Историон æмæ бынæттон таурæгътæ

 ÆВЫДЫ-ВЫДОНЫ РÆСТÆГ

Байхъус мæм дзæбаех, цы уыдис æвыды-выдоны рæстæг. Фехъуыстон æй æз дæр фыдæлтæй. Дзырдтой-иу æй диссагæн. Фарстон-иу сæ зæрдæбынæй: цы уыдис æвыды-выдоны рæстæг.

Уыдис ахæм рæстæг, æмæ адæм уыдысты хæйрæджытæ æмæ уæйгуыты къухы. Уæйгуыæтн зæгьæн уыди æртæ номæй: Фыццаг уæйыг уыди фарастсæрон, дыккаг — авдсæрон, æртыккаг уыд æртæсæрон. Уыдонæй иу гуырыл уæлдай сæртæ нæ зади миййаг, фæлæ уымæн афтæ хуындысты, æмæ адæм фарастсæрон уæйыгæн лæвæрдтой афæдз фараст адæймаджы хъалонæн, авдсæронæн — авд адæймаджы, æртæсæронæн та —æртæ адæйма­джы. Адæм та уыдысты уæды рæстæджы ахæм æнæарæхст, æмæ дур фехсын æмæ хъилæй ныццæвын дæр нæ зыдтой, чердæм алидзын хъæуы, уый дæр нæ зыдтой… Уæйгуытæ дæр арæхстджын миййаг нæ уыдысты, фæлæ-иу тыхмæ гæсæг сæ армы цы бафтыд, уый-иу бамур кодтой. Хæйрæджытæ та уыдысты хинæ мæ фæлывдæй се ‘гасыл дæр тых. Афтæмæй, дам, адæм сæ къухы хъизæмарæй æмæ,тухийы цард кодтой. Уæйгуытæ-иу сæ хъалонмæ куы арвыстой, уæд-иу сын сæ сæхи къахæй æркодтой. Хъалондары-иу уæйыг йе ‘взагæй федта æмæ-иу кæд йæ зæрдæмæ фæцыд, уæд-иу æй баурæдта хæрынмæ, кæннод-иу æй аздæхта.

Уæд дын иу бон куы уыди, уæд авд хойæ сæ иу хъуамæ ба-цыдаид уæйыгæн хъалонæн. Афтæмæй авд хойы сæхицæн сæ хæ-дзары мæрдадз сарæзтой æмæ мардыл кæуæгау кодтой, æмæ кæрæдзийæн дзырдтой: «Нæ, æз ацæудзынæн дæ бæсты, нæ æз». Афтæмæй дын, табу йæхицæн, сæ фарны Уастырджи сыл йæхи æрбабæлццон кодта. Байхъуыста хæдзармæ, æмæ сæ кæуыны хъæр цæуы. Уастырджи загъта: «Цæй, адонмæ бацæуон, чи сæ амард, уый базонон». Бацыди хæдзармæ Уастырджи: мард нæй  афтæмæй кæуынц. Фæрсы сæ: «Мард уæм куы нæ ис, уæд цæуыл кæут?» Чызджытæ уынгæг зæрдæйæ сæ хъаст кæныныл фесты: «Махмæ мард нæй, фæлæ нæ иу уæйыгæн хъуамæ хъалонæн ацæуа, уый тыххæй нæхицæн мæрдадз скодтам».

Нæ фарны Уастырджи уыдис мæгуыр лæг æмæ уынгæг лæгæн æххуысгæнæг. Уастырджи загъта: «Æрмæст уын æз куыд зæгъон, афтæ кæнут».

Бакасти Уастырджи авд хомæ æмæ дзы къæсхуыр, мæллæг чи уыди, уымæн загъта: «Ды мемæ рацу, æмæ дын куыд амонон, афтæ кæн». Уастырджи йын, куыд хъуыд, афтæ бацамыдта. Ныккодта йæ Уастырджи уæйыгмæ æмæ йын загъта: «А мæнæ дын дæ хъалон æркодтон».

Уæйыг æй æруындтытæ кодта æвзагæй æмæ загъта: «Ам стджыты йеттæмæ куы ницы ис, уæд мæ цæмæн хъæуы». Уас­тырджи уæйыгæн загъта: «Ау, æмæ йæ де ‘взагæн йае алгъæй куы уыныс, уæд уымæй цæй ад базондзынæ. Уæдæ ма йæ де ‘взагæн йæ рæбынæй фен, кæддæра куыд адджын у».

Уæйыг загъта: «Ме ‘взагæн æй йæ рæбынмæ куы ныххæццæ кæнон, уæд мæ хъуыры аирваæдзæн».

