æвзонгæй, асæй — уæ бинонты цард йемыдзаг уæд амондæй, фарнæй, уарзондзинадæй, æмбаргæдзинадæй, æнæниздзинадæй æмæ бæркадæй! Ут кæддæриддæр зæрдæрухс, зæрдæхъæлдзæг, уæнгрог, цардæфсæт æмæ æнтыстджын!
Мады Майрæмæй рæвдыд, уæ хъæбулты хурæй æфсæст! Амондагур чи у ,уый æнæуæрст амондæй хайджын уæд, кæстæрмæ чи æнхъæлмæ кæсы, уыдон та амондджын ныййарджытæ цы суой,уый сын нæ зæрдæ зæгъы! Уæ фыдбылызтæ уын зæронд аз йемæ ахæссæнт, Ног аз та уын æрхæссæнт уæ зæрдæйы рæбынæй цы рæсугъд хъуыдытæ æмæ бæллицтæ ратæдзы,уыдон сыххæст се`ппæт дæр! Уæ зæрдæйы æмæ уæ адæмы хорзæх уæд! Дуг-рæстæгæй фæдзæхст ут, хæст цы `рлæууа, зæххыл сабырад цы уа, уый амонд нын æрхæсст æрлæугæ 2026-æм аз!
Медиа-центр «Ир»
