Хуыбецты фондз æфсымæры

Пухаты Петройы фыст радзырд

Бæрзонд, хæрзконд сылгоймаг йæ кæлмæрзæн  фæстæмæ абаста æмæ арынджы уæлхъус балæууыд. Йæ лæг  – Хуыбецты Миха – тыргъæй мидæмæ бахъæр кодта:

– Уæ, Пухон, хæдзары дæ?!

– Куыд раджы цыд фæдæ, аходаен дæр куы нæма сцæттæ…

– Æмæ кæд сцæттæ уыдзæн, кæд, Нонейы чызг, дæ ахо­дæн?

– Мæнæ ма мæм цы ссады тæпп ис, уымæй, зæгъын, кæрдзын ракæнон.

– Хорз, Нонейы чызг, хорз, Миха гас уæд, уый йедтæмае тæрсгае ма кæн. Дае фыд Нонеимæ Пцайы Пухатаей фæйнæ голладжы нардхор раластам. Дæ мад Дыгъуызон нын арахъхъ адардта æмæ мыл æгæр фæзынд, æндæра дзы ме ‘ккой уæддæр рахастаин. Кæд сæ райсомæй сдавин, стæй кæд нæхи хуымтæ дæр…

Уæдмæ хæдзары фæмидæг сæ хистæр фырт Ладикъо. Йæ дзыппæй фелвæста сырх билет.

– Гыцци, æз комсомол дæн ныр, комсомол!

– Мæнæ «спартаччытæ» кæй хонынц, уырдæм дæ айстой? — бафарста фыд.

– О, раздæр Спартак хуынди, ныр та комсомол.

– Федтай, Пухон, уый мае фырт у, гъе!

– Дæ нывонд фæуа дæ гыцци, адæмы рæгъы рацу, уый йедтæмæ…

Уый уыдис 1921 азы.

 

Иу бон Ладикъо хъæубæсты адæмы æрæмбырд кодта æмæ сын радзырдта:

– Абон райкомы уыди иумиаг æмбырд. Равзæрстой зæхкусджыты комитет æмæ мæгуыртæн æххуысы комитет. Уыдон зилынц хъæуты. Тагъд махмæ дæр фæзындзысты. Уæлдай зæххытае кæмæ уа, уыдонæй сæ райсдзысты æмæ сæ байуардзысты, зæххæй цух чи уа, уыдоныл.

Адæм æмæзмæлд бакодтой. Миха йæ рихитæ адаудта, йæхиуыл схæцыд. Олгъа даер йæ мидбылты бахудт æмæ, йæ цуры чи бадт, уыцы устытыл йæ цæст ахаста. Йæ лæппуйæ бабуц.

Ладико

1926 аз. Михайы амардæй мæй æмæ ‘рдæджы фæстæ рарынчын Олгъа. Хъæуы зæронд устытæ хъуыддаг фæхатыдысты æмæ йæ алыварс æрбадтысты.

Михаты хæдзарæй райхъуыст ноггуырд сывæллоны кæуын.

– Олгъайæн чызг райгуырд,— бацин кодтой устытæ.

– Уæ нывонд фæуаед мæ сæр, мæ файнустытæ. Уæ лæггад мæныл уæд, фæлæ мæ, æгайтма, ацы хатт чызг фæцис, мæ фондз лæппуйæн хо, — сдзырдта Олгъа. Чызгыл ном сæвæрдтой Еуа. Олгъа рынчын ахаста æмæ хæдзармае фæкæсæг куынæуал уыдис, уæд йæ хистæр фырт Ладикъойæн бинонтæ æрхаста.

Ладикъойы кæстæр æфсымæр Раман йæ мады ‘фсымæртæм цард. Каст фæци Схлиты райдиан скъола æмæ æрцыд сæхимæ.

Раман

Уый фæстæ Раман йæ ахуыр адарддæр кодта Цхинвалы. Уым авдазон скъола фæуыны фæстæ кусын райдыдта сæхи хъæуы колхозы.

Иу бон Олгъа Раманæн афтæ зæгъы:

– Мæ хъæбул, Ладикъойæн феххуыс кæн, цы зоныс, уый йын ма бахæлæг кæн.

Уæдæй фæстæмæ Раман алы æвдæлон сахаты бадт Лади­къойы цур æмæ йын амыдта кæсын, фыссын.

Иу бон æрыхъуыст, зæгъгæ, дам, Дзауы бакодтой зоотех­никум. Раманы дæр ма цы хуыздæр хæрзиуæг хъуыд. Къуыри фæстæдæр скъолайы къулыл фæзынд номхыгъд. Уый уыд, Дза­уы зоотехникуммæ кæй айстой, уыдоны номхыгъд æмæ йæ тæккае астæу фыст уыд Хуыбецты Михайы фырт Раман.

