Цыппурсы хорзæх уæ уæд, нæ ирон адæм!

Ирон адæммæ бæрæгбонты зымæгон хай райдайы Цыппурсæй (дыгуронау Цæппорс). Ацы бæрæгбон кодтой зымæгон хурхæтæны бонты, Ног азы æрбалæудæй иу къуыри раздæр. Цыппурсы агъоммæ ирæттæ дардтой мархо. Мархо дарыны æгъдау йæ равзæрдмæ гæсгæ у тынг рагон, уый сæвзæрдис, адæмыл-иу цы æнамонд хабæрттæ æрцыд, уыдон домæнты бындурыл, аразгæ та йæ кодтой уыцы æнамонддзинæдты фæдыл хъынцъым равдисыны нысанæн.

Бурхох. Ирыстоны бæрзонддæр кувæндæттæй сæ иу.  Саулохты Тамарайы ист къам.

Бурхох. Ирыстоны бæрзонддæр кувæндæттæй сæ иу.
Саулохты Тамарайы ист къам.

Цыппурсы агъоммæ мархо дарыны хъуыддаг уыдис тынг парахат чырыстон адæммæ, арæзтой йæ Ног азы размæ фыдбылызтæй хи ссыгъдæг кæныны монцæн. Алыхуызон кæлæнты тыхтæй хи бахизыны охыл-иу Ирыстоны бирæ рæтты Цыппурсы хæд размæ æхсæвы фæсивæд хъæдæй æрхæсгæ ичъитæ æвæрдтой сæ къæсæргæрæтты, фæрсæгтыл, хордонты æмæ æндæр хæдзарадон агъуыстыты. Уымæй уæлдай алы хæдзар дæр кодта арт дуармæ, уырдæм æппæрстой салд сой æмæ йæ сæрты гæппытæ кодтой.

Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны бирæ рæтты ахæм æртытæ кодтой 25 декабры райсомæй раджы. Бæрæгбонмæ-иу алы хæдзары дуармæ дæр уыдис хъæмп, хос кæнæ нæзыйы къалиуты рæдзæгъдтæ, æртытæ скæнынæа Ацы артаг æмбырд кодтой нæлгоймæгтæ иууылдæр сывæллонæй зæрондмæ. Куы-иу сцæттæ сты, уæд-иу хистæртæй ныхас рацыд, æмæ-иу уайтагъд æнæхъæн хъæу ныррухс кодтой утæппæт æртытæ. Фæсивæд æртыты сæрты гæппытæ кодтой æмæ дзырдтой: «Фыдбылызтæ æмæ кæлæнтæ арты басудзæнт». Уыйфæстæ-иу кæрæдзи къухтыл ныххæцыдысты æмæ арты алыварс цæлхзылд кодтой заргæ. Зæрæдтæ-иу тæрхон кодтой, кæй арт хуыздæр у, зæгъгæ: хуыздæр арты хицæуттæн сæ фæсивæд фидæны уыдзысты амондджындæр. Уыйфæстæ-иу зæронд лæгмæ бахастой сыкъа, уый-иу арты баппæрста нард фыдызгъæлы карст æмæ иу скуывта: «Ацы нард фыдызгъæл артæн куыд æхсызгон у, афтæ æхсызгон уæд нæ цард Хуыцауæн». Ахæм æртытæ ма символон хуызы æвдыстой, хур ногæй йæ тыхы кæй бацæудзæн æмæ, ног азы хъæууонхадзарадон куыстыты райдиан кæй ралæууыд, уый дæр. Бæрæгбоны фынгыл кувæг куывта æрцæуинаг азы хъæздыг, бæркадджын тыллæг райсыны тыххæй, амондджын царды тыххæй, ссардта-иу Цыппурсы ном, куыд Нарты бардуаг, афтæ: Цыппурс дæр нын баххуыс кæнæд нæ фидæн азы бæркадджын æмæ амондджын цардæн. Иумæйагæй-иу Цыппурсы бонты суанг Ног азы æрбалæудмæ уыдис хъæлдзæг: алыхуызон хъæзтытæ, зарджытæ, кафт, хиирхæфсæн æгъдæуттæ кæрæдзи ивтой. Цыппурсы æхсæвы-иу, бинонтæй хорз къах кæмæн уыд, уый хъæбысыдзаг хосимæ бацыд скъæтмæ æмæ-иу дзы алы стурæн дæр ахæрын кодта, йæ фæстæ та-иу скъæтмæ бацыд хæдзары хистæр кувинæгтимæ æмæ-иу скуывта фосы бардуагæн, цæмæй сын сæ фос бирæ кæна. Уый фæстæ-иу скъæты дуар æнгом æмæ фидар сæхгæдтой, скъæтæн-иу йæ алыварс хъамайæ æрхахх кодтой зæхх, цæмæй фыдбылызтæ, æвзæргæнджытæ ма бацæуой мидæмæ. Скъæты дуармæ-иу æрæвæрдтой хосæй йедзаг тæскъ: уæд фосæн уыдзæн фаг холлаг. Цыппурс æмæ Ногбоны æгъдæуттæ æмткæй сты æмхуызон, сæ равзæрдмæ гæсгæ дыууæ бæрæгбоны дæр æмхуызон кæй сты, æвæццæгæн, уый тыххæй. Ацы дыууæ бæрæгбоны æмхуызон кæй сты, ууыл дзуры, Цыппурсæн йæ иннæ нæмттæ: Чысыл Ног бон, Ног азы сæр. Æндæр адæмтау ирæттæ дæр Цыппурсы стырбон кæнгæйæ символон æгъдауæй цыт кодтой хурæн, æгъдæуттæ кодтой «ног хуры райгуырды» тыххæй, æрцæуинаг азы хъæздыг тыллæг райсыны тыххæй, фос фылдæр кæныны тыххæй, амондджын царды сæраппонд Жорж Дюмезиль куыд зæгъы, уымæ гæсгæ Нарты Сослан кæддæр уыдис хурон бардуаг, ацы хъуыддагимæ та баст у, зымæг фæуыны тыххæй бæрæгбон кæй уыд, уыцы цау. Рафæлгъауинаг æрмæджытæ куыд амонынц, афтæмæй ирон Цыппурс æмæ скифаг æнгæс бæрæгбоны æхсæн ис бæлвырд иудзинад. Дзырд цыппурс равзæрд ирайнаг патвараат-æй, уый та амоны цыппор. Ахæм ном ын уымæн ис, æмæ Цыппурсы агъоммæ цыппор боны уыдис мархо. Абайты Васо сбæлвырд кодта, зæгъгæ, алантæм чырыстон дины агъоммæ Цыппурсæй уæлдай уыд ноджы æндæр æнгæс бæрæгбон дæр — æртхурон, уый та уыдис зынджы бардуаджы стырбон. Ахуыргонд дыууæ термины дæр хоны ирайнаг муртак къæлиндары варианттæ, уыдон нымад уыдысты хуры кæнæ уый лæппу зынджы бардуаджы стырбонтыл, æмæ сæ арæзтой муртак адæм иууылдæр. Вс. Миллер та Цыппурсы нымайы сывæллæтты бардуаджы цытæн стырбоныл, фæлæ уый æххæст уырнинаг нæу. baragbonta.ru