Ирон дзыллӕ, Ног Азы хорзӕхтӕй байдзаг уӕнт уӕ къуымтӕ!

Цӕй цы фӕдӕ, рацу нӕм тагъддӕр, урсзачъе Ног Аз! Ӕрхӕсс нын цӕстуарзонӕй Хуыцауы фарн ӕмӕ сабырад, радт нын барондзинад, схӕлар нын кӕн уарзондзинад ӕмӕ бӕркад!

Фӕсур дӕ разӕй ӕнамонды Зӕронд Аз йӕ хъизӕмӕртты дзӕкъулимӕ, йӕ низтӕ, йӕ тугкалӕн хӕстимӕ!

Ирон дзыллӕ, Ног Азы хорзӕхтӕй байдзаг уӕнт уӕ къуымтӕ!