Раман Дзауы техникумы куы ахуыр кодта, уаед йе ‘фсымæр Илуша та цыд Знауыры авдазон скъоламæ. Уым ын цы уроктæ лæвæрдтой, уыдон уый та амыдта Ладикъойæн. Илуша Зна­уыры авдазон скъола каст куы фæцис, уæд уый дæр йæ ахуыр адарддæр кодта Дзауы зоотехникумы, Раманимæ ахуыр кодтой иумæ.

Илуша

Иу бон Ладикъо æмæ Федыр районæй æрбацыдысты. Басидтысты хъæуы партионтæ æмæ фæскомцæдисонтæм, æмæ сын Ладикъо загъта:

Нæ алыварс хъæуты арæзт æрцыд колхозтæ æмæ cæ хъуыддаг цæуы хорз. Æгъгъæд у махæн дæр, федтам, базыдтам, коллективон хæдзарад иуæгон хæдзарадæй хуыздæр кæй у, уый æмæ нæ искæмæ кæсын нал хъæуы, афон у, колхоз саразæм. Чи цы зæгъинаг у ацы фарсты тыххæй, уый йæ ам зæгъæд ныртæккæ æмæ ныхасæй рахизæм хъуыддагмæ.

Афтае 1930 азы Самцъхъаройы арæзт æрцыд колхоз æмæ Ладикъо æвзæрст æрцыд правленийы уæнгæй. 1931 азы Раман æрцыд Дзауы зоотехникумæй æмæ кусын райдыдта сæ хъæуы колхозы. Уый фæстæ йæ хъæубæстæ æркуыртой сæ райдиан скъолайы ахуыргæнæджы бынатмæ. Райрухсады хайад сразы хъæуы куырдиатыл æмæ Раман кусын райдыдта Самцхъаройы скъолайы сæргълæууæгæй. Уый фæстæ куыста ГКП Знауыры райкомы техником секретарæй.

Ладикъо нысан æрцыд колхозы бригадирæй, йæ хæс æххаест кодта цæсгомджынæй, йæ зонынæдтæ фылдæр кæныныл архайдта. Ладикъо уыд хъæусоветы уæнг дæр. Уый тыххæй йæ райком арвыста ахуыр кæнынмæ Цхинвалы совпартскъоламæ.

Илуша фæуд кодта Дзауы зоотехникум. Йæ фæдыл цыд йæ кæстæр æфсымæр Георги дæр. Уый дæр каст фæци сæхи хъæуы райдиан скъола, стæй та Знауыры авдазон скъола. Уый фæстæ ахуырмæ бацыд Дзауы зоотехникуммæ.

Илуша техникум фæци каст æмæ куыста ахуыргæнæгæй Велуры.

Уæдмае Георги дæр фæци йæ ахуыр æмæ бацыд Цхинвалы ахуыргæнджыты институтмæ æмæ йæ куы фæуд кодта, yæд Жора та иттæг хорз нысæнттимае каст фæци Знауыры астæуккаг скъола.

Георги

Фæсидт Олгъа Георгимæ:

– Дæ нывонд фон, мæ хъæбул, уыцы техникумы сымах бакастыстут, ныр æм мæнæ Жорайы акæн æмæ уый дæр адæмы рæгьы рацæуа. Стæй Еуа дæр кæд фæстейæ нæ баззаид.

– Гыцци, æз ныр дæн Цхинвалы ахуыргæнджыты инсти­туты. Акæндзынæн æй, мæхæдæг кæм ахуыр кæнын, уырдæм æмæ йæ айсдзысты институтмæ.

– Æмæ уæ институт уæлдæр у, æви Дзауы техникум? — бафарста Олгъа.

– Институт.

Стъалытæ, сыгъзæрин хуртуанау, тыбар-тыбур кæнынц. Сæ тæккæ астæу, цыхты гуымбылау, тулы фæлурс мæй, йæ рухсмæ мит æрттывтытæ калы.

Хæдзары тухгæ лæсгæр. Уазæгдон бынтон афтидæй лæууы. Хæрæнуаты стъол æвæрд. Иуырдыгæй бадынц: Олгъа, Раман, Георги æмæ Жора. Олгъайы хъæбысы бады Ладикъойы лæппу Зауыр, иннæрдыгæй рæгъ-рæгъы сты Ладикъойы æртæ чызджы æмæ йæ хо Еуа. Саломе фынгыл æрывæрдта алы хæринæгтае. Йæ хъæбысмæ систа йæ кæстæр чызг Фенийы æмæ æрбадт чызджыты уæллаг фарс, йе ‘фсины ныхмæ.

Бинонтæ ныссабыр сты — бындз куы атæха сæ сæрты, уæддæр сæм стыр хъæлæбайау фæкæсдзæн. Сæ ныхмæ къулыл ауыгъд, Миха Севастополы хæстæй кæй æрхаста, уыцы фыдæлтон сахат. Æвдисы æхсæвы дыууадæс сахаты.

