Джеоргуыбайы бæрæгбон куыд фæзынд

Ацы таурæгъ мын дзырдта мæ дада, Дзантиаты Леуан.

Раджы кæддæр цардысты ирон лæг Джеор æмæ йæ ус – Гуыба. Иу хатт куы уыд, уæд сæм æрбахоста фæндаггон лæг. Уый та уыди Уастырджи. Уыдон æй мидæмæ рбахуыдтой, суазæг æй кодтой.

Уазæг сын загъта:

«Æз суанг Тæтæры бæстæйæ рараст дæн æмæ мæ сымахæй уæлдаæ ничи суазæг кодта». Джеор Гуыбайæн сусæгæй афтæ бакодта:

«Ай цыдæр дзæбæх лæг у æмæ йын далыс аргæвдæм»

Ус нæ разы кодта уыцы дыууæ фысæй уæлдай нæм куы ницы ис, зæгъгæ.

Лæг ын загъта:

«Цу ды, уæртæ дæ кæрдзынты кой кæн»

Йæхæдæг кусарт акодта.

Фынг сцæттæ ис æмæ зæронд лæг сыкъа райста кувынмæ. Уæд ын уазæг лæг афтæ зæгъы:

«Чи зоны, мæ куывд Хуыцау хуыздæр айса, æмæ мын кувыны бар ратт»

Зæронд лæг уæлдай ницуал загъта, физонæг æмæ йæм сыкъа радта.

Уастырджи скуывта:

«Уæдæ Хуыцау, уыцы хорзæх ратт, цæмæй ацы хорз адæмæн сæ иу сæдæ кæна, сæ дыууæ – мин. Абонæй фæстæмæ Иры адæмæн та бæрæгбон куыд уа—Уастырджийы æхсæв, дыццæг æхсæв – Джеор æмæ Гуыбайы номыл».

Радзырдта йæ Дзантиаты Митя. Ныффыста йæ Туаты Алинæ.