Уастырджи, Барастыр æмæ Артъауыз

Уыдысты æртæ æфсымæры: Уастырджи, Барастыр æмæ Артъауыз. Уастырджи уыдис хистæр, Барастыр астæуккаг æмæ Артъауыз та уыди кæстæр æфсымæр.

Фæстагмæ сæ зонд иумæ нал цыдис. Райдыдтой быцæу æз – хуыздæрыл, нал хъуыстой сæ хистæр – Уастырджийы бархъомысмæ. Уæлдаæдæр сæ кæстæр æфсымæр Артъауыз райдыдта фыдуаг кæнын, райдыдта налат митæ; æвирхъау æмæ æбуалгъы митæ, æппындæр никæйуал æмбæрста, нал зыдта тæригъæд адæймагæн.

Æмæ уæд Уастырджи æмæ Барастырмæ стыр æгад æмæ худинаг фæкастысты Æртъауызы æрра митæ æмæ загътой:

– Дуне дзыллæйы бæстæ у мах æмæ байуарæм!

Уастырджи загъта:

– Дуне, дзыллæ, бæстæ, адæм мардæй, æгасæй — сты мах къухы æмæ сæ схæйттæ кæнæм: иу хай у æрдз, бæстæ, цæст кæй уыны, уый. Иннæ хай у мæрдты бæстæ: уым ис æцæг дуне, дзæнæт – удтæ иртасæн. Æртыккаг хай у, уæларвон æндæрджытæ: хур, мæй, стъалытæ, Æрфæн, Бонвæрнон, Гемагон, æмæ æндæртæ. Уыдонæн хъæуы сæргълæууæг хицау.

Стæй загътой Уастырджи æмæ Барастыр, зæгъгæ, дуне, æрдззонæн цард æмæ адæмы царды уынаффæйы хицау фод Хуыцауы бардуаг Уастырджи – æрдзы хицау.

Мæрдты бæстæ, дзæнæт, зындоны хицау фæуæд Барастыр. Мæрдтæм – иу чи бафта, уыдонæн хицау.

Фæстаг хатт загътой:

– Нæ кæстæр æфсымæр Артъауыз у стыр фыдуаг, сæртæг лæг. Нæ зоны тæригъæд æмæ уый та хай фæуæд уæларвон уацхъуыды миниуджытæй.

Фæлæ Артъауыз не сразы ис, нæ куымдта: мæн, дам, уæларвы цы хъуыддаг ис. Æз, дам, хъуамæ сур зæххыл адæмы туг нуазон, хъизæмарæй сæ марон: æз, дам, дæн хъæбатыр.

Куынæуал дзы фæрæзтоæ, уæд Уастырджи Хурæн загъта:

– Дæ хорзæхæй, æнæнтау хуры тынтæ скæн, æмæ, хæцæнбадæны Артъауыз бафынæй уа. Æмæ тарф фынæйæ кæд бакомид бæттын.

Афтæмæй Хур, æнæнтау хур æркæсын кодта. Артъауыз хæцæнбадæны афынæй, æмæ йыл æрæмбырд сты æмæ йæ сбастой болат æндонтæй. Æмæ йæ мæйдар æхсæвы, уæларвмæ фæластой. Иу заман куы фехъал ис, уæд базыдта зæххæй йæ уæларвмæ кæй фæласынц уый, ахæцыд тыхдомæн синагыл. Æмæ ма фæлæбурдта бæргæ зæххмæ йæ дынджыр дзæмбытæй, фелвæста сыджыт æмæ йæ айтыдта дардмæ, загъта: «Ам сыджыты цал лыстæг муры ис, уал мæ номæй зæххыл баззайæд адæмæн фыдбылызæй: æмæ цытæ: хæфс, бындз, мæтых, хъæндил æмæ сыст, æхсынкъ, стæй алыхуызон знаггадгæнджытæ» Æмæ уыдон зæххыл фыдбылызæн сæвзæрдысты, йæхи та йын тыххæй – фыдæй Æрфæны фæдыл сластой Мæймæ æмæ йæ Мæйы астæу сбастой мæйдар æхсæвы. Æмæ абон дæр Артъауыз бастæй лæууы Мæйы астæу.

Уастырджи та хæхты, гоби къæдзæхты æмæ бæрæг обæутты абон дæр цæхæртæ калы, æххуыс каены маегуыр фæндаггон адæмæн, йæ номыл скодтой найфæттæ, кувæндæттæ, мæсгуытæ, гæнæхтæ.

Барастыр та – мæрдты хицау. Маердты иугай æвзары – тæригъæдджынæй æмæ рæстудæй. Ис ын зындон æмæ дзæнæты бынæттæ.

Туаты Луарсайы ныхæстæй йæ ныффыста Туаты Лазо.