Чъреба

Чъреба

Раздæр базары бон уыдис иунæг бон. Алчи дæр æй зыдта — Хуыцаубон у. Кусын нæ фæччы. Кæнæ хъуамæ Хуыцауæн кувай, кæнæ базары хъуыддæгтæ кæнай.

Гъеныр афтæ уыд базары хъуыддаг та: иу бынатмæ-иу æртымбыл сты, семæ-иу æрластой сæ базайрæгтæ. Чи-иу исты æлхæдта, чи-иу исты уæй кодта, чи та-иу сæ ивгæ кодта…

Базармæ та цыдысты чыртæ-чыртæй.

Иу дæс уæрдоны — иу чыр.

Иу ссæдз уæрдоны — иннæ чыр.

Иу авд уæрдоны — аннæ чыр…

Цы рæстæджы-иу тымбыл кодтой, уый та хуыдтой чыроба. Ома чыры батымбылы рæстæг.

Гъеныр афтæ уыд мæнæ нæ горæты хъуыддаг дæр.

Ацы ран уыд нæ фыдæлты базаргæнæн бынæттæй иу.

Сæ кæрæдзимæ-иу дзырдтой:

– Чыробамæ нæ цæуыс?

– Чыробайы уыдтæ?

Гъемæ афтæ нæ горæт уыд чыробайы бынат. Стæй фæстагмæ фæчъреба.

Цæмæй йын ирон ном ма уыгдаид æмæ та йыл искуы æрдау кæной, уый тыххæй йын дæлæ гуырдзы фæивтой йæ ном Цхинвалæй. Стæй та йæ Сталинир схуыдтой Сталины номæй — уый, дам, мæ ир у.

Сталины Хрущев, — куыдзы стджытæ ‘хсына, — куы раппæрста мардæй, уæд та нын гуырдзы нæ горæт фæцхинвал кодтой.

Фæлæ йын уæддæр йæ фыццаг ном нæ рох кæнæм. Ирон адæм нæ горæты уæддæр йæ фыццаг ирон номæй хонæм — Чъреба.

Ныффыстон æй Дзауы районы згъуыбыраг 84-аздзыд Саулохты Антъоны фырт Хъырымы ныхасæй 1989 азы кæфты мæны 9-æм бон.