Вассо Абаев: «Комыйаргъ лæг уыд Рутен»

Имя Андрей было дано Рутену при крещении.

12 февраля день рождения Рутена Гаглоева. О нём писали многие, подробно его жизнь и деятельность изложены Ириной Бигулаевой в книге «Рутен Гаглоев. Жизнь и деятельность». Перечитывая написанное о нём, и написанное им самим, здравомыслящий осетин непременно вновь и вновь задастся вопросом — почему так всё сложилось? почему геноцид осетинского народа не прекращался? почему не смогли уберечь? И охватывает отчаяние от того, что историю нельзя повернуть вспять, и ничего нельзя изменить. Но знать и помнить мы обязаны.

Ахсар Кодзати в статье «Времена и годы» приводит слова из «Литературной газеты» от 13 сентября 1995 года: «Если верхушки в любой области знаний — 10 человек — истребят, то нация будет отброшена на века назад». Южная Осетия в 1937 потеряла лучших из лучших — высокообразованных, мыслящих, национально-ориентированных молодых людей, полных идей и огромного желания сделать Осетию развитой и в экономическом, и в культурном плане. «Надо чтобы Родина стала дороже нас самих» — этот древний афоризм о них, они следовали ему. Что ни имя, то личность — Рутен Гаглоев, Александр Тибилов, Чермен Беджызаты, Сауи Гаглоев, Бидзина Кочиев и многие другие.

Рутен с дядей по отцу (снимок 1903 г., Тифлис)

Читая работы Рутена, вновь убеждаешься в том, что останься он, его соратники живы, мы были бы другими, и наша жизнь была бы другой. В подтверждение этих слов Медиа-центр предлагает вашему вниманию одну из работ Рутена Гаглоева, опубликованную в журнале «Фидиуаг» в 1929 году — она убедительна, и наводит на мысль, что Южная Осетия могла бы быть самодостаточным, высокоразвитым государством.

НÆ НИЗЫ ХАЙ — НÆ ДЗУРИНАГ

Æрæджы Хуссар Ирыстоны басгæрстой зынгæ уазджытæ: Зонады Академийы музейы хисдæр, профессор В. И. Крыжановский æмæ академик А. Е. Ферсман.

Дыууæ дæр уыдысты Цънелисы, уым федтой мраморы къахæнтæ, стæй бацыдысты Дзаумæ — суармæ æмæ изæры аздæхтысты Калакмæ.

Калачы Ферсман сарæзта доклад Фæскавказы хисдæрты раз. Уыди уыцы æмбырды иу-дыууиссæдз зынгæ лæджы, уыди дзы Хуссар Ирыстоны минзевар дæр.

Ферсман загъта: «Фæскавказы ис алыгъуызон хохы хæзнатæ. Кæд нæ бон бауа уыдон бакусын, уæд зынгæ фæхуыздæр кæндзыстæм адæмы хæдзарад, фæндæгты арæзтад, химикон сæудæджерад æмæ хъæууон хæдзарад. Хуссар Ирыстоны цы цалдæр сахаты фæдæн, уыдон мын фенын кодтой, куыд уыцы бæсты ис зынгæ хохы хæзнатæ.

Цæмæй Цæдисы бон бауа пайда кæнын ахæм хæзнатæй, уый тыххæй Ирыстоны хъæуы саразын хорз фæндæгтæ.

Хуссар Ирыстоны цы мрамор ис, уый у аккаг фæсарæнтæм ласынæн, йæ хуыр ын уæй кæнынц ацы рæстæджы ам дæр. Уый æдде ма тынг хорз сты, уым цы тальк æмæ туф разынди, уыдон…»

Ацы ныхæстæ дзургæйæ, Ферсман æрæвæрдта æмбырды раз Цънелисы мраморæй цалдæр фарчы, лæгьзгонд æмæ рæсугъд арæзт, йæ дзыппæй та систа ирон нефритæй арæзт сурдымæн æмæ уый дæр равдыста æмбырдæн.

Академик дзырдта дарддæр: «Ахæм хæзнаты бакуысг нæ ацæудзæн рæвдз, цалынмæ Ирыстоны хорз фæндæгтæ нæ сырæзой, уæдмæ. Сыбыр æмæ Азийы мингай километртæ хъæуы аразын фæндаг, аразгæ дæр сæ кæнæм, ам та хæрз цыбыр фæндæгтæ хъæуы æмæ сæ хъуамæ саразæм æнæмæнгæй. Хорз фæндæгтæ хъæуы ам канд хохы хæзнаты тыххæй нæ, фæлæ ма ардыгон мæгуыр адæмы культурæ фæхуыздæр кæнынæн дæр.

Афтæ дзырдта нæ бæсты тыххæй æцæгæлон зынгæ уазæг æмæ уæлдай арф хъуамæ бахæссæм йæ ныхæстæ нæ зæрдæмæ. Æнæ хорз фæндæгтæ, æнæ хохыл фæндаг нæ бæстæ баззайдзæн рохуаты, гæвзыккæй, мæгуырæй. Уынæм æй нæхæдæг дæр, дзурынц æй æрцæугæ адæм дæр: нæ бæсты ис бирæ бонджындзинæдтæ, ис нын бирæ амæлттæ нæ цард фæхуыздæр кæнынæн, фæлæ не ’намонддзинад у, æнæфæндаг кæй стæм, уый. Къоста æхсины лæгæй куыд загъта, уыйау — „æнæ фæндаг“ нæ ирæн дæр — „йæ низы хай, йæ дзуринаг“.

Уæртæ Мæхъæлмæ ис суар. Хонынц æй „Ачалуки“. Суары миниуджытæй йæм бирæ ахæм ницы ис. Махмæ дзы йæ был дæр ничи стулид. Ныр уыцы суар байдыдтой ласын алы ранмæ æмæ æрбахæццæ суанг дæлæ Гурмæ дæр.

Цæй тыххæй? Уый тыххæй æмæ ис фæндаг йæ ласынæн. Мах диссаджы суæрттыл та авд дуары ис æхгæд: нæй сын раласæн, нæй сæм фæндаг. Едысы суарæй хуыздæр ма цы хъуамæ баназа лæг, фæлæ æхсæвæй-бонæй згъорынц йæ 7000 ведрæйы Леуахимæ æмæ Лæгъз цъитийы донимæ хæццæ кæнынц.

ХОХЫЛ ФÆНДАГ СÆЦÆГ

27 июны æрцыди Москъойæ ног тел: Цæдисы фæндæгты уынаффæдон (Цудортранс) бахæсджын кодта Уæрæсейы фæндæгты уынаффæдоны (Главдортранс), цæмæй уый бавнала хохыл фæндаг аразынмæ Зæрæмæгæй Уанелмæ Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны техникон æмæ кусæг тыхтимæ. Куыстыл контроль хъуамæ кæна Главдортранс. Æхцатæ астфондзыссæдз мин (3800.000 сомы) рахицæн сты бынтон. Нысангонд инженер Алфимов рараст уыдзæн тагъд Дзæуæджыхъæумæ, уырдыгæй — Уæлладжырмæ, стæй хохыл — Цхинвалмæ».

Айразмæ ма уыйхуызæн тел куы æрцыди, уæд бирæ рæтты адæм ацарæзтой цины æмбырдтæ. Дзауы иу зæронд лæг йæ цæссыг нал урæдта фырцинæй, иу чидæр та уæддæр гуырысхойы бын уыди æмæ бафарста раныхасгæнæджы:

«Цымæ фидар кæнын никуы уал хъæудзæн Цæдисы Адæмон Комиссарты тæрхоны?»

Ахæм гуырысхогæнджытæн зæгъæм: ныр дызæрдыг кæнынæн нал ис бынат. Фæндаджы хъуыддаг аскъуыддзаг бынтон, снысан ын кодтой аразджытæ æмæ ацы азæн — 800 мин сомы æхца.

Куыд уыдзæн уæдæ дарддæр куысты хабар? — бафæрсдзысты бирæтæ, кæцытæн сæ зæрдæйы бады йæ хъуыды. — Туннелмæ бавналдзыстæм ацы аз, æви кæд? — фæфæрсынц аннæтæ.

Дæдтæм дзуапп: ацы аз æрцæудзысты арæзт хохыл фæндагæн йæ æнæдзырдтаг бынæттæ. Ахæм бынæттæ сты — Зæрæмæгæй Пуритæм æмæ Бæгъиаты суарæй Габаттæм (Дзомагъгоммæ). Уый æддейæ Ручъы хохы ныззилдзысты буртæ æмæ йæ бынтон сбæлвырд кæндзысты дæсны геологтæ, — ис уыцы хохы бын туннел аразæн, æви нæ. Фарон сæрд уыди уыцы хох рог сгæрст. Ныр бæстон хъуамæ базоной, разындзæн, æви нæ, хохы бын хъарм дон, кæнæ газ, кæнæ стыр суадæттæ, тæссаг чи сты туннелæн æмæ кусджытæн, ахæмтæ. Кæд дзы ахæмтæй ницы разына, уæд — нæ амонд. Уæд фидæнмæ сырæздзæн бæстон проект туннелæн æмæ йæм уæд бавналдзысты кусынмæ.

