ОС-БÆГЪАТЫР ÆМÆ ХАН

Гуырдзыстонмæ æрбабырстой тæтæр æмæ лекъ æмæ йæ хъа-выдысты басæттынмæ. Тыхджын æмæ хъæбатыр Ос-бæгъатыр сæ басаста, бирæ сæ фæцагъта, афтæмæй. Уæд тæтæры хан барвыста Иры паддзахмæ: «Кæд афтæ хъæбатыр дæ, уæд лæгæй-лæгмæ рахæцæм: чи фæуæлахиз уа, уый иннæйы бæстæ йæхи бакæнæд».

Бадзырдтой доны рахæцынмæ. Ос-бæгъатыр афтæ тых­джын уыд æмæ æнцонæй скъуыдта галдзарм. Уый тыххæй йæ ныфс уыдис йæ цæнгтæй, фæлæ йæ йæ ныфс фæсайдта: тæтæры хан ыл сайдæй рацыд.

Раластой сæ дзаума, хан йæ цырыхъытæ йæ уæлæ ныууагъта. Кæрæдзимæ дыууæ уæйыгау бацыдысты. Хан цыма йæ цырыхъ ласы, уыйау цырыхъы хъусæй дамбаца фелвæста æмæ йæ Ос-бæгъатырыл фæкодта. Афтæмæй тæтæр басастой иры, сæ иу хай сын семæ акодтой, се ‘ннæ хай та хæхтыл ныппырх сты. Ос-бæгъатыры мард ирæттæ адавтой æмæ йæ баныгæдтой.

 

ОС-БÆГЪАТЫР ÆМÆ ТАМАР-НЕПЕ

Ос-бæгъатыр Иры паддзах уыди æмæ сфæнд кодта гуыр-дзыйы паддзах Тамар-непейы ракурын. Тамар-непейы дæр фæн-дыд Ос-бæгъатырæн. Ос-бæгъатыр чырыстон уыд æмæ Иры дæр чырыстон уый скодта. Тамар-непе йæхæдæг æфсадимæ дæр цыд, аргъуантæ дæр уый скодта. Нузалы дæр сарæзта иу аргъуан. Ин-нæтæ та Галуаты рагъ Мацхарайы сæр скодта, фæлæ уыцы ар-гъуанæй йæ бындуры йеттæмæ ницыуал ис. Ос-бæгъатыр Калак-мæ непемæ æрцыд æмæ бафидыдтой: чындзæхсæв ахæм скодтой æмæ æртиссæдз галтæ, æртæ фондзыссæдзы лыстæджытæ ныц-дагътой. Адæм дæр дзы бирæ уыд. Фынгтыл та хъуымац тыд уы-дис, чындзæхсæв уыд Дидубейы фæзы. Уæдæй фæстæмæ Ос-бæ­гъатыр Калачы цардис непеимæ. Ирмæ дæр-иу æрбацыд Ос-бæгъатыр уынынмæ, стæй та-иу Калакмæ аздæхт. Бирæ фæцард Калачы непеимæ. Уæд иу сæрды тынг фæрынчын Ос-бæгъатыр æмæ амард. Непе йæ аласын кодта Цхетамæ. Цхета дæр чырыс­тон бæстæ уыд, æмæ йæ Цхетайы баныгæдтой.

Скъуыддзаг ДЖИККАЙТЫ ШАМИЛЫ арыст чиныгæй «ИРОН АИВ ДЗЫРДЫ ХÆЗНАТÆ».

РАУАГЪДАД «ИРЫСТОН», ЦХИНВАЛ 1977