Медиа-центр «Ир»-ы форматы архайын райдыдта историон æхсæнад

Нæ республикæйы медиа-центр «Ир» арæзт æрцыд 2010 азы марты мæйы. Уыцы рæстæджы ацы ног проекты сæйраг нысан уыд Хуссар Ирыстоны мидæггагон процесстæ, республикæйы культурæ, Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны информацион ресурсты бастдзинад сфидар кæнын æмæ республикæйæн позитивон æмæ объективон фæлгонц саразыны иумиаг фадæттæм стыр хъусдард аздахын. Медиа-центрæн уæдæй абоны онг арæхстджын разамынд кæны Гаглойты Иринæ. Уый республикæйы райрæзтмæ, йæ цардарæзтмæ бирæ хайбавæрд бахаста. Гуырдзыстоны ‘рдыгæй Хуссар Ирыстонмæ ахасты цы дæргъвæтин хæстон архайдтытæ уагъд цыд, уыцы рæстæджыты рæстдзинад хаста дунемæ, уæлдайдæр, информаци æмæ мыхуыры фадыгæн куы разамынад кодта, уæд. Читать далее