Онегины фыстæг Татянæмæ

Зынаргъ Нафи арфæ уын кæнæм уæ 90-азы боны цытæн!

Кæндзынæ, ‘фхæрд усау, мæсты,

Æмбарын æй, мæ фыст, мæ хъыгмæ;

Мæ сусæг сагъæстæм уырдыгмæ,

Былысчъилæй кæсдзынæ ды!

Цæмæн? цы ‘ссардзынæн, цы ‘мысан

Мæ уды раргомæй дæуæн?

Мыййаг уый худæгæн куы мысай,

Дæ къах æркъуырынæн та—мæн!

Кæддæр дыл -фембæлддæн æнæгъгъæл,

Ды бауарзтай, мæнæн ныдздзæгъæл

Мæ зæрдæ,   ‘стых мыл ис дывæнд;

Мæ уд дæ нымд уарзтай фæхнбар:

Мæнæн дзæгъæйладжы сззрибар

Æрбайсафын нæ уыд мæ фæнд.

Æрра ми мын мæ уæнгтæ сбаста:

Æз райстон Ленскимæ мæ къух

Æмæ зæрдиагæй цы уарзта,

Мæ зæрдæ уыдонæй фæцух.

Æнхъæлдтон уæд: цæй уарзт, цæй рæвдыд,

Дæ иунæг цардæн кæн æвгъау,—

Дæ амонд уым ис! Уæ хуыцау!

Цæй сайд мыл сымбæлди, цæй рæдыд!

 

Уый амонд нæу: куы уынин дæу,

Куы зилин алы ран дæ фæдыл,—

Дæ мидбыл худт, дæ цыд, дæ лæуд,

Хæлар цæсты рухсæй нывæндин;

Дæ дзырд, дæ сагъæстæ, дæ мæт,

Дæ хорз мæ рыст удæй куы зонин,

Куы мæ æррыййафит мæлæт

Дæ разы… Амонд æй фæхонин!

 

Мæнæн нæй уый фадат: æрмæст

Дæуагур зилын уынгты сонтау,—

Кæд дыл ысхæцид искуы цæст;

Æрхæндæгæй цæуынц мæ бонтæ,

Мæ адзай дæр ныр нал у дард,

Æниу ма циу уæддæр мæ цард.

Бæлвырд: мæ фæстаг бонтæ тонын,

Сæ сæрыл нал кæнын быцæу,—

Уæд алы райсом хъуамæ зонин,

Кæй фендзынæн изæры дæу…

 

Тæрсын: дæ   карз цæсты мæ дзырдтæ

Уыдзысты уайдзæфаггаг хин,—

Æмæ сæ сурын хъæуы цырддæр!

Æз та мæ сагъæстæ зæгъин,

Ды уарзты сусæг зын куы зонис,

Æмæ йæ сагъæссаг бæллын.

Цы ма ‘мбæхсон мæ фæндтæ ‘фсонæй:

Мæ уд дæумæ бæлгæ мæлы.

Вæргæ куы радзурин дæ разы

Мæ ныфс, мæ фæнд, мæ хъыг, мæ сон;

Хæкъуырццгæнгæ куы суид мæ уарзтыл

Æргомæй басæттын мæ бон.

Фæлæ каем ис, æз та æфсонæн

Æмбæхсын адæмæй мæ зын,

Æмæ сæм хъæлдзæгæй кæсын,

Дыма нæ сæттын уарзты сонæй!

 

Ды уа, уый уæд: мæнæн уæддæр

Мæ бон нæу ацы фыд æвзарын.

Æмæ йæ зон: мæ цард дæ бар у,

Дæ бæрны бакодтон мæ сæр.

XXXIII

Дзуапп нæй. Онегин тынг фæджихау,

Фыссы дыккаг фыстæг, уæддæр

Дзуапп нæй ‘мæ нæй. Фæлæ дын иу хатт,

Куы бацыд æмбырдмæ куыддæр,

Уæд ус уайтагъд фæци йæ. размæ;

Тызмæг—йæ уынд, тызмæг—йæ базмæлд,

Сыбыртт дæр—нæ, фыдих—йæ каст,

Цыма уый тъæнджы мæй уыд раст!

Бæрæг уыд, зæрдæйæн куыд зын уыд

Уромын дудгæ хæрам, маст.

Онегин æм лæмбынæг каст:

Фæлæ йæ цæсгомыл нæ зыны

Тæригъæд, сусæг цæссыг, мæт

Кæнæ дызæрдыгады фæд.

XXXIV

Æрмæст фыдæх, æрмæст хæрам уыд,

Ыстæй ма чи зоны ‘мæ тарст;

Куы схъæр уа йембæхст хабар, ам ын

Куы ‘рхатой йевзонг бонты уарзт.

