Ног Азы хорзæх уæд æппæты дæр! Амондджын æмæ зæрдæрухс ут!

Ног Азы хорзæх уæд æппæты дæр!

Зынаргъ ирон дзыллæ, Ног Аз нæ къæсæрмæ æрбаввахс ис! Цæй æмæ йæ размæ рахизæм цырагъдарæнимæ, ракурæм дзы Хуыцауы фарн, рæстдзинад, æгæссад, уарзондзинад æмæ бæркад! Зæронд аз æппæтдунеон дзыллæтæ асламæй нæ аивæрстысты. Стыр, æнахуыр рын бирæ удтæ аскъæфта… Хæсты азарæй дæр нын Хуыцау нæ зæгъдзæнисис: уæхæдæг кæрæдзи нæ уарзут, иу иннæйыл нæ ауæрды, рæстдзинады сæрыл нæ тох кæнут, уæд цы домут ныр мæнæй???

2020-æм аз, ахæсс демæ дæ фыдбылызтæ, дæ ристæ, дæ фыдæх, дæ бæллæхтæ, дæ æнæуынондзинад!!! Фæндараст, нал нæ хъæуыс. Бафæлладыстæм. 2021-æм АЗ, Стыр Ныфсимæ дыл æмбæлæм, саударæг зæрдæскъуыд Мады цæссыг асæрф, Ирыстоныл фарны уылæн рауадз, Рæстдзинады Хуры тæмæнтæй ныррухс кæн не ‘вхæрд удтæ! Ног Азы хорзæх уæд æппæты дæр! Амондджын æмæ зæрдæрухс ут!