Республикæ Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинад расидыны акт

Осетинский флаг

Республикæ Хуссар Ирыстоны сæрмæ мæлæтхæссæг тасдзинад кæй сæвзæрд, йæ адæмы æмæ йын йæ культурæ скуынæг кæныны онг чи æркодта, уыцы фыдракæндты, ирæтты геноцид æмæ 1989-1992 азты ССР Цæдисы ныппырхы рæстæджы Республикæ Гуырдзыстон æгъатырдзинад æмæ гадзрахатдзинад кæй æххæст кæны,


— нацийы хæдуагæвæрды бартыл бындуриуæггæнгæйæ, кæцы хынцыд цæуы ИНО-йы Статус æмæ æндæр дунеон-барадон документтæй,

— 1990 азы 9-æм декабры Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советы æвзæрстыты хатдзæгтæ хынцгæйæ æмæ адæмы фæдондзинадмæ гæсгæ, кæцы æвдыст æрцыд 1992 азы 19-æм январы референдумы,


— Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон суверенитеты тыххæй Деклараци æххæст кæнгæйæ, Уæлдæр Совет цытджын æгъдауæй сиды ХУССАР ИРЫСТОНЫ ХÆДБАРДЗИНАД æмæ хæдбар паддзахад Хуссар Ирыстон саразын.

Республикæ Хуссар Ирыстоны территори у æнæдихгæнгæ, æмæ нырæй фæстæмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл тых ис æрмæстдæр Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституци æмæ закъæттæн.
Ацы акт йæ архайды цæуы йæ райсыны рæстæгæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр совет
г. Цхинвал, 1992 азы 29 май