Джуссойты Нафи — 89

 Бӕрзонд арвӕй, сылӕг мигътӕй дыл хас
Ызгъӕлы цадӕг, урс зӕдты цӕссыгау…
Дӕуӕн кувын, нӕ Ир, ӕмӕ Кавказ
Лӕууы мӕ разы, наздзырагъ-мӕсыгау

Ирыстоны номдзыд академик, филологон зонӕдты доктор, профессор, Ирыстонӕн ӕнӕкӕроны лӕггӕдтӕ чи кӕны, уыцы куырдиатджын адӕймаг Джусойты Нафийыл абон сӕххӕст 89 азы. Уый цытӕн Зонад иртасан институты уагъд ӕрцыд зонадон практикон конференци. Нафийӕн йӕ райгуырӕн боны цытӕн зӕрдӕбын арфӕтӕ загътой республикӕйы сӕргълӕуджытӕ, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты кусджытӕ, хсӕнад ӕмӕ интелигенцийы минӕвартӕ, афтӕ ма Цӕгат Ирыстонӕй делегаци даер. Конференцимӕ фӕуазӕг Республикӕйы президент Тыбылты Леонид. Уый арфӕ ракодта Джусойты Нафийӕн ӕмӕ йын зӕрдылдарынӕн балӕвар кодта РХИ-йы банджы рауадзгӕ сызгъӕрин хца. Конференцимӕ ӕрбацыдысты Республикӕ Хуссар Ирыстоны фысджытӕ ӕмӕ зонадон кусджытӕ. Уыдон лӕмбынӕг ӕрдзырдтой Нафийы цард ӕмӕ сфӕлдыстады фӕндагыл. Уыдон захтой Нафи Ирыстоны зонад ӕмӕ ахуырадмӕ цы стыр хайбавӕрд бахаста уый тыххӕй, ацы бон Нафи райста бирӕ арфӕтӕ, уыдоны дзырдӕуыд бирӕ цӕрӕнбон ӕмӕ ноджыдӕр фылдӕр ӕнтыстытӕ цы куыст кӕны уый. Мах зӕрдӕ дӕр ын зӕгъы ӕнӕздзинад, цы арфӕйы хъуыдтӕгтӕ аразы уым ын ноджыдӕр фылдӕр цы бантыса ӕмӕ кӕддӕриддӕр Ирыстоны сӕраппонд хӕрзиуӕгон хъуыдтӕгтӕ цы кӕна.

DSCF4888

Джуссойты Нафи – 89

DSCF4878

Хуссар Ирыстоны президент – Тыбылты Леонид

DSCF4822

Гаглойты Роберт, Тыбылты Леонид, Джуссойты Нафи аемае Ходты Камал