Онегины фæстаг ныфс амард,

Æмæ куы базыдта йæ хабар,

Уæд систа уæздæттыл йæ къух,

Йæ зæрдæмæ ма хъуыста ‘дзух.

Æмæ та ‘рлæууыди йæ зæрдыл:

Фыд хæс— æрхæндæгæй кæддæр

Бынтон куыд разылди йæ сæр,

Куыд цыдис алы ран йæ фæдыл;

Йæ къухæй, сонт къæбысау, раст

Куыд æрцыд уаты къуымы баст.

XXXV

Фæрсы та ныр æхсæвæй-бонæй:

Манзони зæгъ, уæдæ Руссо,

Шамфоры,  Гердеры, Гиббоны,

Мадам де Стал, Биша, Тиссо

Æмæ дызæрдыггæнаг Белы,

Ыстæй ма ноджы Фонтенелы*;

Нæхиуæттæй дæр каст цыдæр,

Нæ хуыдта иуы дæр æвзæр,

Журнал, зæгъай, уæд алманахæй,

Цы ран æлгъитынц мæн æдзух,

Зæгъгæ нæ дæтты махæн къух.

Æниу æппæлыдысты махæй,—

Кæддæр-иу хаттæй-хатт мæнæй

Дзырдтой: дзæбæх фыссы, уæллæй!

XXVI

Фæрсы, фæлæ æрмæст йæ цæстæй,

Йæ хъуыды та хæты кæмдæр.

Йæ хъыг, йæ сагъæстæ æргъæвстæй

Кæнынц уысмæй-уысммæ фылдæр.

Уæд рæгъты ‘хсæнмæ-хеæн æвæрдæй

Уый каст зæрдæдзæстæй æндæртæ,

Æндæр рæгътæ æмæ сæм раст

Æрвдзæфау нæныкъулгæ каст.

Уый уыцы нæуынгæ  ныхæсты

Зæрдæйы таурæгътæ уыдта;

Æмæ йæ цæсты раз, фынтау,

Æрдхъирæн, дам, фыд хæс нывæзта,

Куы та зæрдæаивæй лæг

Уыдта æвзонг чызджы фыстæг.

XXVII

Фæстагмæ зæрдæ æмæ хъуыды

Кæнынц фынæй, кæнынц æмыр.

Уыдис афтид царды сыгъд  быдыр

Йæ разы, хъазæн къамтау, пырх.

Йæ цæстыл уайы, цыма митыл

Хъуыссы, мæйдар æхсæв æрвиты,

Хуыссы æвзонг  лæппу æнцад,

Цыма йæ фарстæуы: фæмард?

Куы та йæ рох ызнæгты мысы,

Фыдæвзаг чи уыдис, тæппуд,

Куы та йьн  чи сайдта йæ уд,

Йе уыцы чызджыты. Сæ хуызы

Йæ уæлвæд бацæуы æндæр…

Æндæр… Хъæууон чызджы æндæрг!

XXXVIII

Уый афтæ тыхст æмæ æцæгдæр

Чысыл ма бахъæуа йæ зонд

Фæцæуа, йе та суа фыссæг дæр.

Уæд кодтам хæсы бын бынтон!

Уæдæ: цавæр дæр магнетизмæй

Уырысы стихты механизмыл

Уæд ме рдхорд, æй-дæ-гъа, фæхæст,

Фæлæ йын не сфаг зонд æххæст.

Ыстæй куыннæ уыдис поэтау,

Куы кодта иунæгæй уый мæт.

Куы-иу бадт арты фарсмæ уæд,

Æмæ куы зарыд: Бенедетта*;

Кæнæ: о ме скæнæг хуыдау;

Йæ дзабыр артдзæсты куы хауд.

XXXIX

Цыд рæстæг, карз зымæг нырраууат,

Æсзынд хырыз митæн йæ бын.

Онегинæй фыссæг нæ рауад,

Нæ амард, не сырра æппын.

Фæцырддæр уалдзæджы: фыццаг хатт

Невайы ихсæр былтыл ахатт

Бæхдзоныгъыл; ныууагъта уат,

Мыстау зымæгдæргъы кæм бадт,

Æмæ дывæр фæрссаг æхгæдæй

Кæм дардта. Райдзаст райсом ныр

Йæ дзоныгъ донбылтыл фæцырд.

Ныккасти хур æмæ æвæндæй

Мит уынгты чъизи рæгътæй тад.

Онегин та кæдæмдæр уад.

ХL

Цымæ кæдæм? Уæллæй, йæ раны

Вæййы уый алкæмæн бæрæг:

Йæ цыты сæр уыдис Татянæ,

Цыдис та амондагур лæг.

Ныххæццæ. Баруад, мæгуыр, мардау.

Уый тыргъы никæйы ыссардта.

Цыд залмæ, уым дæр иу уд нæй

Æмæ фæджихау ус сæрæй?