Чизоны, Ручъы хохæй Магъы æфцæг хуыздæр разына туннел аразынæн, уæд фæндаг фæраст уыдзæн Дзомагъгомыл æмæ туннел сырæздзæн Магъыл.

Зынг зæгъынæй ком нæ судзы: чизоны, Ручъы хох дæр æмæ Магьы æфцæг дæр нæ разыной бæззон туннел аразынæн, уæд нæм фæндаг нал сырæздзæн хохы бынты, фæлæ сырæздзæн хохы сæрты, Магъыл. Фæлæ мах нæ тæрсæм ахæм хъуыддагæй: Цæдисы зынгæдæр геолог Левинсон-Лессинг асæрды загъта, зæгъгæ, Ручъы хох сбæздзæн туннел айгæрдынæн. Куыд уынæм, афтæмæй туннелы хъуыддаг нырма кæронмæ бæлвырд нæу, нырма тох кæнын дæр бахъæудзæн ацы хъуыддагыл.

Ноджы ма нæ зæрдыл хъуамæ дарæм ахæм хабар: туннел у 4,5 километры, аслам не слæудзæн Цæдисæн, бахъæудзæн æй иу 10 милыуаны æмæ йæм æнæзивæгæй уæд бавналдзысты, кæд ахæм туннел сомбон сбæздзæни электрон æфсæйнаг фæндагæн, ома кæд Захъагомы æмæ Леуахигомы сырæхсдзæн электроны æфсæйнаг фæндаг. Ацы хъуыддагæн дæр раздæр зæгъæн нæй: хъæуы йæ сбарын æмæ йæ баргæ дæр скæндзысты, æвæццæгæн, ацы сæрд. Цыбыр ныхасæй, фæззæгмæ бæстон базондзыстæм туннелы хабар. Хохыл фæндаг стыр хъуыддаг у. Паддзахы заманы 75 азы фæдзырдтой уый тыххæй, алыгъуызон инженертæ сарæзтой 11 проекты, хæхтæ басгарынæн бахъуыди иу милыуан сомы сыгъзæринæй, фæлæ уæды хицауад никуы бауæндыд æлхынцъ сыхалынмæ. Ныр Советон хицауад уæндон æвнæлд кæны хохыл фæндаджы хъуыддагмæ. Кавказы «фæхсытыл цы мæгуыр æмæ талынг фæллойгæнæг адæм цæрынц, уыдон зæрдæ байдзаг ис стыр цинæй, ацы фæстаг бонты æхсызгон уацхъуыдтæй. Уырны нæ æмæ Турксибы 500 километры æфсæйнаг фæндаг чи сарæзта, уый хохыл фæндаг дæр сараздзæн кæронмæ æмæ уый дæр туннелимæ.

Ацы хъуыддаг стыр кæй у, уый æмбарынц хохы адæм. Алыхатт нæ газеты фæрстыл бакæсæм цыбыр фыстытæ: чи гал дæдты, чи бæх, чи æхца. Хорз уаид, стыр лæгдзинад уаид, куы ничи алæууид фæстæмæ туннелæн баххуысæй.

Йæ цæст дардмæ кæмæн уыны, йё зонд дардыл кæмæн ахсы, уыдон баххуыс кæнæнт сæхуыдтæг æмæ бамбарын кæнæд иннæтæн.

Абон гал чи ратта ахæм стыр хъуыддагæн, уый йæ сомбон дæс галæй райсдзæни фæстæмæ: суыдзæн нæ бæстæ дзæнæты хуызæн, скусдзысты нæ хохы хæзнатæ, æрласæн æмæ аласæн уыдзæни æппæтæн дæр, фæрогдæр уыдзысты адæймагæн йæ фезмæлæнтæ, фæтыхджын уыдзæни нæ культурæ.

ЦÆЛХВÆНДАГ ХУССАРÆЙ ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ’ХСÆН

(Æнæфæндаг Хуссар Ирыстон)

Куыд нæ цæрæн Хуссар Ирыстон, афтæ æнæхъæн Кавказ дæр у æнæхъуаджы цух хъæбæрцъар фæндагæй. Кавказы хæхтæ сты диссаджы бонджын алыгъуызон хæзнатæй, фæлæ уыцы хæзнатæ хæхты хуылфы лæууынц æнæ пайдайæ, уымæн æмæ сын нæй бакусæн æнæ фæндæгтæ…

Нæ бæстæй ис быдырмæ, кæнæ иннæ сыхаг бæстæтæм æрмæст бæхыл рацæуæнтæ, кæнæ фистæджы гæппгæнæнтæ. Фæлæ Ирыстоны чи схъомыл, уыдон хорз зонынц, бæхы фæндæгтæ дæр нæм кæй нæй рæстмæ. Ис нæм ахæм æлгъыст бынæттæ æмæ хъуамæ фæндаггонлæг сиса йæ уаргъ æмæ йæ фæхæсса æккойæ, стæй та йæ бæхы бахизын кæна бæндæнимæ, йæ дымæгыл хæцгæйæ.

Ахæм цыдæй махмæ бæлццон бон 15 километрæй фылдæр нæ хæццæ кæны, фылдæр та зымæг арсы бадт фæкæны йæ лæгæты: нал ын вæййы азмæлæн хæстæг хъæумæ дæр. Ахæм рæстæджы нæ хæххон хъæутæ бынтон иртæст вæййынц культурон дунейæ — дохтырæй, газетæй, скъолайæ.

Бельгийы иууыл кæройнаг хъæу дæр нæу æфсæйнаг фæндагæй æртæ километрæй дарддæр. Махмæ та ис ахæм хъæутæ, кæцытæ сты æфсæйнаг фæндагмæ 100 километры. Зæгъæм, Едыс йæ диссаджы суаримæ у бæллиццаг курорты бынат, фæлæ уырдыгæй Гурмæ у 100 километрæй фылдæр. Чикагойæ Владивостокмæ у 1000 километры. Сæ иуæй иннæмæ иу пут аласæггаг у 1 сом æмæ 34 капеччы. Мах æнæфæндаг бæсты та — Гурæй Едысмæ иу пут ласæггаг слæууы 5 сомы.

Цхинвалæй нæ хохы хъæутæм гæххæтт нæ хæццæ кæны иу мæймæ, афтæмæй культурон бæстæты фыстæг мæймæ æрзилы æнæхъæн дунейы алыварс.

Нæ бæстæ сæрдыгон куыд у æнæ фæндаг, афтæ — зымæгон дæр. Зымæг хохы цæрæг куы раласы быдырмæ дзоныгъыл иучысыл хъуаритæ, сугтæ, кæнæ хос, уæд ын доны æнæ ныххаугæ нæй, кæнæ йæ быны хъуамæ их ныссæтта æмæ йæ дзаумайæ мауал баззайа сур иу æндах дæр.

Алчидæр зоны, Хуссар Ирыстоны цæрæг адæм кæй сты тынг зæххъуаг. Йæхи хорæй нæм ничи æфсæды. Афæдзваг кæд иу-стæм лæгмæ æрцæуа, уый йеттæмæ, иннæтæ иууылдæр фелхæнынц хор. Гуырдзыстоны быдырты æрвылаз хорæн уæййаг ссарæн нæ вæййы. Уæд нæ адæм хор фылдæр фæхæссынц Цæгат Ирыстонæй. Быдырæй хор баласынц Нармæ, Захъхъамæ, стæй йæ æккойæ, кæнæ бæхыл раппарынц Хуссар Ручъы æфцæгыл, Бæхвæндагыл, кæнæ Къутыхыл. Ацы ахизæнтыл сæрд тыхæй-фыдæй цæуы лæг, фæлæ зымæг ныссæлынц, ныууары сыл мит æмæ сыл цъиуатæхæн дæр нал вæййы.

Фæлæ адæмæн бауромæн нæй. Сæр куы бахъæуы, уæд зымæг дæр фæхизынц ахæм хохыл. Хуссарæй æфтынц Цæгатмæ ноджы Зикъарайыл, Дзедойыл, Æфцæджы бæрзондыл. Фылдæр цæуынц куыстагур быдырмæ, кæнæ Садоны мадантæм. Афтæмæй нæ хохы зæйтæ исынц æрвылаз дæр сæ хъалон Ирыстоны фæллойгæнджытæй. Тæккæ ацы 1929 азы зымæджы Дзедойы фæцæйцыдысты 8 лæджы æмæ дзы зæй фæласта 7 лæджы.

Æнæфæндаджы тыххæй адæмы æнамонды хъуыддæгтæ, стæй нæ æрвылазы хорхъуаг æмæ нæ адæмы сомбоныл хъуыдытæ алы ироны зонды дæр ставд дамгъæтæй ныффыстой ахæм тæрхон: хохыл хъуамæ сырæза цæлхфæндаг Хуссарæй Цæгат Ирыстонмæ!

Хохыл фæндагæн йæ истори

Дыууæ Ирыстонæн се ’хсæн ис Кавказы сæйраг хох. Уый у тынг бæрзонд æмæ æнæцæлхфæндаг. Хуссарæй Цæгат Ирыстонмæ ис 10 ахизæны: Мамысон, Æфцæджы бæрзонд, Згъил, Дзедо, Зикъара, Бæхвæндаг, Къутых, Рукъ, Сыба æмæ Тырсы.

