ЛОЛОЙЫ ТАУРÆГЪ

Раджы кæддæр Тырсыгомы царди абырæг Лоло, хуыцауæй æлгъыст лæг. Иухатт йæхи хуызæн дыууæ фыдгæнæджимæ Лоло бабадт Мнайы-хохы цъитийы бын, кæд исты амæлттыл фæхæст уаиккам, зæгъгæ.

Ком уыдис сабыр. Мигътæ лæсыдысты хæхты ‘рдæм. Мна-хохы цъуппыл та урс мигъ къуыбылæйттæ кодта. Уыцы рæстæджы тæссаг къахвæдыл йæ фыды фос дондарынмæ фæцæй-скъæрдта æвзонг рæсугъд чызг Хорæ.

Сау къæй айнæгыл сау бæхыл сау дзаумайы лæууыди Сау барæг æмæ къухæй амыдта фæндаг фыдгæнджытæн.

Лоло фæлæбурдта чызгмæ æмæ йæ ацахста. Чызгимæ æруагъта йæхи уырдыгмæ коммæ, фæндагмæ. Хъуыди ма йæ хырыз миты хъæпæнты ауайын æмæ дзæбæх фæндагмæ æрхæццæ уыдаид.

Фæлæ æвиппайды Мна-хохы цъуппæй урс мигъы тъыфыл ратахт, æмæ Лоло ауыдта хохы тæккæ цъуппыл æнусон миты ‘хсæн урс дзаумайы урс барæджы, йæ цæсгом мæстæй фыхти. Лоло дзы уайтагъд Уастырджийы базыдта.

Сау айнæгæй Саубарæг æвиппайды раехъиудта æмæ æд бæх комы бын сæфты амидæг. Зæхх банкъуыст, митау сыстад æмæ сау айнæг рафæлдæхт фыдгæнджыты сæрыл…

Ныссабыр ком, урс мигътæ райдыдтой Мнайы-хохы цъуп­пыл къуыбылæйттæ кæнын, æмæ митзæйы уæлæ лæугæйæ аззади иунæгæй тæрсгæ-ризгæйæ Хорæ.

Скъуыддзаг ДЖИККАЙТЫ ШАМИЛЫ арыст чиныгæй «ИРОН АИВ ДЗЫРДЫ ХÆЗНАТÆ».

РАУАГЪДАД «ИРЫСТОН», ЦХИНВАЛ 1977