МАКЪЕДОН АЛЕКСАНДР

Макъедон Александр ахæм паддзах уыд, æмæ-иу лæгæн йæ сæры урсытæ куы фæзынд, уæд-иу æй марын кодта.

Иу лæппуйæн йæ фыды зачъеты урсытæ фæзынд. Уæд уый  йæ фыды фервæзын кæнын сфæнд кодта. Уый тыххæй марды чы-рын скодта æмæ йæ змисæй байдзаг кодта, йæ сæр ын æрæхгæдта æмæ загъта Макъедон Александрæн:

–   Мæ фыды сæры урсытæ фæзынд, æмæ йæ де ‘гъдаумæ гæсгæ амардтон æмæ йæ бавæрдтон.

Уæд ын Макъедон  Александр   раарфæ   кодта  æмæ  йын  загъта:

– Бузныг дæ дæн, мæ зæгъын дын кæй нæ бахъуыд æмæ дæ паддзахы бæсты æгъдау кæй сæххæст кодтай, уымæй.

Йæхæдæг та уьщы лæппу йæ фыды маргæ нæ акодта, фæлæ йын скодта зæххы бын цæрæн. Афтæмæй йæ фыд уым цард: йæ-хæринаг дæр – уым, æмæ йæ æндæр дæр – уым.

Уæд иу бон куы уыди, уæд Макъедон Александр фæхъæр кодта йæ адæмыл: «Хорз кард æмæ хорз топп мачи равзарæд, хорз бæх та фæстейæ мачи ныууадзæд!»

Куыннæ сæххæст кодтаиккой стыр паддзахы дзырд! Лæппу йæ фыдмæ ныццыд æмæ йын загъта:

– Нæ паддзах йæ адæммæ расидт æмæ загъта: «Хорз кард, хорз топп мачи равзарæд, хорз бæх та фæстейæ мачи ныууа­дзæд, афтæмæй æрæмбырд ут», фæлæ цы кæнынмæ хъавы, уый ничи зоны.

– Хорз, – зæгъгæ, загъта зæронд лæг. – Ды мын цы хæрзтæ бакодтай, ды мыл цы хъиамæт фæкодтай, уыдон дын ныр æз иунæг  сахатмæ баххæст  кæндзынæн. Нæ паддзах зæххыл æнæсаст бæстæ нал ныууагъта æмæ, кæд ныр искуыдæм æфсадæй цæуынмæ хъавы, уæд цæуы удæгасæй дзæнæт басæттынмæ æмæ, хуыцауæн æнæуарзон хъуыддæгтæ кæй кæны, уый тыххæй фыдвæндаг кæндзæн, æмæ дын фæнд кæнын. Уый, хорз кард, хорз топп мачи равзарæд æмæ хорз бæх мачи ныууадзæд, зæгъы, фæлæ дын æз та зæгъын: хорз кард ма ахæсс, хорз топп дæр ма ахæсс æмæ бæхæй дæр ногзад ефсыл фæцу, йæ байраг та йын ам ныууадз. Бирæ фæцæудзынæ зæххы бын талынг фæндагыл æмæ бахæццæ уыдзынæ дзæнæтмæ. Дзæнæты Макъедон Александрæн бынат нæ уыдзæн удæгасæй æмæ йын фæстæмæ    раздæхын та тынг фæзын уыдзæн. Æмæ уæд ды бæхæн йæ къæдзилыл бæндæн сбæтт. Бæндæн хæсс демæ. Уый фæстæ бæхæн йæ бар йæхи ауадз. Ефс йæ  байрагмæ цæудзæн æмæ дæ афтæмæй  ардæм хæццæ кæндзæни.

Зæронд лæг йæ фырт Сафайыл бафæдзæхста æмæ йæ рафæндараст кодта.

Рарасти Макъедон Александр йе ‘фсæдтæм. Зæххы бынмæ бацыдысты æмæ афтæмæй цæуынтæ байдыдтой. Хуыцау зоны, цæй бæрц фæцыдаиккой, фæлæ дын разæй чи цыд, уый ауыдта: иу рухсы цъыртт кæцæйдæр ферттывта. Раззæгтæ сæ бæхты уыцы рухсмæ ньццæфтæ кодтой, фæлæ рухс цыдæр æрбаци.

Хъахъхъæнынц, кæд ма уыцы рухс искуыцæй фæзынид. Иу чысыл рацыди, афтæ та уыцы рухс ферттывта. Уыцы рухс-иу ферттывта, дзæнæты дуар-иу куы фегом, уæд. Раззæгтæ сæ бæхты ныццæфтæ кодтой, æмæ дзы иу фæфалæрдыгæй.

Дзæнæты хæдгомгæнæг дуæрттæ уый куы базыдтой, дзæ-нæтмæ цæрдуд адæм æрбацæуы, уæд фæстæмæ ныггуыпп кодтой, æмæ афтæмæй дыккаг лæджы фæдыууæдихы кодтой. Ныр дыгур афтæ зæгъынц, цыма дзæнæты удæгас лæг æмæ æрдæг ис.