Мамысоны ахизæн ис Æфсæддон-Ирон фæндагыл. Уый иу кæны Айларты хъæу (Хуссары) Лисриимæ (Цæгаты), æмæ кæд уыцы фæндаг иу-фараст километры цæуы Хуссар Ирыстоны зæххыл, уæддæр йæ арæзт у Оны ’рдæм æмæ йыл ирон адæм уæрдонæй никуы ницы фæласынц. Иннæ ахизæнтæ, уæлдæр куыд загътам, уымæ гæсгæ сты бæззон æрмæст фистæджытæн æмæ уый дæр æрмæст сæрдыгон. Уый тыххæй раджы сфидар ирон адæмы ’хсæн фæнд ахæм цæлхвæндаг саразынæн, кæцы хъуамæ алыг уыдаид Хуссар Ирыстоны астæуты æмæ хохыл ахызтаид Цæгат Ирыстонмæ.

Зæронд заманы дæр дзырдтой æмæ фыстой Хуссар Ирыстоны раздзог фæсивæд, кæй хъæуы ахæм фæндаг аразын Лехурагомы, Кьутыхы æфцæгыл, цæмæй уа цæлхвæндаг Цхинвалæй Зæрæмæгмæ, кæнæ Гуры станцæйæ Даргъ-Къохы станцæмæ.

Фæлæ зæронд хицæуттæ сæхи къуырмайæ дардтой адæмы фæндæттæм æмæ сæ хъуагдзинæдтæм. Æрмæст 1913 азы Хуссар Ирыстон бафæрæзта хицæуттæй ракурын Чъехы къæдзæх фехалыны тыххæй чысыл æххуыс.

Уыцы къæдзæх та ис тæккæ быдырмæ рафтæны. Фæндаг цыдис йæ рæбынты æмæ-иу уалдзæг Леуахийы дон ракалди къæдзæхыл æмæ иу хохы адæм ахстæй бадтысты хæхты цъассыты. Уæндон дæр-иу чи уыдис æмæ-иу доны чи баскъæрдта йæ бæх, уыдонæн-иу ласта сæ уæргътæ æмæ хатт сæхи дæр. 1914 азы хицæуттæ радтой 5000 сомы æмæ ацы ныхæстæ фыссæг йæхæдæг ракалдта Чъехы къæдзæхæй 6000 кубон метры дур æмæ дзы сырæзти уæрæх фæндаг.

Уыцы азæй суангдæр 1917 азмæ фæндаджы хъуыддаг Хуссар Ирыстоны баззади нымæгæй, уымæн æмæ уыдис хæсты рæстæг. Фæлæ уыцы аз, революцийы азы, Дзауы æрымбырд сты Хуссар Ирыстоны æвзæрст лæгтæ иу 60 адæймагæй. Цалдæр боны делегæттæ тæрхон кодтой адæмы хъуагдзинæдтыл.

Уæд æмбырд рахаста ахæм тæрхон: «Нæ хохбæстæн йе ’стырдæр низ у æвæндагдзинад. Нæ адæм хор хæссынц Цæгат Ирыстонæй. Уый тыххæй нæ хъæуы цæлхвæндаг аразын хохыл. Ацы хъуыддагыл архайынæн æвзæрст æрцæуæд Фæндагаразæг Комитет. Уый ссарæд амæлттæ æмæ бакусæд хохыл цæлхвæндаг саразыныл, цæмæй зæххъуаг Хуссар ивтонг цæуа Цæгаты хорæй».

Уыцы Комитетмæ бацыдысты: Санахъоты Уанкъа, Джиоты Никъала, Хъоцыты Георги æмæ ацы ныхæстæ фыссæг. 1918 азы Комитет байдыдта æхцайы фæрæзтæ æмбырд кæнын Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны дæр. Хохыл цёлхвæндаджы фæнд уый онг æхсызгон уыдис кæмдæриддæр æмæ фыццаг бон Дзæуджыхъæуы æрæмбырди 17.000 сомы. Уыдис ахæм лæгтæ, мингай сомтæ чи лæвæрдта.

Уыцы рæстæджы Цæгат Кавказы Финансты комиссар уыди Махарадзе Филипп. Уый хорз æмбæрста ирон адæмы фыдæбæттæ æнæвæндаджы аххосæй æмæ казнайæ 400.000 сомы радтын кодта фæндаджы арæзтадæн.

Фæндаджы Комитет æппæты фыццаг бавнæлдта Пацъайы хид аразынмæ, стæй Пацъайы хæрд æмæ уырдыг дзæбæх кæнынмæ. Дур дзы ракалдтам 1000 кубон сардзинæй фылдæр. Бавнæлдтам сыджыты куыстмæ дæр бирæ рæтты. Хос æмæ хуымгæрдæны зын арæн ссис кусæг тых æмæ уæд Калакæй æрбакодтам китайæгты. Уыдон бирæ бакуыстой, Хуыцъейы бакомкоммæ цы цъыфджынтæ ис, уым.

Фæндаджы куыст тыхджынæй-тыхджындæр кодта. Индзылер Собиты Инал æмæ ацы ныхæстæ фыссæг æрдыдысты Батуммæ æрвыст кусæн æрмæджытæ сфæрæз кæнынмæ. Уыцы рæстæджы уым ликвидаци æрцыд Батум — Трапезунды фæндаджы арæзтад æмæ дзы бирæ уыдис кусæнгарз. Уым фембырд кодтам алыгъуызон дзаума æртæ вагоны: 1000 путы динамит, 850 путы къæдзæххалæн топпы хос, 700 путы англисаг æндон буртæ аразынæн; 1000 белы, 100 ломы, стæй алыгъуызон дзæбугтæ, хъæсдарджытæ, куынцытæ, капсултæ æмæ ноджы бирæ цыдæртæ. Уыцы рæстæджы Гаглойты Георги уыдис Калачы цыдæр хицау æмæ нын уый бирæ баххуыс кодта Карелы станцæмæ сæ ласыны. Уырдæм уый фæстæ æрвыст æрцыд сæдæ уæрдоны æмæ æртæ вагоны æрмæг æрбаласт æмæ æфснайд æрцыд Хуыцъейы скъолайы.

Уыцы сæрд Фæндаджы Комитет æрбахуыдта индзылер Прозоровскийы. Уый сбарста фæндаг Къутыхы æфцæгыл, сарæзта йын проект æмæ сметæ дæр.

Иу ирд бон æрæмбырд сты кусджытæ Къутыхы раз. Иу зæронд лæг нын скуывта зæрдиагæй æмæ ферттывтой джиркъатæ, æфсæйнаг фыййæгтæ æмæ зарджытæгæнгæ райдыдтой къахын фæндаг Къутыхæн йæ хуссарфарс. Динамиты æхст фехъусын кодта хохы цæрджытæн, ирон адæм тох кæнын кæй райдыдтой æнæвæндагдзинадимæ.

Фæлæ не ’намондæн нæ фæндаджы куыст адарддæр кæнын нæ бон нæ баци: бæстæ байдыдта æнхъизын æмæ куысты мæт ничиуал кодта. Уыцы фæззæг меньшевиктæ бабырстой Хуссар Ирыстонмæ. Калм мыдыбындзытæм куыд бабыра æмæ уыдон куыд сызнæт кæна, раст афтæ меньшевикты æфсæдтæ дæр схæццæ кодтой ирон адæмы: бахордтой сын сæ хор, фергæвстой сын сæ фос, фæхастой сын сæ цыхтытæ, сæ тынтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый хуызæн рæстæджы фæндаджы куыстмæ нæ, фæлæ æндæр куыстмæ дæр ничиуал æртасыд.

Фæндаджы фарст та йæ къахыл слæууыд æрмæст 1924 азы Советон хицауады фæндæй. Уæд Цхинвалæй Дзаумæ райдыдтой фæндаг аразын æмæ ныр уыцы фæндаг у сау арæзт Уанелы мидæгæй Бæгъиаты суары онг.

Сæрды рæстæджы Цхинвалæй Уанелмæ дзæбæх цæуы автомобиль. Пацъайы доныл, Леуахийыл æмæ Чъимасы доныл арæзт фесты хорз бетонон æмæ æфсæйнаг хидтæ, кæцытæ байгом сты 1929 азы 10 ноябрмæ. Уыдонæй Пацъайы хид у 72 метры дæргъæн æмæ йæ бæрзæнд та у 22 метры. Хиды аргъ слæууыд 160 мин сомы. Фæскавказы нæй æндæр ахæм хид.

Фæндаг арæзтадыл бахардзи 750 мин сомы. Адæм фæндаджы куыстæн баххуыс кодтой 22.595 кусæгæй æмæ 3.300 уæрдонæй.

1927 азы марты мæйы 12 боны уыдис Хуссар Ирыстоны Советты æвдæм æмбырд. Уый ног æххæстгæнæг Комитетæн ныффæдзæхста: «Æнæ фæндаг фадат нæй нæдæр хъæууон хæдзарад сырæзын кæнынæн, нæдæр — культурæ райтынгкæнынæн. Уый тыххæй бахæццæ хъæуы Хуссар Ирыстоны фæндаг Рукъмæ æмæ ракурын хъæуы Мæскуыйы хицæуттæй, цæмæй ацы фæндаг ахиза Цæгат Ирыстонмæ».

