Зылды мæсыг

dsc_6205

Ирыстоны зæххыл ис бирæ цымыдисон цыртдзæвæнтæ, уæлдай дæр та Ирыстоны хохбæсты. Ахæм цымыдисаг цыртдзæвтнтæй сæ иу у Урстуалгомы Ходзы хъæумæ хæстæг Зылды мæсыг (Зылд, Гæлыуаты мæсыг, Уæйгуыты галуан). Раст зæгъгæйæ, йæ арæзтадмæ гæсгæ мæсыгмæ ницы бар дары, фæлæ адæмы æхсæн йæ ном ныффидар куыд «мæсыг», «зылд» та уыман æмæ тымбылгонд арæзтад кæй у, растдæр зæгъгæйæ та, дæргъæццон тымбыл (зылд). «Зылды мæсыг» ахæм номимæ бацыд, æгæрæстæмæй, зонадон литературæмæ дæр, уый та уымæн, æмæ йæм хæстæгдæр цы хъæутæ уыд, уыдоны цæрджытæ дæр æй хуыдтой «Зылды мæсыг».
Зылды мæсыгы бæстыхайы арæзтад, лæууы Урстуалгомы — Гæлыуатæ æмæ Ходзы хъæуы æхсæн цы уæлхох дурджын быдыр ис — Хуыртæ, уый астæу, Гæлыуаты хъæумæ хæстæгдæр, тæккæ айнæг былы сæрмæ. Читать далее