Медиа-центр «Ир»-ы форматы архайын райдыдта историон æхсæнад

Нæ республикæйы медиа-центр «Ир» арæзт æрцыд 2010 азы марты мæйы. Уыцы рæстæджы ацы ног проекты сæйраг нысан уыд Хуссар Ирыстоны мидæггагон процесстæ, республикæйы культурæ, Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны информацион ресурсты бастдзинад сфидар кæнын æмæ республикæйæн позитивон æмæ объективон фæлгонц саразыны иумиаг фадæттæм стыр хъусдард аздахын. Медиа-центрæн уæдæй абоны онг арæхстджын разамынд кæны Гаглойты Иринæ. Уый республикæйы райрæзтмæ, йæ цардарæзтмæ бирæ хайбавæрд бахаста. Гуырдзыстоны ‘рдыгæй Хуссар Ирыстонмæ ахасты цы дæргъвæтин хæстон архайдтытæ уагъд цыд, уыцы рæстæджыты рæстдзинад хаста дунемæ, уæлдайдæр, информаци æмæ мыхуыры фадыгæн куы разамынад кодта, уæд.

Медиа-центр йæ сырæзтæй фæстæмæ йæ фæзуатмæ æрбахоны политикты, æхсæнадон архайджыты, экспертты, фæсивæды минæвæртты, уынаффæ кæнынц æмæ æхсæнады хъусдард аздахынц бæстæйæн нысаниуæгджын æмæ цымыдисон цаутæм.

Медиа-центры президент Гаглойты Иринæйы ныхæстæм гæсгæ ивгъуыд азы кæрон ист æрцыд уынаффæ йæ формат фендæргъуызон кæныны нысанæн.

«„Историон клуб“, „Æмæхсæнад“, „Цæдис“ — нырма йæ ном бынтон бæлвырд нæу. Сæйраг акцент æвæрд цæуы нæ республикæйы ахсджиаг историон цаутæм хъусдард аздахын, æмбырд кæнын æмæ сын анализ кæныныл. Стыр историон спектры проблемæтæ æмæ фарстатæм æркæсын фадат нын нæй, фæлæ нæ бæстæйы ног историйы цы цаутæ цыд — 80-æм азты кæронæй абоны онг, уыдоныл лæмбынæг уынаффæ цæудзæн. Приоритетон уыдзысты бæрæг здæхтытæ — сæйраджы, хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг ахастытæ. Уым бирæ цымыдисон факттæ ис, уымæн æмæ рацыдысты цалдæр этапыл. Уæрæсе нæ иунæг цæдисон партнер кæй у, уымæ гæсгæ абон уыцы ахастытæ рæзынц, рахызтысты ног этапмæ æмæ сты активон», — дзырдта центры разамонæг.

Иу ныхасæй, нæ историон клуб, цæдисы тематикон здæхтытæй иу уыдзæн альгоритм аразын ацы ахастытæн. Ацы ахастытыл куыст раздæр дæр уагъд цыд, ныр та конкретон æгъдауæй. Медиа-центр йæ сырæзтæй дæр фыццаджыдæр ацы куыстмæ æрæвнæлта, анализ сын арæзта. Уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг ахастыты фæдыл центр рауагъта журналы цалдæр номыры дæр.

Уыцы традици дарддæр дæр уагъд цæудзæн — афæдз иу хатт августы мæйы уыцы ахастыты фæдыл уагъд æрцæуы журналы иу номыр. Уыцы рауагъдад рухс фенынæн сын стыр æххуыс бакæны Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады уæвæг æфсæддон базæйы пресс-службæ. Уый тыххæй сæ стыр бузныг сты.