Цæгат Ирыстоны дæр къаддæр нæ архайдтой ацы фæндаджы тыххæй. Тхостаты Гагуыдз 1919 азы фыста хицæуттæм: «Фæндæгты хъуыддаг Ирыстоны у кæуинагæй фыддæр. Нæ бæсты ис æрмæст фæд, æрмæст нæм фæндаг нæй. Нæ хæрдты æмæ нæ уырдгуыты бырон кæнынц хуымæтæджы уæрдæттæ дæр. Æппæты фыццаг у аразинаг хохыл фæндаг Зæрæмæгæй Цхинвалмæ. Уый цæуы Хуссар æмæ Цæгат Ирыстонæн йæ астæуты æмæ йæ фæрцы бауыдзæн нæ бон раргом кæнын нæ хæхты хæзнатæ, нæ диссаджы суæрттæ, нæ дæтты тыхтæ — «урс æвзалы».

Уый фæстæ Цæгаты Туалтæ (Нар, Захъхъа, Хъессаты хъæу æмæ иннæтæ) сæхæдæг байдыдтой фæндаг аразын Зæрæмæгæй мидæмæ— Захъхъагомы æмæ дзы батулын кодтой уæрдон иу 20 километры.

1925 азы сæрды Цæгат Ирыстон сбарын кодта индзылер Филковичæн æмæ техник Грейнæн цæлхвæндаг Къутыхы фахсыл æмæ балæвæрдта проект Ростовы хицæуттæм. Уым проектыл сразы сты æмæ йæ бавдыстой Мæскуымæ. 1928 азы 10 декабры Мæскуыйы æркастысты проектмæ æмæ рахастой ахæм уынаффæ: «Нæу бæрæг, хохыл фæндаг Къутыхыл хуыздæр у, æви — Рукъыл, Сбайыл, Тъехтыл. Нæу бæрæг, цас мит уары уыцы хæхтыл æмæ куыд тох кæнын хъæудзæн зæйтимæ. Уый тыххæй Ростовы хицæуттæ ногæй сбарæнт хохыл фæндаг Хуссарæй Цæгат Ирыстоны ’хсæн, кæцы æфцæгыл хуыздæр у, ууылты æмæ йын саразæнт уæлзæхты проект дæр æмæ, кæд бахъæуа, уæд — туннелы вариант дæр».

Ацы тæрхонмæ гæсгæ 1929 азы зымæджы æз æмæ Цæгат Ирыстоны бæрнон индзылер Хетæгкаты Дауыт æркодтам Ростовмæ, хохвæндæгтæ барынмæ дæсны чи у, ахæм индзылер К. Саверины. Зымæджы уый баурæдта иу-аст хъусдарæджы, кæцытæ барстой æфцджыты миты бæзн, зæйты бынæттæ, хохы уазал æмæ æндæр ахæмтæ. Мит куы батад хæхтыл, уæд индзылер Саверин æркодта Ставраполæй 25 уырыссаджы æмæ июлы мæйы байдыдта барын Зæрæмæджы фадыг Уанелы онг. Уыцы стыр куыстæн бахъуыд æртæ мæйы. Цæгат Кавказы «Крайдортранс» кæронмæ нæ фæхæццæ кодтаид хъуыддаг иу сæрд, фæлæ Хуссар Ирыстоны Централон Æххæстгæнæг Комитет алцæмæй дæр æххуыс кодта уыцы куыстæн: лæвæрдта фæндагбарæг партийæн ссад, сæкæр, æхца. Сентябры мæйы Къутыхыл æруарыд мит æмæ ма барджытæй хохыл чи уыдис, уыдон тынг тыхстысты. Уæд сын Хуссар Ирыстоны ЦÆК радта техникон кусджытæ æмæ та хохы сæрты барын дæр фæхæццæ кæронмæ.

Ручъы хохы бынты туннелы вариантæн бахъуыдис топографтæ (зæхбарджытæ), уымæн æмæ Сохсы хохæн нæй йæ сæрты ахизæн æмæ уый аккаг инструменттæ нæуыд индзылер Саверины партимæ. Ахæм топографтæ радта Цæгат Ирыстоны Æххæстгæнæг Комитет —индзылер Ивановы æмæ техник Бакуненкойы. Уыдон сарæзтой Ручъы хохæн триангуляци æмæ базыдтой туннелы дæргъ афтæмæй.

Уый хуызæн куыстыты фæрцы сырæзти хохыл фæндагæн цыппар варианты:

  1. Æппæты фыццаг вариант Къутыхы хохæн йæ сæрты фæндаг. Уый райдайы Зæрæмæджы дæле, Æрыдоны сæрты цы хид ис, уырдыгæй æмæ æрбацæуы донæн йæрахис фæрсты, Цымийы цур ахизы Захъхъайы донæн йæ иу фарсмæ, стæй Сласы бынты, Поты фæзыл æмæ Захъхъагомы доны былты Дæллаг Пуриты бынмæ. Уым, ветеринарон посты цур, къæдз-мæдзытæй схæрд кæны Кьутыхы æфцæг æмæ Магъыл, стæй Дзомагъгомыл рахауы Бæгъиаты суармæ æмæ уым иу кæны Хуссар Ирыстоны арæзт фæндагимæ. Зæрæмæджы дæле хидæн йæ дæргъ у 58,2 метры.

Цæгат Кавказы «Крайдортранс» æмæ «Севкавплан» ацы вариантæн йæ аргъ бавдыстой Мæскуымæ: 6593261 сомы.

Цæмæй ахæм фæндаг зымæджы рæстæджы бирæ ма фæуа æхгæд, уый тыххæй йын хъуамæ саразой зæйдзæуæнты æхгæд галереятæ. Фæндаг уымæн афтæ зынаргъ слæууыд.

  1. Дыккаг вариант «Ц» у цыбыр туннелимæ Къутыхы æфцæгæн йæ тæккæ бæрзæндты. Туннелæн йæ дæргъ у 3,135 километры. Йæ сæр цæгатырдыгæй нысан у Къутыхы фахсыл раст фыййæутты сæрдыгон дарæны цур. Хуссары ’рдыгæй рахизы Магъы хуымтæн сæ сæрмæ. Туннелы хуынкъæн йæ уæрх у 5,5 метры, йæ бæрзæнд — 4,5 метры. Зæрæмæгæй Уанелмæ ацы варианты аргъ у 6885701 сомы, фæндаджы дæргъ та у 42,41 километры.
  2. Æртыккаг вариант «Б» у ноджы уыцы туннелы фæндаг, æрмæст даргъдæр туннелимæ уыцы хохы бынты. Туннелы дæргъ у 4,655 километры. Ахæм туннелæн къæдз-мæдзы фæндаг аразын никуы хъæуы Къутыхы фахсыл. Цæгатырдыгæй туннелæн йæ бахизæн у Дзахойы комы цур, Хъессаты зæронд куырæйтты мидæгæй, Захъхъайы донæн та йæ галиу фарс. Хуссары׳ рдыгæй: туннелæн йæ рахизæн ис Магъы хуымты бын.

Ацы вариантæн йæ аргъ бавдыст æрцыд Мæскуымæ 6378184 сомæй. Зæрæмæджы дæле хидæй Бæгъиаты суармæ фæндаджы дæргъ у 36,91 километры.

  1. Цыппæрæм вариант у даргъ туннелимæ, фæлæ Ручъы хохы бынты. Растдæр куы зæгъæм, уæд Сохсы хохы бынты. Уыцы туннел дæр у 4,583 километры дæргъæн. Цæгатырдыгæй йæ бахизæн у иннæ туннелы вариантæй иу километр мидæгдæр, раст ветеринарон посты цур, — хонынц æй Бæласы ком æмæ уый хъæдрæбын (Тъойы комæй Хуыры комы астæу). Хуссарырдыгæй уыцы туннел хъуамæ рахиза Мидæггаг Ручъы сæрвæтты, хъæуæй иу километр мидæгдæр цы къуылдым ис, Дзыгуыртæ, зæгъгæ, уый рæбынмæ.

Ацы вариант уымæй хорз у æмæ туннелы хуынкъæй дæлæмæ фæндаг цæуы уæрæх æмæ райдзаст бынаты, Ручъы хуымтыл. Суанг Бæгъиаты суармæ никуы зæйцæуæн ис, никуы — лæсæн. Центрæй нæм цы лæгтæ уыдис сæрды, уыдон æй хорз схуыдтой фидæны нарæг æфсæйнаг фæндагæн, кæнæ электроны тыхæй ласынæн. Ацы варианты аргъ рауадис къаддæр — 5424359 сомы. Фæндаджы дæргъ та у 39,60 километры.

Ацы варианттæй «Крайдортранс» æрæджы сарæзта æххæст проекттæ æмæ сæ бавдыста Мæскуыйы Фæндæгты Комиссариатмæ. Ирыстоны фæллойгæнджытæ ацы фæззæг базондзысты, хицауад фæндаг арæзтадæн рауадздзæн æхцайы фæрæзтæ æви нæ, æмæ уымæйдæр бæрæг уыдзæни, цыппар вариантæй кæцы араздзысты, уый.

