ОС-БÆГЪАТЫР ÆМÆ ЦÆРАЗОНТÆ

Цæразонæн уыди авд фырты, куыд хъуыстон хистæртæй афтæмæй. Цæразон йæхæдæг базæронд, æмæ иу хатт йæ фырттæ авдæй хос карстой. Цæразон афтæ базæронд, æмæ-иу йæ дыууæ хæдбыны йæ иу къахыл скодта. Чындзытæ йæм нæ уæндыдысты сдзурын. Уæд чындзытæ йæ фырттæм арвыстои, уæ фыд базæронд, зæгъгæ.

Йæ фырттæй йæм иу æрцыд, йæ цæвæг ныссагъта, афтæмæй йæ фæрсы: «Цы кæныс, мæ фыд?»

— Цы ма кæнон, мæ чындзытæ мын мæ иу дзабыр бамбæхстой.

— Алæма, кæцы къахы дзабыр у, — зæгъгæ, загъта фырт,æндæр æм нæ уæндыд, йæ дзабыртæ иу къахыл скодта, уый зæгъын.

Уæд фырт федта фыды къах æмæ загъта: «Баба, дæхæдæг куы фæрæдыдтæ, дыууæ дзабыры иу къахыл куы скодтай мæнæ».

— Уæдæ ацу ныр æмæ фиййаумæ ссу æмæ далыс ахæсс æмæ йæ Мыкалгабыры бын аргæвд: Цæразоны цæрын нал фæнды! — Йæхæдæг рацу-бацу кодта йæ зæрдæйы дзæбæхæн, иу ран сывæллæтты ауыдта æмæ сын загъта: «Акæсут, Мыкалгабыры бынæй фæздæг ссыди, æви нæма?»

Фæздæг ссыди, уый куы базыдта, уæд бацыд хæдзармæ æмæ загъта: «Еныр мын хуыссæн æрæвæрут хæдзары лæгъзы!»

— Уым ын хуыссæн æрæвæрдтой, лæг йæхиуыл дзуар бафтыдта æмæ амарди.

Цæразонæн баззад фырттæ. Дыууæ дзы уыди сауджынтæ, хуыдтой сæ беритæ. Иу дзы йæхи аиста Гуырдзымæ, иннæтæ уыдысты Ос-бæгъатыр, Сидæмон, Хъусæгон æмæ Тидила.

Гуырдзыйы мæликк æмæ Цæразон уыдысты æмсæртæ. Ос-бæгъатыр рахаста гуырдзиаг мæличчы чызджы, æмæ йæ фæ-хуыдтой уый тыххæй «Оси-бæгъатыр» — ирон лæг хъæбатыр.

Уый фæстæ мæликк æркодта йæ адæмы йæ чызджы бæрæг-гæнæг. Мæликкæн Кучитæ — Цыгъойтæ йæ чызджы ирæд ба-фыстой, æмæ фæстæмæ аздæхт. Ос-бæгъатырмæ нал ауæндыд: «Уый бæрц хъару кæмæ разынд, уый мын мæ адæмы дæр фæ-цæгъддзæн», зæгъгæ. Ос-бæгъатыры цæуæтæй ма баззад Цæра-зонтæ. Уыдон нæ фæцудын кодтой сæ фыды худ. Йæ фыды туг нæ байсысын кодта Ос-бæгъатыр, æмæ Цæразоны ном баззад Ос-бæгъатыры цæуæтæн. Цæразонты цæуæтыл нымайын æз Хъæлыйаты, Тлийы, Зæрæмæджы, Нузалы, Бады, Къорайы, Лу­ары, Æрхоны, Донысæры æмæ Уыналы, ома Ос-бæгъатыры баз-зайæццаг.

Ос-бæгъатыр паддзах нæ уыд, фæлæ уыд къалор Хидискъары къахырæй Ныхасы къахырмæ.

Хъахъхъæдта йæ адæмты, йæ цæуæты. Ирон адæмæй хъалон нæ иста… Гуырдзыйы ’рдыгæй хъахъхъæдта йæ каис къа­лор, ацы ’рдыгæй та — йæхæдæг.

Особайы заман кæй уыди, уый тыххæй хъæутæ æмæ мыг-гæгтæ кастысты сæ коммæ. Уыцы рæстæджы-иу искуыцæй коммæ тых куы ’рцыд, уæд мæсыджы сæр бадтис хъахъхъæнæг, æмæ тых кæцырдыгæй фæзындаид, уыцырдыгæй-иу мæсыджы сæр мæ асыгъта нæзы цырагъ, кæнæ хъæмпы гуцъула хъилыл бастæй. Уымæй бæрæг кодта фæдисы хъуыддаг. Æддагон тыхгæнæг — иу куы æрцыд, уæд цыдысты иумæ йæ ныхмæ.

Цъæй, Ход, Зджыд, Бад сты Хъусæгоны цæуæт.

Мзур, Ногхъæу, Сулæрттæ сты Цъæхилоны цæуæт.

Сидæмоны цæуæт сты Цъамад, Быз æмæ Зынцъар.

Хъусæгоны хуыдтой «Хъусæгон» уый тыххæй, æмæ уыди æнæзонддæр æмæ-иу ын загътой: «Цы дын дзурæм, уымæ хъус æндæр дæ цы бон ис!»

Сидæмоныл «Сидæмон» сæвæрдтой уый тыххæй, æмæ-иу ын цы расидтысты, ууыл разы уыд.

Цъæхил æмæ Цæразон иу нымад уыдысты æд цæуæт.

Сидæмон æмæ Хъусæгон уыдысты цухдæр мыггаг, уый тых­хæй æмæ Цæразонтæ æмæ Цъæхилонтæ тыхджындæр уыдысты.

Лæгдыхæй къаддæр чи уыд, уыдоныл тыхджындæртæ æвæ-рдтой, «сау мыггаг», зæгъгæ. Уымæн æмæ фæдисмæ нæ цыдыс­ты, тарстысты фесæфынæй, сæ мыггаг аскъуыйынæй. Фæдисы цы-рагъы рухс-иу куы федтой, уæд-иу бамбæхстысты.

Нузалы фидæрттæ сты Ос-бæгъатыры арæзт, стæй Къасарайы Зылын дзуар дæр. Нузалæй мидæмæ нæ уагъта тыхгæнæг Уыцы рæстæг уыд Особайы рæстæг. Нæ уыд закъон, паддзах. адæм. цагътой кæрæдзи.

Æндæр Ос-бæгъатыры тыххæй ницы фехъуыстон. Сау лæ-джы хæсты æрвыстой разæй, уымæн æмæ йæ ничи мардта.

Скъуыддзаг ДЖИККАЙТЫ ШАМИЛЫ арыст чиныгæй «ИРОН АИВ ДЗЫРДЫ ХÆЗНАТÆ».

РАУАГЪДАД «ИРЫСТОН», ЦХИНВАЛ 1977