Раман сыстад æмæ сдзырдта:

– Гыцци, фæцис 1939 аз. Æрбалæууыд ног, 1940 аз!

– Гыцци уæ нывонд фæуæд. Ног аз уын ног амонд æрхаессæд! Зæронд аз нын нæ фыдбылызтæ йемæ ахæссæд. Ацы аз мæ дзæбæхæй æрæййæфта: нæ бинонтæ, дыууæйы йедтæмæ, ам сты…

Дуар бахостæуыд. Мидæмае бахызт бæлццон, йæ палто, йæ басылыхъхъ уатыл баппæрста. Уый уыд Илуша. Алкæуыл дæр сæ атыхст. Йæ дзыппæй цыдæр лæвайраг систа æмæ йæ Саломейы къухы фæсагъта. Йæ иннæ дзыппæй тыхтон сласта æмæ дзы алкæмæн дæр кафеттæ айуæрста, фынгыл дæр дзы авæрдта.

– Ног азы нæ уый бæрц амонд уæд, æмæ нæ ацы æхсæв Илуша дзаг фынгыл куыд æрбаййæфта, афтæ нæ Ладикъо дæр фыццаг майы фынгыл æнæхъæн бинонтæй хъæлдзæгæй цы ‘рбаййафа. Стæй сыкъайæ чысыл ахуыпп кодта æмæ йæ Раманмæ авæрдта…

Дыккаг бон хъæу кæрæдзи хонын райдыдтой. Æртыккаг бон Олгъа дæр æрхуыдта йæ хъæубæсты.

Зарды хъæр нæрыди Хуыбецты Ладикъойы хæдзарæй.

Уалынмæ сытынг хъазт. Чи акафыдаид Илушайае хуыздæр, чи йæ амбылдтаид. Уый ракафыд, хъæуы чызджытæй хъазты чи уыд, уыдонæй алкæимæ дæр, стæй йæ чысыл хоимæ, йæ чындзимæ. Нæ дзы ферох йæ зæронд мад Олгъа дæр. Уый, йæ лæг куы амард, уæдæй фæстæмæ никуыуал ракафыд, фæлæ дзы ныр йе‘ ппæт мæстытæ дæр æрбайрох сты…

Жора

1940 азы Хуыбецты æртæ æфсымæры Илуша, Георги æмæ Жора ацыдысты æфсадмæ. Хæдзары ма сæ баззад Раман.

Райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст.

1942 аз. Фесты февралы хъызт бонтæ. Раман дæр ацыд Сырх Æфсады рæнхъытæм.

Ничиуал дзуры хæсты хабæрттæ бинонтæн. Нали хæдзары нæлгоймаг, нал цæуы хæдзармæ фыстæг.

– Ныууай, Еуа, дæ нывонд фæон, дæлæ районмæ, абæрæг кæн посты, чи зоны дзы исты ,хабар уа…

Ацыд Еуа, газет рафыста æмæ йын квитанци куы лæвæрдтой, уæд сæ иу фæцырд æмæ йын афтæ: «Хуыбецты Еуа ды дæ?»

– О, аез!

– Раманæй дæм фыстæг, ныртæккæ йæ постхæссæгæн арвыстам.

Еуа атагъд кодта сæхимæ. Уыцы хæрды иу уысм дæр никуы фæлæууыд, бахæццæ сæ дуармæ. Уæдмæ постхæссæг дæр æрцыд уыдон размæ æмæ йæм авæрдта фыстæг. Баскъæфта йæ Еуа хæдзармæ æмæ райдыдта кæсын. Уый фæстæ арæх фыста Раман фыстæджытæ, фарста хæдзары бинонты царды уаваертæй, афтæмæй алы фыстæджы дæр амыдта йæ бинонтæн, цы аразын сае хъæуы, уый. Йæхи тыххаей та йæ фыцдаг фыстæджы фыста мæнæ афтæ:

«Зæрдæдзургæ рацыдтæн, фæлæ тæрсгæ ма кæнут, тагъд та фембæлдзыстæм. Мах стæм курсыты æмæ сæ куы фæуæм, уæд æрыздæхдзынæн нæхимæ æмæ та хорзæй фендзыстæм кæрæдзи. Цыппæрæм марты рацыдыстæм Тбилисæй æмæ уæм абон, æстæм марты, фыссын фыстæг фæндагæй. Нырма авд бо­ны баззайдзыстæм фæндагыл. Куыддæр æрбынæттон уæм, аф­тæ уæм арвитдзынæн мæ адрес. Мæнæн тæрсгæ ма кæнут, хорз лæппутимае дæн».