Ам ма хъуамæ уый дæр зæгъон æмæ иу-цалдæр организацийы рахастой фæндæттæ, цæмæй туннелимæ арæзт æрцæуа фæндаг. Уыдон сты: Хуссар Ирыстоны Æххæстгæнæг Комитеты дыккаг Сесси, Цæгат Ирыстоны Æххæстгæнæг Комитет, Гуырдзыстоны Фæндæгты арæзтады хицауад — УПШОС, Фæскавказы Фæндæгты Хицауад—ГРУЗМЕС, Фæскавказы Адæмон Комиссариат — ЗАКСОВНАРКОМ, Цæгат Кавказы Фæндæгты Хицауад — КРАЙДОРТРАНС, Фæскавказы Сырх Æфсады штаб æмæ Цæдисы Сырх Æфсады Сæйраг штаб. Фæстаг дыууæ æфсæддон хайы загътой (сæхи фыст гæххæттытæ Хуссар Ирыстоны ЦÆК-ы сты) ахæм фæнд, цæмæй бахъуыды боны сбæзза нарæг æфсæйнаг фæндагæн, кæнæ электроны тыхæй ласынæн.

Ахæм у хохыл фæндагæн йæ истори æмæ йе ’вæрд абоны онг, фыццаг декабрмæ. Цæмæй алы хъуыддагæй дæр æххæст уа фæндаджы фарст, уый тыххæй ма бакодтам иу куыст — æрхуыдтам ацы сæрды геологты.

Рукъ æмæ Магъы æфцæджыты геологон басгæрст

Фæндаг хохы сæрты арæзт куы æрцæуа, уæд уыдзæн æрдæг арæзт, уымæн æмæ зымæг мит, зæйтæ, тымыгъ нæ бауадздзысты транспорты змæлын.

Хохыл фæндаг хъуамæ сырæза туннелимæ, цæмæй æнæхъæн аз куса фæндаг Цæгат Кавказæй Фæскавказмæ. Ис туннел аразæн нæ хæхты бынаты æви нæ, уый базоныны тыххæй ацы аз, Крайдортрансы разыдзинадæй, Хуссар Ирыстоны Æххæстгæнæг Комитет æрхуыдта Цæдисы зынгæ геолог, академик Ф. И. Левинсон-Лессинджы. Уый сентябры мæйы цалдæр боны дæргъы базонгæ куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Цæгатæрдыгæй дæр, хохыл фæндаджы проекты туннел нысангонд кæм уыдис, уыцы бынæттимæ.

Академик Левинсон-Лессинг йæ геологон афысты нысан кæны, зæгъгæ, Магъ æмæ Ручъы хæхтæ сты шиферæй конд, ома цъæх къæй дурæй конд. Ацы дур ма хонынц чъыры дуры мыггаг — феллиттæ дæр. Къæдзæхы тæгтæ сты къулæвæрд 20°—87° æмæ лæууынц цæгатхурскæсæнырдæм. Тæгтæ не сты ссæст, нæдæр хæлд æмæ туннел æркæлынæн нæу тæссаг, нæ йæм бахъæудзæни стыр быцæутæ æвæрын.

Дыууæ хохы бын дæр нæй интрузивон мыггаг —диабазтæ æмæ дациттæ, кæцытæ арæх сты Бурсачъир æмæ Архоты хæхты.

Дыууæ хохы бын дæр ис туннелтæ аразæн, фæлæ дур фæдгæ æмæ бырон кæй кæны, уый тыххæй туннел мидæгæй бахъæудзæни астæрын цемент æмæ дурæй.

Туннелы куыст кæмдæриддæр цæудзæнис тæгты ныхмæ. Ацы тæгтæ туннелимæ фæрсæй-фæрсмæ никуы ацæудзысты æмæ уый тынг пайда у йæ фидардзинадæн.

Туннел уыдзæн денджызæй 2000 метры бæрзонддæр, хохы рæбынæй та—100 метры. Уымæ гæсгæ туннелæн йæ астæу тæвд иууыл фылдæр уыдзæн 32, кæнæ 29 градусы. Туннел уыдзæн 4,5 километры дæргъæн æмæ ахæм цыбыр туннелæн ацы тæвд тæссаг нæу.

Ацы дыууæ туннелæй мах хъуамæ хуыздæр схонæм Ручъы туннел, уымæн æмæ Магъы вариантæн йæ хуссар портал ис дуры зæйы бын. Афæдз Магъы дон цалдæр хатты раивылы æмæ рахæссы сау донимæ бирææ хуыры рæдзæгъдтæ æмæ ахæм хъуыддаг хорз нæу туннелмæ æввахс.

Магъы цыбыр туннелы вариант æппындæр ницæмæй хицæн кæны геологон хъуыддагæй иннæ вариантæй.

Магъ æмæ Ручъы хæхты бын никуы разындзæн нæдæр хъæрмдон, нæдæр газ, туннелы куыстæн тæссаг чи у, ахæмтæ. Уыдзæнис дзы уазал суадæттæ, фæлæ уыдон хъыг ницы бадардзысты.

Æрмæст бæрæг нæу, уыцы фæндаг кусдзæн æнæхъæн афæдз, æви нæ æмæ йæ уый тыххæй ныууадзын хъæуы.

Левинсон-Лессинг геологон бакастæй ахæм аргъ скодта хохы туннелы бынæттæн æмæ кæд Центры хицæуттæм фидар фæнд разына, сразы уой туннелимæ сомбонæн бæззон фæндаг саразыныл, уæд хъуыддаг цух ницæмæйуал у: зонæм æй ныр, нæ хæхты бынты туннель аразæн кæй ис.

Цæмæн хъæуы фæллойгæнæг адæмы хохыл фæндаг?

Хохыл фæндаджы тыххæй цы цыбыр истори радзырдтам, уый нын æвдисы, ацы хъуыддагыл рагæй æмæ бæстонæй кæй архайынц бынæттон хицæуттæ, иугай лæгтæ æмæ æнхъæлмæ кæй кæсынц хохы адæм дæр æмæ быдыры цæрджытæ дæр. Хохыл фæндаг цы пайда ратдзæн адæмæн дæр æмæ æнæхъæн Цæдисæн дæр, ныр та адзурæм уыцы фарстыл.

а) Хуссар Ирыстоны зæххъуагдзинад

Куы акæсæм нæ сыхæгтæм, уæд уыдон ныхмæ Хуссар Ирыстоны зæххъуаг стыр диссаг у, комкоммæ — фæндырты цæгъдинаг. Иу удгоймагмæ зæхх хауы: кæсæджы 4 десетины, мæхъæлы—1,67 æмæ Хуссар Ирыстоны та — 0,24 десетины.

Кæй зæгъын æй хъæуы, уый хуызæн зæххъуаг адæм никуы бафсæдынц сæхи хорæй æмæ йæ хъуамæ æлхæной æндæр искуы, кæнæ лидзой æндæр бынæттæм. Хуссар Ирыстонæй чи фæлыгъд, уыдонæй сырæзт æнæхъæн хъæутæ Цæгат Ирыстоны — Ногир, Сындзыхъæу, Дугъон, Змейкæ æмæ æндæртæ. Бынаты ма дзы чи цæры, уыдон хор æлхæнынц Цæгат Ирыстоны. Уым хор у Фæскавказæй æмæ Хуссар Ирыстонæй фондз хатты асламдæр.

Мæнæ цифрæтæ: Хуссар Ирыстоны удгоймæгтæ ис 92000 адæймаджы, Цæгат Ирыстоны та — 150000.

1925 азы хор алы удгоймагмæ дæр хауд Хуссар Иры 8 путы æмæ Цæгат Иры та — 47,4 путы. Бæхтæ Хуссар Иры уыд 1900, фалæ та — 34.300, хъомтæ Хуссар Иры уыд 32900, Цæгат Иры та — 75000, лыстæг фос Хуссары уыд 35 мины æмæ фалæ та — 114900.

Ацы цифрæтæй зыны, хор Цæгат Ирыстоны бирæ кæй ис. Хохыл цæлхвæндаг куы уаид, уæд Хуссар хор асламæй арид Цæгаты. Цæгат Ирыстонæн та фадат уаид йæ уæлдай хор уæйкæнынæн. Бæстон бæрæггонд куыд у, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстон æддæ бæстæй æрвылаз дæр ласы 600.000 путы.

æ) Хуссар Ирыстоны хъæд

Куыд бæрæг у, афтæмæй Хуссар Ирыстоны ис 237.800 десетины хъæд — фылдæр наз æмæ нæзы, тæрс æмæ тулдз. Хъæдæн йæ фылдæр ис Кавказы сæйраг хохы хуссар фæрстыл. Йæ раласын Фæскавказырдæм у тынг зын хъуыддаг, уымæн æмæ, иуæй дард у, иннæмæй та хохы дæттæ хъæд уадзынæн бæззон не сты. Цæгат Ирыстоны Садоны маданты хъæуы бирæ хъæдæрмæг туннелтæ фидар кæнынæн æмæ йæ ласынц Уырысæй æфсæйнаг фæндагыл 1000 километры дæрддзæгæй, стæй та 45 километры — уæрдонæй.

Хохы куы уаид цæлхвæндаг, уæлдайдæр та туннелимæ, уæд Хуссары хъæд ласиккой Садонмæ дæр æмæ Цæгаты цæрджытæн дæр сæ хæдзайраг хъуагдзинæдтæн, уымæн æмæ Туалтæм нæй бæстыхай аразæн хъæд æмæ йæ ныр дæр ласынц стыр тухитимæ, хохы сæрты, сæрды рæстæджы.

