Æрæввахс кæны Ног аз

Зарина Кабисова

Æрæввахс кæны Ног аз. Адæймаг æнкъаргæ дæр нæ бакодта, куыд æвиппайды агæпп кодта 2012 аз. Бонтæ кæд цæрдæг алыгъдысты, уæддæр, иумиййагæй нæ сæрмагонд, æхсæнадон царды æрцыд бирæ алыхуызон ивындзинæдтæ, ног фæзындтæ, бахъуыдыкæнинаг цаутæ, ахсджиаг хабæрттæ, цымыдисон мысинæгтæ.

2012 азы алкæцы бон дæр нæ царды ныууагъта цавæрдæр фæд.

Алы адæймагæн дæр бантыст хъуыддæгтæ саразын æмæ дарддæры фæндтæ нывæндын.

Уæдæ æмткæй сисгæйæ, нæ алыварс æрцыд дзæвгар цымыдисаг хабæрттæ, кæцытæй алкæмæндæр ис йæхи нысаниуæг.

2012 азы нæ чысыл æхсæнады дæр æрцыд бирæ алыхуызон ахсджиаг ивындзинæдтæ. Уыдоны æхсæн уыд ахæмтæ, зæрдæйæн æхцондзинад чи æрхаста, афтæ ма зæрдæ цæуыл фæрыст, ахæм уæззау мысинæгтæ. Афтæ у царды уæз, хъыг æмæ цин иумæ æмдзу кæнынц. Сæйраг уый у, цæмæй алы гоймаг дæр бæстон æмбара æмæ аргъ кæна, йе хсæнады цы ивындзинæдтæ æрцæуы, уыдоны æцæг нысаниуæг. Алы гоймаг дæр, хæсджын у, йæ райгуырæн бæстæйы хъысмæтæй цæрын, йæ цинæй цин кæнын, йæ рисæй риссын. Афтæ куы уа, уæд адæм уыдзысты æнгом æмæ уарзон, æппæт хъуыддæгтæ та сын уыдзысты иумиййаг.

Уæдæ, цы ног 2013 азы æрцæуы, уымæй Ирыстоны алы æмбæстаг дæр фæдзæхст уæт! 2013 аз нæ уарзон Ирыстонæн сабырдзинад, æнгомдзинад æмæ æмбарындзинад хæссæг уæт!

Ирыстон йæ дæргъвæтин историйы цы уæззау æмæ не сфæразгæ хъуыддæгтæ бавзæрста, ахæм сау цаутæй хыст уæт кæддæриддæр.

2012 азы йын цы саразын нæ бантыст, уыдон уæлдайджынтæй 2013 азы цы сæххæст уой, ахæм арфæ уæт Ирыстон æмæ йæ адæмы!

Ног 2013 азы, Ирыстоны алы æмбæстаджы зæрдæ дæр барухс уæт нæ чысыл Ирыстоны цардæй.

Ирыстоны хъысмæтыл чи тыхсы, Ирыстонæн чи лæггад кæны, уыцы адæмæн та ноджыдæр фылдæр æнтыстытæ уæт Ирыстоны сæраппонд.

2013 аз, Ирыстоны къуымæн фарн æмæ амонд хæссæг фæуæт!

Къæбысты Заринæ, Медиа Центр «Ир»-ы кусæг