Арфæ дын кæнæм, Алан!

Зынаргъ Алан Резойы Фырт!

Зæрдиаг арфæ дын кæнæм дæ Райгуырæн боны цытæн.

Ды цы лæггад бакодтай дæ раттæг адæмæн, уымæн нырма кæронмæ аргъ нæма æрцыди. Дæ уды хъаруйы фæрцы ирон адæм базыдтой чи сты æмæ кæцæй сты. Ды уыдтæ сæрибарыл нæ тохы разæнгардгæнæг. Уыцы азты сног кодтам мах не ’ртæгъуыз тырысайæн йæ тых, базыдтам не «’фхæрд, нæ марæг».

Нæдæр истори, нæдæр де ’мирон адæмæй рох никуы уыдзæн дæ куырыхон зондамынд æмæ удуæлдайæ тох нæ Райгуырæн бæстæйæн ды цы бирæ хæрзты бацыдтæ, уый. Дæ царды рæстæй цы æфхæрд баййæфтай, уый дæр, хъысмæты: фæндæй, раст тæрхонмæ хаст æрцæудзæн…

Мах та фæнды дæуæн фидар æнæниздзинад, ног тыхтæ æмæ уды уæлахиз!

Макуы асæттæд дæ ныфс, æмæ макуы ахуыссæд дæ уды фарн!

Ирыстоны адæмы хорзæх дæ ис, æмæ дын Хуыцау дæр стыр ахъаз бакæнæд!