Ноджы Хуссар Ирыстоны хъæд ласиккой Грознæйæ нефты гуырæнтæм: уым сæ цы хъæдæрмæг хъæуы, уый ласынц дард Уырысæй æмæ сын аслам уаид Хуссар Ирыстоны хъæд.

б) Хуссар Ирыстоны хизæнтæ

Хуссар Ирыстоны ис 25200 десетины сæрвæт, фос кæм хизынц сæрд, ахæм бынæттæ. Фæлæ ма дзы ис, фос кæдæм не ’фтынц, ахæм бынæттæ дæр 10.000 десетины. Алы фысæн дæр десетины цыппæрæм хай куы рахицæн кæниккам, уæд дæр ма Хуссар Ирыстоны баззаид 17.000 десетины æрыскъæрæггаг фосæн. Афтæмæй Цæгат Ирыстоны фос бирæ ис, фæлæ сæм сæрвæт нæ хауы 1/12 десетинæй уæлдай. Уый тыххæй Цæгаты фосдарыны хъуыддаг хизæнæй цух у. Хохыл куы уаид фæндаг, уæд Цæгат скъæриккой сæ уæлдай фос Хуссары хизæнтæм. Ныр дæр Дыгур æмæ Уæлладжыры цæрджытæ фескъæрынц сæ фос Хуссармæ, фæлæ стурты нæ уæндынц хохы къахфæндæгтыл скъæрын, уымæн æмæ мæцъæл рæстæджы фæсвæдмæ хауынц æмæ сæфынц. Стæй дæр хохыл мит раджы æруары æмæ фос сæ рæстæджы скъæрд куынæ баййафой, уæд баззайдзысты фæсхох æмæ фесæфдзысты.

в) Ирыстоны «урс æвзалы»

Куыд Хуссары, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр ис æнæкæрон бирæ доны тых — «урс æвзалы». Ирыстоны дæттыл турбинæ æвæрд ис æрмæст Садоны. Уым дон хауы 300 метры бæрзæндæй æмæ æртæ Пелтоны цалхы дæдтынц 3.000 вольты. Дыккаг электростанцæ та аразы хицауад Джызæлы доныл. Уым турбинæтæ дæтдзысты 32.000 бæхы тыхы.

Уыдоны æдде ма Ирыстоны ис бирæ ахæм бынæттæ, сæ донхауæн 500 кæнæ 1000 метры бæрзæнд кæмæн у. Зæгъæм, Хъелы цадæй. Уырдыгæй цæуы иу дон. Ууыл арæзт ис хъæуккаг куырæйттæ. Уыцы дон Згъуыбирырдæм лæг куы рауадзид трубæты, уæд йæ хауæн уаид æппынкъаддæрæй 1000 метры. Хъелы цадæн йæхи мидæг ис суадæттæ, сæ бæрзæнд денджызæй у 2.738; метры, Згъуыбирæн та — 1700 метры.

Чысылдæр хауæнтæ, фæлæ уæддæр бирæ бæхы тыхтæ æмбæхст ис Брытъаты доны, Тлийы доны, Ципраны доны, Леуахийы, Пацъайы, Æрыдоны æмæ æндæрты.

Кæй зæгъын æй хъæуы, Ирыстоны цæлхвæндаг куы уаид, уæд ацы дон дзæгъæлы нæ цæуид, фæлæ йыл саразиккой алыгъуызон фабриктæ, заводтæ æмæ станцæтæ. Зæгьæм, гæххæтты фабрикæ, кæцы домы бирæ æмæ аслам тых. Саразæн ис цементы æмæ хъæды къуымбилы фабриктæ.

г) Ирыстоны хохы хæзнатæ

Бæрæг куыд у, афтæмæй æгас Цæдисы, Садоны йеттæмæ, зды æмæ цинк никуы ис. Нæ бæстæ ма цы фæцух вæййы, уый та фæсарæнтæй æрбаласы. Зды зынаргъ у паддзахад хъахъхъæнынæн. Уый афтæ кæй у, уый тыххæй ацы аз нæ хицауад Садоны мадантæ фæхуыздæр кæнынæн радта 12 милуан сомы.

Фæлæ, æвæндаджы аххосæй, Садонæн дæр йæ бон бирæ фæфылдæр кæнын нæу здыйы скъахт. Хохыл куы уаид цæлхвæндаг, уæлдайдæр та туннелимæ, уæд Хуссар Ирыстоны цы мадантæ разындис, уыдон ласиккой Садонмæ зды аразынмæ.

Ацы фæстаг рæстæджы Минералогийы институт басгæрста Хуссар Ирыстоны æмæ ссардта:

  1. Здыйы мадан Къуайсайы комы, Стыр донмæ æзвахс. Анализ сын сарæзтой Калачы æмæ дзы разынди 50 проценты цинк æмæ 12,8 проценты та — зды.
  2. Здыйы мадантæ — Скъæты комы. Ам ис 55 проценты зды.
  3. Зды æмæ цинчы тæгтæ Хуыцъейæ Бурсамдзелийы астæу.

Уыцы институт ма сбæрæг кодта цинк æмæ зды Карзманы, стæй Хихаты фахсыл (Цъоны цур) æмæ Раздæрон комы.

Ацы мадантæ Хуссар Ирыстоны кусын зын у, уымæн æмæ сын хъæуы Кавцинчы хуызæн завод. Уый слæудзæни тынг зынаргъ. Фæлæ фæндаг куы уаид, уæд сæ ласиккой центрмæ — Дзæуджыхъæумæ æмæ нæ Цæдис зды æлхæнынмæ нал цæуид фæсарæнтæм.

Ис ма Хуссар Ирыстоны, Кавказы хохы фахсы алыгъуызон дур-сланец. Уый фæды хъуариау æмæ йæ ласиккой Уырысмæ бæстыхæйттæ агъуындынæн, уæлдайдæр та хъæмпæй кæм агъуындынц, уырдæм, фæлæ нæй нырма цæлхвæндаг хохыл.

Бонджын у нæ бæстæ ноджы гранитæй, андезитæй, хæДзарамайæн туфæй, гипсæй, цементæй, дурæй, фæлæ æнæ фæндаг уыдон лæууынц сæ бынæтты æнæ пайдайæ.

д) Ирыстоны курорттæ æмæ суæрттæ

Хохыл куы ахиза цæлхвæндаг, уæд Ирыстоны сырæздзæн бирæ хорз курорттæ. Аразинаг фæндагæн йæ алыварс ис алыгъуызон суæрттæ 60 бæрц.

Ацы сæрд профессор Славянов айдагъ Ручъы зылды басгæрста 60 суары æмæ сын сарæзта анализтæ. Едысы суар æхсæв æмæ бон дæдты 10.000 литры суар. Дзауы суар ахуыртæ схуыдтой æрмæст рынчынтæн дæдтинаг. Æрвылбон æддæмæ ласынц 1.200 авджы. Бæгъиаты суар ахсæны низтæ кæны дзæбæх. Уыдонæй æвзæрдæр не сты Уанелы, Згъуыбиры, Ахуыбаты, Брытъаты, Ерманы æмæ иннæ суæрттæ.

Цæгат Ирыстоны дæр ис бирæ суæрттæ. Зæрæмæджы суар бон æмæ æхсæв дæдты 10.000 ведрæйы, Тибы суар — 300 ведрæйы. Нары суар — 25.000 ведрæйы, Згъилы суар — 100.000 ведрæйы, Тæмисчъы суар — 5000 ведрæйы. Бирæ адæм зонынц Цъæйы цъити æмæ Цъæйы курорт. Æвзæрдæр не сты Мзур, Уынал, Урсдон. Ам диссаджы хъарм вæййы зымæгон.

Фæлæ цалынмæ цæлхвæндаг сырæза, уæдмæ сæ ничи зондзæн мах йеттæмæ. Æрмæст цæлхвæндаг сараздзæн ацы бынæттæй æмæ ацы суæрттæй пайдайы къæбицтæ бынæттон адæмæн дæр æмæ æрцæуæг адæмæн дæр.

Хохыл фæндаг куы сырæза, уæд Цæдисæй фæгуылф кæндзысты æнæмæнгæй туристтæ Хуссар Ирыстонмæ, уымæн æмæ рæсугъддзинадæй ацы фæндаг бирæ зынгæдæр уыдзæн иннæтæй — Арвыкомы фæндагæй æмæ Мамысоны фæндагæй.

е) Кæцы районтæ хауынц хохыл фæндагмæ?

Хохыл фæндаг хъуамæ байдайа Зæрæмæджы, æрбацæуа Захъхъагомыл, стæй Къутыхы æфцæгыл кæнæ Ручъы æфцæгыл рахиза Леуахигоммæ æмæ доны былты ныццæуа Гурмæ.

Ацы фæндагмæ Цæгат Кавказæй хауынц Туалтæ, Зæрæмæг, Нар, Джинат, Зруг, Хъессаты хъæу, Захъхъа æмæ бирæ æндæр хъæутæ, кæцытæ сты пырх Зруггомы, Джинатгомы, Захъхъагомы æмæ Гуыркъуымты комы.

