Медиа-центр «Ир» арфæ кæны Хъазиты Мелитонæн йæ юбилеон бæрæгбоны цытæн. Нæ зæрдæ йын зæгъы стыр æнæниздзинад йæ куыст æмæ йæ царды.Абон у нæ зынаргъдæр фысджытæй сæ иуæн йæ гуырæнбон, Хъазиты Резойы фырт Мелитонæн. Æххæст ыл кæны 65 азы. Мелитон у Республикæ Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдар, филологон зонæдты кандидат, ХИПУ-ы доцент, у зонад иртасæн институты зонадон кусæг, парламенты депутат. 2008 азы æсси Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми æмæ РХИ-ы Дзыллон информацион фæрæзты комитеты сæрмагонд литературон премийы лауреат. Уыдис Республикæйы Парламенты Сæрдары хæдивæг.
Фысджыты цæдисмæ бацыд 1976 азы æмæ уæдæй ныры онг кусы нæ Республикæйæн. 1971 азы рацыд йæ фыццаг чиныг (радзырдты æмбытдгонд) «Зæлы зарæг», зæгъгæ рухс федта. Абоны онг ын рацыд бирæ чингуытæ æмæ монографитæ: «Къæбæлдзыг ныхас» (2006), «Æнусы къæсæрыл» (2007), «Поэты дуне» (2008), «Хъарæгæй заргæ» (2009), «Нафи» (2010), «Сабыр дзуринæгтæ» (2012), «Ирон хæзна» 1-аг том, æмбисæндтæ (2013), æмæ æндæр чингуытæ. Хъазиты Мелитоны уацмысты сæйрагдæр темæтæ сты Фыдыбæстæ, сæрибардзинад, уарзт æмæ ныв кæны йе`мдугонты фæлгонцтæ, сæ алы проблемæтæ æмæ алыхуызон удыхъæдтæ. У йæ адæмы сæрыл тохгæнæг, кæцы иунæг бон дæр нæ ныууагъта йæ райгуырæн зæхх тыхст рæстæджы, уыдис йæ адæмы фарсмæ. Куыд æхсæнадон архайæг, уый йæ публицистикæйы размæ хæссы йæ адæмы тыхст уавæртæ æмæ Ирыстоны проблемæтæ.