Ног форматы фыццаг рабадт уыд цымыдисон

Медиа-центры ног форматы фыццаг рабадты уынаффæ цыд 90-æм азты Ирыстоны хуссар æмæ цæгаты ахастытыл. Тынг цымыдисон докладтæ бацæттæ æрцыд дыууæ Ирыстоны ахастыты фæдыл. 1993 азы цы документ ист æрцыд, уым лæмбынæг фыст æрцыдысты интеграцион процесстæ, куысты режим æмæ афтæ дарддæр. Уыцы кон-цепцийыл бакуыстой Хуссар Ирыстонæй æмæ Цæгатæй та — зындгонд политик, дыккаг æмбал кæмæн нæй, уыцы Тæболты Сергей. Уый йæхиуыл дæр нæ ауæрста æмæ реалон æгъдауæй архайдта йæ хуссарирыстойнаг коллегæтимæ ацы хæрзиуæгон хъуыддагыл.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинады банымадæн стыр нысаниуæг ис. Ирыстоны хуссар æмæ цæгат хай æнусты дæргъы дихтæ кæй сты, уый национ тыгъдады моралон-психологон æгъдауæй проблемæйы кæны бæрзонд æмвæзадмæ.

Гаглойты Иринæйы ныхæстæм гæсгæ Историон клуб æрмæст афтæ нæ архайдзæн æмæ æрæмбырд уæм æмæ уынаффæ кæнæм. Уыцы докладтæ хъуамæ уагъд æрцæуой мыхуырæй, цæмæй кæй бацымыдис кæной, уый сæ фæрсгæ дæр бакæна, сæ зæрдыл æрлæууой бæрæг цаутæ.

«Нæ радон фембæлды дзырд цæудзæн, Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады фæдыл Акт куы райстам, ууыл. Уыцы ахсджиаг документæн нæ ног историйы сæрмагонд бынат ис, ууыл бирæ дзурын хъæуы, уæлдайдæр та йæм историон цæстæнгасæй ноджы хъæуы æркæсын. Уыцы цауы æвдисæнты æрбахондзыстæм тымбыл фынгмæ.

Нæ нысан у, нæ ног историйы ахсджиаг цаутыл нæ цæст рахæссæм, æрæмысæм, куыд æмæ цы уавæрты ист цыдысты, уæд не ‘хсæнады, нæ къухдариуæгады цы стыр тыхтæ размæ кодтой, уыцы нысаниуæгджын цаутыл æрдзурæм. Æппæт дæр арæзт æмæ размæ цыд конструктивон здæхты, формалон æмæ радгæсы хуызы нæ, ист цыд, документтæ кæд се ‘ппæт дæр нæ архайдтой, уæддæр. Æхсæнад куыдфæндыйы цæстæй нæ каст уæды цаутæм, фæлæ дзы истой активон хайад, уымæн æмæ 90-æм азты цы документтæ ист цыд, уыдон уыдысты историон хъысмæт скъуыддзаггæнæн.

2000 азты фæстæ уыцы ахастытæн райдыдта ног этап, уагъд цыдысты хицауады иумиаг æмбырдтæ. Æмæ сæ хъуамæ равдисæм, адæмы рæгъмæ сæ хæссæм», — дзырдта уый.

Гаглойты Иринæйы хъуыдымæ гæсгæ раст нæ уыд, 5 марты Цæгат Ирыстоны банымайыны цауыл æппындæр кæй ницы фыст уыд нæ информацион тыгъдады, уый, кæй йæ ничи æрхъуыды кодта — алы историон цау дæр хъуамæ зæрдыл лæууа.

Историон æмæхсæнад ныр хъуамæ сног кæна, нæ национ хъысмæт æмæ нын йæ цауты рæзты алгоритм чи сбæлвырд кодта, уыцы мысынад. Банысан кодта, кæй архайдзысты, цæмæй фæсивæды дæр ацы хъуыддагмæ раздахой, цымыдисдзинад сæм æвзæрын кæной. Иу ныхасæй, нырма рæзыныл у сæ архайд, фæлæ цымыдисон хъуамæ уа.

Дискусситæ дæр уагъд цæудзысты зонадон æмæ экспертон æмæхсæнады минæвæртты хайадистæй, кæд ныртæккæ чысыл вазыгджын у дискусси организаци кæнын, уæддæр.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