Саккаты уæйгуыты фынæй

Саккатæй, хохы бæсты цæргæйæ, иу адæймаг хатти фиййау. Дарæны уыдысты йæ фос. Иу ахæмы сæ аскъæрдта хизынмæ. Хизынц йæ фос, уæдæ цы кодтаиккой! Уалынмæ хъусы, æмæ йæм хуссары фиййау ныууасыди:

— Саккаты фиййау, цырд лæу, дыууæ тыхгæнæджы, дыууæ уæйыджы дæм уазæгуаты фæцæуынц а-изæр. Исты фыдбылыз дын куы скæной, уымæй тæссаг у.

— Хуссары фиййау, дæ хорзæх мæ уæд, — фæстæмæ йæм ныууасыди Саккаты фиййау, — фыдбылызæй куыд баиргъæвон мæхи?

Хуссары фиййау уасы:

— Дæ фосы астæу стыр нæл сæгъ! Дыууæ уæйыгæн æй æх-сæвæрæн аргæвд, стæй та мæм-иу ныууас, уыдон сæ хæрдыл куыд уой, афтæ.

Æрыскъæрдта Саккаты фиййау йæ фос дарæнмæ, бафснайдта сæ лæгæты, йæхæдæг йæ бынаты архайы, зилæнтæ кæ­ны. Уалынмæ йæм дыууæ уæйыджы фæзындысты.

— Дæ фос бирæ, фиййау, — загътой уæйгуытæ

— Уазджытæ æгас цæуæнт, фысым уын уыдзынæн, суазæг уæ кæндзынæн.

— Арфæгонд у, фæлæ мах дæр фæцæуинаг нал стæм ардыгæй æнафоны.

Саккаты фиййау дзуджы астæуæй йæ нæл сæгъ æрбаласта æмæ йæ сæргæвста; арт бандзæрста, фыдтæ уæларт аджы баф-тыдта æмæ æхсæвæр фыцы. Уæйгуытæ бадынц, дзырдтыл сæхи дарынц.

Фыдтæ куы сфыхтысты, уæд фиййау арынг ацарæзта æмæ нæл сæгъы мард æрæвæрдта йæ дыууæ уазæгæн, йæхæдæг та уадындз райста æмæ уасы:

— Хуссары фиййау, куыд загътай, афтæ бакодтон: мæ уазджытæ фынгыл бадынц æмæ нал ауæрдынц хæрыныл. Цы мын амоныс?

Хуссары фиййау уасы:

— Хæрды фæстæ дæ бас агурдзысты. Фæлæ ды баздæх æмæ сын бас куы фæцæй хæссай, уæд-иу йе кæлгæ фæкæн, йе чиугæ, цæмæй акæла дæ бас. Стæй хъуыддаг афтæ сараз, цæмæй дыууæ уæйыджы феной, дæ бас æнæбары кæй акалди.

Уæд уæйгуытæ дзурынц:

— Фиййау, бас нын, бас! Фыд хохы цъуппыл дæр ис.

Бас хæсгæ-хæссын акалди, æмæ дыууæ уазæджы нал фæ-хъæстæ сты басæй.

Саккаты фиййау уасы:

— Басæй нал сахуыстой, фæлæ дарддæр цы ми кæнон? Хуссары фиййау:

— Схуыссын сæ кæн, стæй райсом сæ бæрæг сæхицæй. Уæйгуытæ сæхинымæр загътой:

— Хæрдхъуаг нал стæм ахсæв, фиййауы райсоммæ уадзæм — аходæнæн нын сбæздзæн! — Сæ хуыссæнты æрхуыссыдысты æмæ уайтагъд сæ хуыр-хуыр ссыди.

Райсомæй Саккаты фиййау йæ цæсты зул дары йæ уазджы-тæм, уæдæ цы фæуой, зæгъгæ. Хъусы æмæ сæ хуыр-хуыр нал цæуы, сæ улæфт дæр бæрæг нал у. Фестад фиййау, бацыд хæс-тæгдæр уæйгуытæм, дзуры сæм, фæлæ уыдон нал фехъуыстой фиййауы дзурын, бынтондæр бафынæй сты.

Уый адыл баззади æмбисонд: «Саккаты уæйгуыты фынæй баисты».

Скъуыддзаг Джиккайты Шамилы арыст чиныгæй «Ирон аив дзырды хæзнатæ».
Рауагъдад «Ирыстон», Цхинвал, 1977