Раджы кæддæр Тырсыгомы царди абырæг Лоло, хуыцауæй æлгъыст лæг. Иухатт йæхи хуызæн дыууæ фыдгæнæджимæ Лоло бабадт Мнайы-хохы цъитийы бын, кæд исты амæлттыл фæхæст уаиккам, зæгъгæ.
Ком уыдис сабыр. Мигътæ лæсыдысты хæхты ‘рдæм. Мна-хохы цъуппыл та урс мигъ къуыбылæйттæ кодта. Уыцы рæстæджы тæссаг къахвæдыл йæ фыды фос дондарынмæ фæцæй-скъæрдта æвзонг рæсугъд чызг Хорæ. Читать далее