Сæндидз ирон Фарн, слæуу бæрзонд скифы фæдон!

1989-2008. Война Грузии против Южной Осетии

08.08.08…

Саувæлыст, æнамонды нымæц… Дыууадæс азы дыууадæс бонау аивгъуыдтой… Мæнæ цыма тæккæ знон Иры кæмттæ æнкъуысыдысты хæсты æвирхъау нæрдæй… Хъустыл нырма дæр айзæлы мадæлтæ æмæ сабиты зæрдæскъуынæн фæдисы хър… Мæлты тыс туг уæнгты сæлын кодта. Æнæаххос ирон удæн йæ таг скъуыдис.

Хуссар Ирыстоны зæрдæйыл бирæ нуæстæ ис, арф нуæстæ. Сæ фæдникуы ссæудзæнис, нуасæн йæ миниуæг афтæ у. Сæ тæккæ арыдæр, æггъатырдæр æмæ риссагдæр рæхуыст байæфта æнусы размæ геноцид. Никæй ферох! Мачи зæгъæд!

Не ‘мдин сыхæгтæ æхсаргард сылвæстой, сæ удтæ марджы фыхтысты. Уаих фæуат, Чырысти уын уарзын куы ныффæдзæхста! Ауæй когдат Хуыцауы, йæ ныстыуаныл къахæй балæгæрстат.

Уæд ирон зæрдæ бирæ туг фесæфта. Тын бирæ. Хъæдгом æрæгмæ байгас. Æгъатыр сыхаджы зæрдæ хатыр курынмæ не ‘рсаст…

Æнамонды хъысмæт йæ хал Ирыл æппæрста, адаргъ сты кæрæдзи фæдыл рæхуыстытæ.

37-æм æзты сау дуг… 1989 – 1992 дудгæ бонтæ…

Ирыстон! Цы бафæрæзтай! Ды уæддæр тыхджын дæ, авд уды дын ис! О, куыд зынысфæразон уыд 2008æм азы ахъаззæджы цæф! Фехъуыста Сфæлдисæг, баурæдта знаджы къух.

Фæстаг хъæдгом бæстон нæма байгас, рæстæг хъæуы уымæн. Сæндидз ирон Фарн, слæуу бæрзонд скифы фæдон, дæ уæнгтæ айтынг кæн æмæ ныззар Къостайы зарæг!