Цæмæн? Кæд истæмæй фæтарсти?

Йæ разы, удхастау, фæлурс,

Зыбыты иунæгæй   уыд ус

Æмæ цавæрдæр фыстæг касти.

Йæ сæр йæ къухыл æнцой уыд,

Ыставд цæссыг йæ рустыл цыд.

ХLI

Ныр та йæ зæрдæрис æмырæй

Уыдис Татянæйæн бæрæг.

Кæддæры Таняйау, мæгуырæг,

Æхсины сæр уыдис ныллæг.

Фæсмонгонд, уарзты мæтæй сади

Онегин, усы раз æрхауди:

Ус фестъæлфыд æмæ ныхъус,

Онегинмæ ныккасти ус

Æдыхст, æнæхæрам,  фæлмасæй…

Мæгуыр, æдых, лæгъстийаг, хаст

Уыдис Онегинæн йæ каст.

Æмæ та раздæрау æгасæй

Бæллицтæ Танямæ бырсынц,

Уæдау æй дард хъæумæ хæссынц.

XLII

Онегины ыстын нæ кæны,

Нæ дзы исы, мæгуыр, йæ цæст,

Дыма уый ацы уысм ныгæны

Йæ раг фæндийæгтæ æххæст…

Нæ хаты уый йæ уæларм пъатæ,

Фæлæ куы рацыдис  сæ бадтыл

Дзæвгар рæстæг, уæд ын зæгъы: „

Цæй, хорз. Ныр сыст. Мæнæн мæ хыл,

Мæ уайдзæф дæр уыдзæн æргомæй.

Онегин, рымыс-ма, кæддæр

Дæумæ куы байхъуыстон æз дæр,-

Ныххауди ме взаг уæд мæ комы,

Мæ рустыл та цæстысыг уад,—

Ныр та, Онегин, у мæ рад.

ХLIII

Онегин, уæд уыддæн æвзонгдæр,

Хуыздæр уыддæн, æнхъæл дæн, уæд.

Æмæ дæ бауарзтон, ыссонт дæн,

Фæлæ мын бамбæрстай мæ мæт?

Кæцæй? Тызмæгæй мæм ныккастæ;

Цы уыд дæуæн мæ хъыг, мæ уарзт дæр,—

Æз ма уæд саби чызг уыддæн.

Ныр дæр —о, ме скæнæг!—мæтæн

Мæ раст зæрдæ фæвæййы й’ахæст,

Куы рымысын дæ дзырд, дæ каст.

Фæлæ дæм æз нæ хæссын маст.

Уæздан лыг акодтай уæззау хæс,—

Дæуæн цы гæнæн уыд æндæр:

Æмæ дæ бузныг дæн æз дæр.

ХLIV

Æвзонг чызг, дамиппæрд ран, хъæуы

Дæ зæрдæмæ нæ цыд дæуæн…

Уæд ма дæ ныр мæнæй цы хъæуы,

Дыуарахæст цы кæные мæн?

Уæд ма мæ ныр цы систай милæн?

Уæлдæр уæздæтты ‘хсæн кæй зилын,

Хъæзныг æмæ уæздан кæй дæн,

Йе уымæн дын æхцон фæдæн?

Мæ лæг ныццæнкуылтæ и хæсты

Æмæ у паддзахæй рæвдыд,—

Мыййаг мæ уымæн уарзыс ды?

Æви ма уый тыххæй æрмæстдæр

Æмæ мæ худинаг дæуæн

Ныр уаид кад хæссæг, цытæн?

ХLV

Кæугæ кæнын… фæлæ дæ зæрдыл

Кæд Таня абонмæ лæууыд,

Уæд зон: дæ уайдзæфты æвзæрдæр

Мæнæн уæд афтæ хъыг нæуыд,

Ныр мын дæ худинаджы уарзтæй,

Дæ цæссыттæн, дæ фыст, дæ мастæй

Мæ уд куыд бадомдтай; фæлтау

Ды мæн куы бафхæрис уæдау.

Уæд ма мæ сонт бæллиц, мæ карæй

Ды кодтай ну чысыл   æфсæрм…

Ныр та!—Цæмæн бахъуыд дæ сæр

Мæ разы ‘гады митæм дарын?

Куы дæм ис зонд, зæрдæ, æхсар,—

Куыд радтай цауд монцмæ дæ бар?

