В медиа-центре «Ир» проходит круглый стол с участием политических партий и общественных деятелей. В центре внимания собравшихся — общественно-политический кризис, который, как отметили первые же выступающие, уже перерос в системный кризис.
Автор: Zarinæ San
Ирон тырыса – нæ цыт æмæ нæ намыс!
Дзуринæгтæ. Студентки ЮОГУ Элина Габараева и Анна Медоева о геноциде 1920 года. Медиа-центр «Ир»
Заявление Народной партии Республики Южная Осетия
С 2014 года нам рассказывают о шагах, предпринимаемых для интеграции Южной Осетии с Россией. С тех пор на спекуляциях этой темой в каждый выборный период разные политические силы успешно решают свои индивидуальные и корпоративные задачи. Но дальше этих пиар-акций дело не продвигается.
Читать далееМы выжили. Мы верили…
Война. 1989-2008. 08-08-08. Цифры, за которыми целая жизнь. Военная, больная, суровая, жесткая, бескомпромиссная. Гуманизм, демократия, человеколюбие в одночасье стали просто филологическими единицами, прикрытием мракобесия и цинизма Грузии и большой компании поддержки, превративших талмуды международного права в пустые бумажки. Сегодня, конечно, понятно, что миром правят сильные. И они ненасытны. Как выжить в этом зле, одному Богу известно. Мы выжили. Мы верили. Мы любили наш родной клочок Богом дарованной земли. Мы все понимали. В тяжелые времена прагматичность порой спасает. Но не только. Родину надо защищать от врага дорогой ценой. Это жизни лучших из лучших.
Читать далееСæндидз ирон Фарн, слæуу бæрзонд скифы фæдон!
08.08.08…
Саувæлыст, æнамонды нымæц… Дыууадæс азы дыууадæс бонау аивгъуыдтой… Мæнæ цыма тæккæ знон Иры кæмттæ æнкъуысыдысты хæсты æвирхъау нæрдæй… Хъустыл нырма дæр айзæлы мадæлтæ æмæ сабиты зæрдæскъуынæн фæдисы хър… Мæлты тыс туг уæнгты сæлын кодта. Æнæаххос ирон удæн йæ таг скъуыдис.
Хуссар Ирыстоны зæрдæйыл бирæ нуæстæ ис, арф нуæстæ. Сæ фæдникуы ссæудзæнис, нуасæн йæ миниуæг афтæ у. Сæ тæккæ арыдæр, æггъатырдæр æмæ риссагдæр рæхуыст байæфта æнусы размæ геноцид. Никæй ферох! Мачи зæгъæд!
Не ‘мдин сыхæгтæ æхсаргард сылвæстой, сæ удтæ марджы фыхтысты. Уаих фæуат, Чырысти уын уарзын куы ныффæдзæхста! Ауæй когдат Хуыцауы, йæ ныстыуаныл къахæй балæгæрстат.
Уæд ирон зæрдæ бирæ туг фесæфта. Тын бирæ. Хъæдгом æрæгмæ байгас. Æгъатыр сыхаджы зæрдæ хатыр курынмæ не ‘рсаст…
Æнамонды хъысмæт йæ хал Ирыл æппæрста, адаргъ сты кæрæдзи фæдыл рæхуыстытæ.
37-æм æзты сау дуг… 1989 – 1992 дудгæ бонтæ…
Ирыстон! Цы бафæрæзтай! Ды уæддæр тыхджын дæ, авд уды дын ис! О, куыд зынысфæразон уыд 2008æм азы ахъаззæджы цæф! Фехъуыста Сфæлдисæг, баурæдта знаджы къух.
Фæстаг хъæдгом бæстон нæма байгас, рæстæг хъæуы уымæн. Сæндидз ирон Фарн, слæуу бæрзонд скифы фæдон, дæ уæнгтæ айтынг кæн æмæ ныззар Къостайы зарæг!
08.08.08. Нельзя забыть. Невозможно не помнить.
Парад Победы в Цхинвале
Нæй ферох кæнæн…
XX-æм æнусы 1918-1920 азты Гуырдзыстоны хицауад ирон адæмы ныхмæ кæй сарæзта, уыцы геноцидыл æххæст кæны 100 азы.
Цас æбуалгъ фыдæбæттæ бавзарын кодтой, цас зиæнттæ æрхастой ирон адæмæн нæ цы-фыдтæр знæгтæ!
Амондджын царды сæраппонд Ирыстоны хъæбултæ тох кодтой знæгты ныхмæ. Фæлæ Гуырдзыйы меньшевиктæ æнæауæрдонæй цагътой æнæаххос адæмы, сылгоймæгты, сывæллæтты, фехстой 13 цæхæрцæст коммунары. Æппæт уыдон сты Гуырдзыстоны æрдыгæй ирон адæмы геноцид æвдисæг цаутæ.
Уыцы трагикон цаутыл æххæст кæны кæд сæдæ азы, уæддæр сын рох гæнæн нæй! Уæззау уаргъау æвæрд уыдзысты ирон адæмы зæрдæты!
Хъуылаты Созырыхъо. «ӔРТЫНДӔСӔЙ ИУМӔ»
(1920 азы хабӕрттӕ)
Дысоны къӕвда Чъребайы уынгтӕ ныхсадта. Баззадысты йын ӕнӕхсад ӕрмӕст туджы лӕсӕнтӕ, зноны хъазуат хӕсты туджы лӕсӕнтӕ. Уыдон афтӕ ӕнцон ӕрыхсӕн нӕ уыдысты.
Читать далееДень независимости — главный праздник Государства Алания
29 мая — это одна из самых знаменательных дать в новейшей истории нашей страны. Именно в этот день, в 1992 году, первый Парламент Республики Южная Осетия принял Акт о независимости Республики Южная Осетия. Именно с 29 мая 1992 года начинается отсчет истории Государства Алания — Республики Южная Осетия как независимого государства.
Читать далееРеспубликæ Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинад расидыны акт
Республикæ Хуссар Ирыстоны сæрмæ мæлæтхæссæг тасдзинад кæй сæвзæрд, йæ адæмы æмæ йын йæ культурæ скуынæг кæныны онг чи æркодта, уыцы фыдракæндты, ирæтты геноцид æмæ 1989-1992 азты ССР Цæдисы ныппырхы рæстæджы Республикæ Гуырдзыстон æгъатырдзинад æмæ гадзрахатдзинад кæй æххæст кæны,
— нацийы хæдуагæвæрды бартыл бындуриуæггæнгæйæ, кæцы хынцыд цæуы ИНО-йы Статус æмæ æндæр дунеон-барадон документтæй,
— 1990 азы 9-æм декабры Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советы æвзæрстыты хатдзæгтæ хынцгæйæ æмæ адæмы фæдондзинадмæ гæсгæ, кæцы æвдыст æрцыд 1992 азы 19-æм январы референдумы,
— Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон суверенитеты тыххæй Деклараци æххæст кæнгæйæ, Уæлдæр Совет цытджын æгъдауæй сиды ХУССАР ИРЫСТОНЫ ХÆДБАРДЗИНАД æмæ хæдбар паддзахад Хуссар Ирыстон саразын.
Республикæ Хуссар Ирыстоны территори у æнæдихгæнгæ, æмæ нырæй фæстæмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл тых ис æрмæстдæр Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституци æмæ закъæттæн.
Ацы акт йæ архайды цæуы йæ райсыны рæстæгæй.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр совет
г. Цхинвал, 1992 азы 29 май