Йæ дыккаг фыстæджы та йæ хо Еуа æмæ йе ‘рвадæлты чызджытæ Маня æмæ Любæмæ фыста:

«Мæ зынаргъ хотæ, мæн сымахæй ис стыр ныфс, уæ куысты фæрцы нæ колхозы хъуыддæгтæ хорз кæй ацæудзысты, уымæй. Æз бацыдтæн Сталинграды тохмæ. 3-æм сентябры дзы фæцæф дæн æмæ мæ Саратовы госпиталмæ арвыстой, стæй та Хъазахстанмæ. Ныр фæдзæбæх дæн æмæ абон, 22 октябры, цæуæм Ташкентмæ… Раман».

Уый уыд Раманæн йæ фæстаг фыстæг.

Æризæр. Куыстæй æрцыдысты адæм. Æрбахазццæ районы центрæй Олгъайы тиу Тъура æмæ раздæр сæхимæ нæ, фæлæ бамидæг Олгъатæм. Сæ къухтæ сын райста æмæ худгæ æмхасаенты райдыдта: хæст фæци, Олгъа, хæст! Абондæргъы Знауыры адæм сæхицæн бынат нал арынц, кæрæдзи хъæбыстæ, рахон-бахон кæнынц…

Бузныг, нæ лæппу, бузныг! Кæд махмæ дæр исты амонд æркæсид…

Хæст фæци… Хæстонтæ здæхынц сæ хæдзæрттæм, Фæлæ… Олгъайы фондз хъæбулæй иу дæр нæ зынди… «Саубон æркæна уæ ныййарæгыл, кæд мын куыд æнамонды боны гуырд фестут, сау знаг»… йæхи мæтæй хордта Олгъа.

Цæуынц бонтæ, цæуынц мæйтæ, фæфæуы аз дæр. Самцхъаройæ хæстмæ чи ацыд, уыдонæй бирæтæ æрыздæхтысты, чи цæфтæй, чи хорзæхтимæ.

Æрлæууыд хæсты фæстæ фыдцаг ногбон. Бадынц æхсæвæрыл Олгъа, Саломе, Еуа æмæ Ладикъойы сывæллæттæ: Раисæ, Заретæ, Зауыр æмæ Фени. Хæцы Олгъа йедзаг сыкъайыл: «Уæ, уаих æрбауай мæ царды хъысмæт, уæд та ма хæсты размæ ногбон æрымыс. Уæд мæ фондз хъæбулæй иу йедтæмæ мæ зæрдæ никæмæ æхсайдта…»

Нæй. Хæстæй нал æрыздæхтысты Олгъайы фондз фырты. Мад æрæмбырд кодта йæ хъæбулты нывтæ, саразын сæ кодта егъау, æмхуызон портреттæ, нывæрдта сæ бронзæйæсæрст фæлгæтты æмæ сæ рарæгъ кодта сæ хæдзары къаннæгдæр уаты къулыл, фæскуыстиу бацыд, сæ разы-иу стъолы фарсмæ бандоныл æрбадт, æмæ та-иу йæ цаессыг фемæхст…

Схъомыл сты йæ лаеппуйы лæппу æмæ чызджытæ дæр, ахуыр кæнынц Знауыры астæуккаг скъолайы, кусынхъом фесты. Саломе дæр сæ хъаеуы колхозы кусы дыууæ лæджы бæрц. Афтæ, æмæ хæдзары даринаг ничиуал ис, иууылдæр кусынц, иууылдæр сæ къæбæр хæссынхъом сты. Саломе Олгъайы нал дæр уадзгае кæны колхозы куыстмае, фæлæ кæм лæууы Олгъа йæхæдæг? – уый зоны, йæ сæр хæдзары тынгдæр хъæуы, фæлæ уæд схизы йæ уатмæ, йæ хъæбулты нывтæм æмæ…

Иурæстæджы Тъурайæн афтæ зæгъы: – «Уыцы ус тæригъаед у, йæхи йедтæмæ ма мæнæн дæр мæ цæссыгтæ фæкалын кæны. Афтæ куы дзурынц, хæстæй чи нал рыздæхт, уыдон биононтаен, дам, Ленинградаей хъусын кæнынц. Дæхи лæппуйы тыххаей æмæ уæртæ не ‘фсины лæппуты тыххæй дæр уырдæм куы арвитис, цы фесты, куы никуыуал зынынц, зæгъгае. Чи зоны уын цы дзуапп æрырвитой».

Тъура фыстæджытæ арвыста Ленинградмæ. Фæкаст æнхъæлмæ, фæлæ ницы!

…Баззад, Олгъа йæ хъæбултæн чындзæхсæвтæ кæнынмæ кæм хъавыд, уыцы уат афтидаей. Æрмæст ма дзы фондз æфсымæры хуызисты куыдхистæрæй, рæгъ-рæгъы къулыл кондæй лæууынц.

 

Чиныг «Зæххыл рæстагон хæст цыди»-йæ