Хуссар Ирыстоны кæмттæ иууылдæр хауынц хохыл фæндагмæ: Дзауы ком, Дзомагъгом, Урстуалтæ, Пацъагом, Чысыл Леуахигом, Чъимасгом æмæ æндæртæ. Æрмæст Хурыскæсæнырдыгæй Ахалгуры зылды æмæ Монастъеры зылд хауынц Чсаны станцæмæ.

Гуырдзыстонæй хохыл фæндагмæ хауынц, Цхинвалæй Гурмæ фæндаггæрон цы хъæутæ ис, уыдон: Диц, Тхъуиау, Медзырысхеу æмæ Хелтубаны зылдтæ.

Цæгат Туалтæ ахсынц 405 квадратон километры, Хуссар Ирыстонæй ацы фæндагмæ чи хауы, уыдон зæхх та ахсынц 3.911 квадратон километры. Гуырдзыстонæй йæм чи хауы, уыдон зæхх та у 328 квадратон километры. Æдæппæт хохыл фæндагмæ хауы 4554 квадратон километры.

Хохыл фæндагмæ цы зæххытæ хауынц, уыдоныл ис цæрæг 113563 адæймаджы. Уыдонæн сæ 80% сты ирæттæ, иннæтæ гуырдзиæгтæ, сомихæгтæ, дзуттæгтæ æмæ æндæр мыггаг адæм.

1922 азæй 1926 азмæ цы сфыстытæ уыдис, уыдонмæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæ фæфылдæр сты Цхинвалы 18% æмæ хъæуты та — 9,2%. Афтæ зынгæ фылдæр кæнынц Хуссар Ирыстоны цæрджытæ.

Хохыл фæндагмæ цы зæххытæ хауынц, уыдоны æфсæйнаг фæндаг æппындæр нæй. Дурцъар фæндаг ис стæм рæтты — Цхинвалæй Гурмæ. Иннæ фæндæгтæ сты æнæ хъæбæрцъар, сæ дæргъ у 313 километры. Алы 10000 цæрæгмæ ахæм фæндагæй хауы æрмæст 35,9 километры. Цæгаты Туалтæм ис 27 километры ирон бæхуæрдонæн бæзгæ фæндаг. Канд хохыл фæндаджы йеттæмæ ма, фондзазон планмæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны хъуамæ сырæза 286 километры фæндæгтæ иу-дæс раны. Уыцы фæрссаг фæндæгтæ се ’ппæт дæр хаудзысты сæйраг фæн¬дагмæ, ома хохыл фæндагмæ (Зæрæмæг — Гурмæ).

Фæрссаг фæндæгтæй стырдæр уыдзæни Цхинвал — Оны фæндаг. Уый, Пацъагомыл, Къуыдар æмæ Хъемултайы зылдты баиу кæндзæн хохыл фæндагмæ. Стæй сырæздзæн фæндаг Рукъæй Едысмæ дæр, уымæн æмæ Едысæн сомбон йæ суары тыххæй курорт æнæ суæвгæ нæй. Цхинвалæй Уанатмæ æмæ Ленингормæ фæндаг дæр баиу кæндзæн Чысангомы хохыл фæндагмæ.

ЦАС ÆМÆ ЦЫ ЛАСДЗЫСТЫ ХОХЫЛ ФÆНДАГЫЛ?

Цæмæй ацы фарстæн дзуапп радтын бафæразæм, уый тыххæй хъуамæ æрымысæм, цы аразынц нæхимæ, цы æрбаласæм нæхуыдтæг æддаг бæстæй æмæ цы хуызæн у нæ зæхх? Хуссар Ирыстоны цæрæг адæмæй æмæ Цæгат Туалтæй 90 проценты сты хъæууон адæм: зæхкусæг æмæ фосдарæг. Цхинвалы алыварс æмæ уырдыгæй Гурмæ та кæнынц дыргъы куыст. Хохыл фæндагмææ цы зæххытæ хауынц, уыдон дих кæнынц афтæ: хуымзæххытæ 38,50; сæндæттæ — 0,59; дыргъдæттæ — 0,52; уыгæрдæнтæ — 4,30; сæрвæттæ — 53,70; хъæд цы зæххыл рæзы — 271,70; æнæбæзгæ зæхх — 39,40; хъæубынæттæ — 0,85; нæууытæ — 18,70 мин гектары. Æдæппæт та — 418,39 мин гектары.

Ардыгæй зыны, нæ адæм тынг зæххъуаг кæй сты. Нæ адæмы афæдз хъæуы 29,7 мин тоннæйы хор, зайгæ та нæм æркæны (их æй куынæ фæцæгъда, кæнæ сигæ куынæ бакæна, уæд) 19,2 мин тоннæйы. Æндæр бæстæтæй нæ адæм хор æрбаласынц 10 мин тонны.

Статистикæмæ гæсгæ нæм афæдз дыргъ зайы 10 мин тоннæйы, сæнæфсир та — 2.300 тоннæйы.

Къуымбил дæдтынмæ ирон фыс хорзыл нымад цæуы. Ирон хъуг чысыл дæдты æхсыр, фæлæ уыйхыгъд йæ гъæд хорз у. Ирон цыхт зындгонд у æнæхъæн Кавказы. Аразынц æй алы хæдзары дæр æмæ ма Ручъы, Цъоны, Едысы æмæ æндæр рæтты заводты дæр. Афæдз нæм цыхт ахсынц 1.310 тоннæйæ фылдæр.

Мыдыбындзыты чыргъæдтæ бирæ уыдис Ирыстоны, фæлæ нæ 1920 азы Гуырдзыстоны меньшевиктæ куы басыгътой, уæдæй фæстæмæ фесæфтысты, æндæра уыдон бирæ пайда лæвæрдтой мыдæй æмæ мыдадзæй кусæг адæмæн. Ацы хъуыддаг нæм сомбон ногæй хъуамæ срæвдз уа æнæмæнгæй.

Нæ хъæдæй æрвылаз дæр ласæн ис 216 852 такс. метры. Цхинвалы хырхæйфадæн завод афæдз дæдты 200 мин кв. вершочы.

Чъыр нæм судзынц Хслеб æмæ Чъехы 1 200 тоннæйы. Цхинвалы цы комбинат рæзы, уый афæдз дæтдзæн 700 мин кубон футы фастхъæд, 200 тоннæ хъæды къуымбил, 100 мин квадратон метры паркет, 1 000 кубон метры фанер, 100 мин къæлæт бандоны, 10 мины цæлхытæ.

Цхинвалы завод сыгъд дур (агуыритæ) афæдз аразы 4,5 мин.

Дыргъкуыстгæнæн Цхинвалы завод дæдты афæдз хус дыргъ 160 тонны, Тхъуиауы — 320 тонны. Тæрс хъуари нæм фадынц Оконайы, Дзауы æмæ Цхинвалы зылдты, наз хъуари та — Ручъы зылды. Дурынтæ, хъуырæуттæ, быркуытæ æмæ æндæр ахæм мигæнæнтæ аразынц Монастъеры зылды.

Нæ экономикон цардæй цы ранымадтам, уыдонмæ гæсгæ нæ бон у зæгъын, нæ бæстæйæ æддæмæ цы ласдзыстæм хохыл фæндагыл, уый. Уыдон иууыл иумæ уыдзысты 38.150 тоннæйы.

Мидæмæ та ласдзыстæм: хор, ссад, нартхор, мæнæу — 13000 тонны, хъуымац, æндах, дарæс 640, цæхх — 2300, фæтæген—1150, сау æвзалы, кокс— 1780, æфсæйнаг æмæ цæнгæт — 500, къахыдарæс, авг, тамаго, гæххæтт — 5750, лыстæг дзаума — 200 тоннæйы.

Химидæг нæм ласдзысты фаст хъæдырмæг, асыччытæ, цæлхытæ, хъæды къуымбил, тæрс æмæ назы хъæд. Цхинвалы комбинатмæ: суг, æвзалы, картоф æмæ æндæр лыстæг ласинæгтæ æдыппæт 12.820 тоннæйы.

Иууыл иумæ экспорт, импорт, химидæг ласинæгтæ æмæ транзит — 86.290 тоннæйы.

Нырдæр Цхинвалæй Гурмæ æрвылбондæр автомобилтыл æмæ файтонтыл цæуынц бирæ адæм. Хохыл фæндаг куы сырæза туннелимæ, уæд срæвдз уыдзæни хохы хæзнаты куыст, цæудзысты адæм курорттæм, суæрттæм, цæудзысты нæм туристтæ. Ирыстоны цæрджытæн сæ фылдæр æрдæг цæудзысты ацы фæндагыл.

Фæтынгдæр уыдзæн фосыскъæрыны хъуыддаг дæр. Ныр дæр Цæгат Кавказæй Фæскавказмæ адæм скъæрынц бирæ фос дарынмæ æмæ æргæвдынмæ. Уымæй уæлдай ма, Хуссар Ирыстоны уæлдай, сæрдыгон фосхизæнтæм Цæгатæй скъæрдзысты бирæ фос, Хуссарæй та Цæтаты зымæгон дарæнтæм цæудзысты фос. Уыцы фосы нымæц хиздзæн 120 000 сæры онг.