ХLVI

Онегин, бухъ цард æз нæ уарзын,

Цæстмæ митæй мæ зæрдæ ‘схъыг;

Кæд уæздæттæ æдзух мæ разы

Лæууынц лæгæвзæрстæй уырдыг;

Фæкæнынц гамхудты æмбырдтæ,

Сæ митæ—буц, уæздан—сæ дзырдтæ,

Уæддæр сæ, у, зæгъгæ, мæ бон,

Уæд баивин нæ цауд дыргъдон,

Нæ мæгуыр, арвæйрох цæрæнуат,

Нæ нымд сабыр фæзтыл, цы ран

Дæу тыххæй кодтон æз æрра;

У цæрдтæй мæрдты ‘хсæн ‘гæрæнау

Уым уæлмæрд, бæлæстæй æхгæд,

Мæ дыджызæ дзы у ныгæд…

ХLVII

Уæууай, куыд æввахс нæм уыд амонд,

Куыд хæстæг!.. Йе фæлæ ма цы…

Мæ хъысмæт—лыг. Æрцыддæн амынд,

Æмæ кæд раст нæ уыд мæ цыд,

Уæддæр цы кодтаин: мæ мад мæм

Æрхатыд, сагъудысты адæм;

Мæгуыр мæ бон, мæнæн уæлдай

Нæ  уыд æмæ ыссардтон къай.

Ныууадз мæ ныр. Кæд дын у уа-зын,

Уæддæр дæ зæрдæйы ыссар

Лæджыгъæд, намыс æмæ ‘хсар.

Ныр дæр дæ, раст зæгъгæйæ, уарзын,

Фæлæ фæци æндæр мæ хай,

Мæрдтæм ыл не ‘руадздзынæн сайд”.

ХLVШ

Ус ацыди. Онегин баззад,

Цыма уысммæ фæци æрвдзавд,

Цыма йæ иунæг бындур разылд,

Йæ уд фыдтухæны ныххауд.

Уæдмæ кæйдæр къæхты хъæр байхъуыст,

Татянæйы лæг уатмæ бахызт,

Æмæ уынгæджы ран кæд ис,

Уæддæр нæ хъайтарыл æрмист

Уыдзыстæм ныр… бынтон… æнусмæ

Æгъгъæд у! Чиныгкæс,  æмгар,

Æз æмæ ды ‘вæдза дзæвгар

Фæцыдыстæм йæ фæдыл, хъус-ма,

Кæрæдзийæн зæгъæм хæрзбон

Уæлахиз, дард балцы кæрон.

XLIX

Ныр маем цы фæнды зæрдæ дарай,

Мæ кæсæг, хорз æви æвзæр,

Уæддæр фæйнæрдæм цом хæларæй.

Хæрзбон. Цæмæ ‘рдарай дæ сæр

Мæ фысты, уый-иу дзы цы ‘ййафай,

Дæ фæллад цзы фæскуыст цы сафай;

Кæм дзы дæ зæрдæйæн æхцон,

Кæм дудгæ мысинаг, цыргъ зонд, –

Кæм та грамматикой рæдыд дæр,

Кæнæ чысыл исты ныфсæн,—

Жудналты хъаугъайæн æфсон;

Кæм та ирхæсæн дзырд, рæвдыд дæр,

Хуыцау зæгъæд æмæ ыссар.

Хæрзбон, фæуæд мæ куыст дæ бар!

L

Хæрзбон у, ме ‘мбæлццон, æнахуыр;

Хæрзбон, мæ  идеал, ды дæр,

Æмæ мæ чысыл куыст; кæд къахыр

Бындзыггай кодтон дæу, уæддæр-

Æдзух мæнæн зæрдæрухс хастай:

Куы-иу мæ бахызтай мæ мастæй,

Куы мæм мæ хæлæртты хуыдтай,—

Мæ цин, мæ сагъæс мын. зыдтай.

Кæддæр Онегин ‘мæ Татянæ

Сæ цард куы бакодтой мæ бар,

Ныр ууыл рацыдис’дзæвгар,—

Уæд ма мæ сæрибар раманы

Уæрæх æвналæнты кæрон

Зæрдæйæ не ‘взæрстон бæстон.

LI

Æрмæст мæ иузæрдыг хæлæрттæй,—

Мæ фысты сæр кæмæн уыд каст,

Чи нал ис, чи та ис фыд рæтты…

Кæддæр Сади* куыд загъта раст.

Онегин фыст æрцыд сæ фæстæ.

Татянæйы хуызы мæ цæстæй

Кæй уыдтон, уый дæр нæ фæлыгъд,..
О, нал ис, нал мæ хъыгтæн хыгъд!
Тæхуды царды куывды бадын

Кæй бон уыд ну чысыл æрмæст,

Иæ дзаггарз чи нæ фæци нуæзт,

Æмæ дзы чи ахицæн радæй;

Æнæ фыдæвзарæн, æваст,

Куыд æз мæ Онегинæй раст.

 

ЕВГЕНИЙ ОНЕГИН

Æмдзæвгæйæ фыст роман

НАФИЙЫ ТÆЛМАЦ

ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПАДДЗАХАДОН РАУАГЪДАД

СТАЛИНИР – 1959