Макъедон Александр, цы ‘рцыд, уый куы базыдта, уæд фæ-хъæр кодта йе ‘фсадыл: «Цæугæ ут. Ныр, лæг чи у, уый фæстæ­мæ цæуæт!» Фæлæ зæххы бын талынг куыд нæ уыд, æмæ ницы уыдтой. Цы ран лæууыдысты, уым сæ бæхты иннæрдæм разылд-той æмæ цæуынтæ байдыдтой.

Цыдысты, цыдысты, æмæ хуыцау зоны, цæй бæрц фæцыдыс-ты. Уæд та цырагъ ныррухс кодта. Кæсынц æмæ дис кæнынц – сæ фыццаг бынаты та лæууынц. Зæххы бын бирæ фæндæгтæ уыд, æмæ фæдзæгъæл сты, æмæ сæ афтæмæй хуыцау сæ фыц­цаг бынатмæ æрхаста.

Баулæфыдысты æмæ та сбадтысты сæ бæхтыл æмæ та цæ­уынтæ байдыдтой. Цæй бæрц фæцыдаиккой, хуыцау сæ зонæг, фæлæ та æрхызтысты сæ бæхтæй. Цырагъ та ферттывта, кæ­сынц – æмæ та сæ фыццаг бынаты фестадысты. Афтæмæй фæхъизæмар кодтой.

Уæд зæронд лæджы фырт, ефсыл чи бадт, уыцы лæппу загъта:

–   Цæй, мæ коммæ дæр бакæсут, æмæ нæ зæххыл сæмбæлдзыстæм. Мæнæ мæ бæхæн йæ къæдзилыл бæндæн бабæтдзынæн æмæ, бæндæныл хæцгæйæ, мæ бæх чердæм цæуа, уырдæм мах дæр цæудзыстæм. Мæ бæх ногзад у, æмæ цæудзæн йæ байрагмæ, йæ байраг та йын нæхимæ ныууагътон. Гъе, афтæмæй мах уæлдзæх фæуыдзыстæм.

Макъедон Александр лæппуйы коммæ бакаст, æмæ афтæ­мæй рацыдысты дæлдзæхæй. Уый фæстæ Макъедон Александр æрæмбырд кодта адæмы æмæ сын сæ разы лæппуйæн стыр арфæтæ фæкодта.

Уæд ын лæппу загъта:

–  Æз мæхи зондæй нæ бакодтон уыцы хъуыды, мæ фыд мын æй бацамыдта. Мæ фыды æз нæ амардтон, зæххы бын ын хæдзар скодтон, æмæ ныр дæр уым цæры. Бирæ йæ уарзтон æмæ дæу дæр уымæн асайдтон. Ныр мын цы кæныс, уый мын бакæн!

Уæд ын Макъедон Александр йæ фыды ракæнын кодта æмæ адæмы раз загъта: «Ды махæй зæндджындæр дæ, æмæ ды хъуамæ уай паддзах!» Афтæмæй зæронд лæг паддзах сси.

Зæронд лæг, ног паддзах, фыццаг хорз архайдта, фæлæ уый  дæр фæстагмæ хъал кæнын байдыдта æмæ айдагъ йæхи царды бацыд, адæмы хъуыды дæр нал кодта. Цытæ сын нæ кæнын код­та! Иухатт та йæхицæн дурæй æрчъи рæхсæнтæ кæнын кодта. Агуырдтой адæм, фæлæ кæм?! Нæ ардтой. Паддзах мæсты кæнын байдыдта. Фæстагмæ æрæги-дуругитæ ссардтой быдыры иу фиййауы. Радзырдтой йын сæ хабар. Фиййау сразы ис. Уæд æм паддзах рацыд быдырмæ æмæ йын загъта:

–   Скæндзынæ ды дурын рæхсæнтæ?

–  Цæмæннæ скæндзынæн, куы мын бацамонай, цы дур æмæ куыд кæнон, уый, уæд.

Паддзах йæхимæ æркасти æмæ ахъуыды кодта йæхинымæр «Цæй æнæзонд дæн, цытæ кæнын, уый мæхæдæг дæр нал зонын. Ацы фиййау – мæнæй зæндджындæр, мæнæн ме ‘нæзонддзинад чи базонын кодта». Стæй загъта фиййауæн:

–   Мæ разæй ды дæ паддзахиуæг кæныны аккаг, уымæн æмæ ды мæнæй зæндджындæр дæ. Амæй фæстæмæ ды у паддзах!

Афтæмæй уыцы фиййау спаддзах и.

Уыдонæй цы нæ федтай, æндæр рын дæ ма уæд.

Скъуыддзаг ДЖИККАЙТЫ ШАМИЛЫ арыст чиныгæй «ИРОН АИВ ДЗЫРДЫ ХÆЗНАТÆ».

РАУАГЪДАД «ИРЫСТОН», ЦХИНВАЛ 1977