Ныууадзæм уал, хохыл фæндаг цæугæ адæмы кæй ласдзæн, уый. Ныууадзæм уал, цы фос ыл ласдзысты, уый дæр. Иннæ ласинæгтæ уæддæр сты 86,290 тоннæйы, кæнæ та — 5260000 путы. Ацы уæзтыл ахъуыды хъæуы.

Мæскуыйы фæндæгты хисдæр уынаффæдон «Цудортранс» цы проект сарæзта, уымæ гæсгæ цыдæриддæр фæндагыл афæдз ласой, уый уыдзæн 20 мин тонны (1.250 ООО путы), уыцы фæндаг хъуамæ уа Цæдисон фæндæгтыл нымад, паддзахадон фæндаг æмæ аразой Цæдисы бюджетæй.

Минималон ласинæгты нымад хохыл фæндагыл дæтты 5 милуан путы æмæ ахæм фæндаг æнæ арæзтæй хъуамæ бирæ мауал баззайа.

Цы пайда дæтдзæн хохыл фæндаг адæмон хæдзарадæн?

Цас фæндаг хуыздæр арæзт уа, уыйас иу килограмм иу километрмæ аласæггаг лæууы асламдæр. Æркæсæм уыцы цæстæй Зæрæмæгæй Гурмæ хохыл фæндагмæ.

1925 азы Мæскуыйы хицæн Комитет сбæрæг кодтаг куыд иу пут иу километры хуымæтæг фæндагыл аласыны аргъ у 0,65 капеччы. Дурцъар арæзт фæндагыл (сосæ фæндагыл) та лæууы 0,29 капеччы, ома дыууæ хатты асламдæр.

Ацы рæстæджы Цхинвалæй Гурмæ иу пут иу километры ласæггаг лæууы дыууæ капеччы. Дурцъар фæндагыл та лæууы 1/2 капеччы (1925 азы æхцайæн йæ тых фылдæр уыд!), ома— 1,5 асламдæр. Хохыл фæндагыл банымадтам ласинаг Зæрæмæгæй Гурмæ 86 290 тонны. Иумиагæй уыдон ласинаг куы уаиккой æрмæст 50 километры, уæддæр хохыл фæндагæн йæ куыст уыдзæн 86290×50 = 4,4 милуан километры æмæ уый адæмон хæдзарадæн æрвылаз дæр пайда радтид 4,4×61=4 милуан соммæ хæстæг.

Уый афтæ нысан кæны æмæ 4,5 километры туннел куы фæхуынкъ уаид хохы бынты, уæд уый слæууид 4 милуан сомы æмæ сæ айдагъ иу азмæ адæм фæстæмæ райсиккой. Адæмы æхца йыл цы бахардз уаид, уый адæм иу азмæ фæстæмæ райсиккой.

Цы стæм æнæ фæндаг æмæ цы уыдзыстæм хохыл фæндагимæ?

Хохыл нын фæндаг куынæ уа, уæд нæ бæстæ у Хуссары дæр æмæ Цæгаты дæр къæппæджы хуызæн: мидæмæ бацæуæн дзы ис кæмтты, æддæмæ рацæуæн нæй. Уый хуызæн бынат Уырыс хонынц «тупичок». Гуырдзыстоны меньшевиктæ нæ куы сырдтой 1920 азы хъамаæлвæстæй æмæ топпæргъæвдæй, уæд нæ амондæн фæци сæрд, æндæра нæ тупичокмæ баскъæрдтаиккой æмæ нæ мыггаг дæр нал ныууагътаиккой.

Хохыл æнæ фæндаг кæй стæм, уый тыххæй нæ тыхтæ сты пырх æмæ нæ бон ницы у саразын, нæ культурæ хæрдмæйы бæсты уырдыгмæ цæуы, кæннод та йæ бынаты лæууы.

Хохыл нæм фæндаг кæй нæй, уый аххосæй Хуссар Ирыстон стонджы бонтæ æрвиты, Цæгаты аслам хор йæ бон нæу балхæнын æмæ æрласын.

Хохыл нæм фæндаг кæй нæй, уый аххосæй нæ цыхты джиранка Ручъы уæй кæнæм 50 капеккыл, Калачы та — иу сом æмæ 37 капеччы у. Сæкæр Калачы у 73,7 калеччы, Дзауы та — 95 капеччы. Уый нысан кæны, мах æппæтдæр зынаргъæй кæй æлхæнæм æмæ нæм цы ис, уый та асламыл кæй уæй кæнæм.

Хохыл нæм фæндаг кæй нæй, уый аххосæй нæ адæмæн сæ бон нæу исты хорздзинæдтæй бафæзмой культурон адæмты.

Æнæ фæндаг кæй стæм, уый аххосæй нын нæ бæстæ нæ зонынц культурон адæмтæ, нæ хæхты хæзнатæ хуымæтæджы лæзæрынц зæххы бын, нæ диссаджы суæрттæн нæдæр æддæмæ ласæн ис, нæдæр сæ бынаты нуазæг ис.

Æнæ фæндаг кæй стæм, уый аххосæй иу фабрикæ, иу завод саразын дæр нæ бон нæу нæ бæстыл.

Хохыл фæндаг куы уаид, уæд Хуссары стонг адæм æлхæниккой аслам хор Цæгаты, уæд æй сæхуыдтæг дæр кусиккой Цæгат Кавказы сæрдæй, зымæгæй.

Хохыл фæндаг куы уаид, уæд нæ уæйкæнинаг фылдæрыл уæй кæниккам æмæ нæ цы хъæуы, уый та асламдæрæй æлхæниккам.

Хохыл фæндаг куы уаид, уæд скусиккой нæ хæхты æмбæхст хæзнатæ, уæд адæм базониккой нæ диссаджы курорттæ, нæ суæрттæ æмæ сæ æрвитиккам æндæр бæстæтæм.

Хохыл фæндаг куы уаид, уæд нæ бæстæйы сырæзид алыгъуызон фабриктæ, заводтæ, гидростанцтæ æмæ нæ адæм сæ къæбæр ариккой кæддæриддæр.

Уæлдæр сæ дæсæм хай дæр кæмæн нæ банымадтам, ис ма ноджы ахæм бирæ хъуыдытæ. Махæй алчидæр хæсджын у, цæмæй архайа зондæй, æвзагæй, фыссæнæй æмæ æрдомæм хохыл фæндаг туннелимæ саразын.

Центры хицæуттæ нын ацы аз куынæ радтой хохыл фæндаг туннелимæ саразыны фадат, уæд æй нæ хъæуы рох кæнын фидæнмæ, нæ хъæуы гæрзтæ æрæвæрын, фæлæ та ног хъаруимæ тох кæнын хъæуы дарддæр. Дунейы хъуыддæгтæ рæзынц архайынæй: æвзагæй, зондæй æмæ сæ мах дæр хъуамæ саразæм уыцы хъуыддаг рамбулынмæ.

Ныр дæсæм аз цæрæм Советон хицауады. Уый тыххæй Хуссар Ирыстоны адæм 1920 азы сæхи нывондæн æрхастой, æрцыдысты сыгъд сæ хæдзæрттæ, фæмардысты сæ фос æмæ сæхæдæг дæр æмбис фесты.

Æрджынарæгæй Чъехы нарæгмæ фæндаджы был нал баззад къутæр, йæ быны хуссайраг ирон лæг кæм нæй ныгæд. Уыдон тугæй хуссайраг ирæттæ раджы балхæдтой бар ацы фæндаг саразынæн.

* * * *

1929 азы 10 октябры уыдис ныхас æмб. Шмидты къамисы. Уый рахаста ахæм уынаффæ:

Хохыл фæндаг æнæмæнг у аразинаг Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны хсæн.

Фæндаджы Комиссариат рæхджы хъуамæ æрбавдиса æмб. Рудзутагмæ хохы бынты туннелы проект.

11 октябры ныхас уыдис «Главдортрансы» фæндаджы тыххæй. Ам рахаст æрцыдис ахæм уынаффæ:

  1. Хохы сæрты куы сырæза фæндаг, уæд нæ ратдзæн, куыд æмбæлы, ахæм пайда. Уый тыххæй фæндаг аразын хъæуы туннелимæ. Туннелæн цы варианттæ сырæзт, уыдонæй та хуыздæрыл нымад хъуамæ æрцæуа Ручъы туннелы вариант.
  2. Лыстæг æрбавдисын хъæудзæн, цы æхцайы фæрæзтæй сырæздзæн, уыцы фæндаг, уый. Бынæттон цæрджытæ (ома республикæйы æмæ автономон бæстæты) хъуамæ баххуыс кæной æхцайæ, бегарайæ æмæ хъæдæрмæгæй.

30 октябры фехъуыстам ноджы æхсызгондæр цау:

Фæндæгты тыххæй Цæдисы иууыл стырдгер уынаффæдон — «Гудортранс» батæрхон кодта:

  1. Хохыл фæндаг Зæрæмæгæй Гурмæ æрцæуæд Цæдисон фæндæгтыл нымад.
  2. Хохыл фæндаг сырæзæд туннелимæ Ручъы хохы бынты.

1929 аз, «Фидиуæг», № 8-9

Фотографии взяты из книги И. Бигулаевой «Рутен Гаглоев. Жизнь и деятельность».