Уастырджи загъта: «Æмæ уымæн нæй хос? Æвзаг ласæнæй йыл рахæцдзыстæм». Уæйыг загъта: «А, уæдæ ма йыл рахæцут».

Уастырджи чызгмæ фыдис авæрдта. Чызг фыдис уæйыджы æвзаджы ныссагъта. Чызг айвæзта æвзаджы размæ, æмæ йын Уастырджи загъта: «Цу ныр размæ, æз дын кæдæм зæгъон, уыр­дæм». Уæйыг ахæм æнæарæхст уыдис æмæ чызгмæ размæ бавналын нæ зыдта, фæлæ йе стыр дзæмбытæ йæ синтыл сæвæрдта, афтæмæй чызджы фæдыл цыди. Уастырджийы амындæй йæ афтæмæй йæ хъæумæ ныккодтой.

Хъæуæн стыр уæрм скъахын кодта Уастырджи æмæ у­æйыджы уырдæм ныххизын кодта æмæ йын загъта: «Еныр дын уырдыгæй хæрдмæ сиваздзыстæм де ‘взаг, йæ рæбын сзындзæн æмæ чызг æвзаджы рæбынæй басгардзынæ æмæ йын йæ ад базондзынæ».

Уæйыг уæрммæ куы ныххауди, уæд Уастырджи фæдзырдта адæммæ æмæ загъта: «Цæвутæ й йеныр!» Адæм хæссын байдыдтой дур æмæ хъæд æмæ йыл сæ калын байдыдтой, кæм зыдтой ныццæвын æмæ фехсын, фæлæ йыл баппаргæ дур ныццагьд кодтой, афтæмæй йæ ныммардтой.

Уæдæй фæстæмæ Уастырджи ахуыр кæнын байдыдта адæмы дур æхсын, хъилæй цæвын æмæ згъорын куыд хъæуы, уый.

Адæм куы сарæхстджын сты, куы базыдтой дурæй æхсын, хъилæй цæвын, тагъд згъорын, уæд сæ бон баци уæйгуыты ныхмæ тох кæнын. Хæцæнгæрзтæ дæр фæцарæзтой, уæйгуытæ та  уыдысты æнæарæхст. Иæ фарсыл-иу ын фондз дуры куы фæкодтой, уæддæр-иу иннæмæ æрзылди. Афтæмæй арæхстмæ гæсгæ уæйгуытыл тых кæнын байдыдтой адæм æмæ бынтондæр ас-кьуыдтой уæйгуыты.

Фервæзтысты ацы рæстæджы адæм уацайраг хъалондарæй. Адæм ссæрибар кодтой сæхи æвыды-выдоны рæстæгæй. Уый уыди Уастырджийы зонды фæрцы.

Куыд разылди уæд адæмæн сæ сæр! Байхъус-ма, мæ хæлар, мæ иубæстон. Адæм та сæхицæн æгъдау æвæрыны фæнд скодтой, зæгъгæ, нæ царды уаг исты æгъдауыл æрæвæрæм.

Кæм зыдтой адæм, фæстагмæ куыд хуыздæр уыдзæни, уый, Кæй зæгъын æй хъæуы, уæддæр та тыхджынтæн сæ дзырд ацыдис. Æрмæст уацайраг хъалонæй фервæзтысты, сæвæрдтой ахæм фæтк се ‘хсæн. Фарастсæрон уæйыджы бынаты сæвæрдтой уаейыг, авдсæрон уæйыджы бынаты сæвæрдтой карус æлдар, æртæсæрон уæйыджы бынаты та сывæрдтой ченджыхъул. Хæйрæджыты бынаты та æвæрд æрцыдысты базаргæнджытæ, сæрылхæцджытæ.

Афтæмæй та уæддæр адæмы стигъын байдыдтой. Ацы тохæн ныр æрцыдис йæ кæрон.

ЦАРЦИАТÆ     КУЫД             ФЕСÆФТЫСТЫ

Царциатæ Едысы калачы цардысты. Ныр дæр ма сæ хæ-дзæртты систæ Царциаты уæзæгыл амадæй лæууынц, сæ мæрдтæ дæр уым ныгæд сты æмæ сæ куы скъахынц, уæд дзы разыны фæрдгуытæ, усы къухдарæнтæ, бурæ цонджы сахсæнтæ, æндæр сæм ахæм ницы зыны.

Цардысты нарт æмæ уæйгуыты рæстæджы: Нарт фæсхох уыдысты, уæйгуытæ та ам, ныр дæр сæ галуан Ходзы цур ис — «Уæйгуыты галуан».

Уыдысты тынг фыдуаг адæм. Хæцыдысты нарт æмæ уæйгуы-тимæ, хæтæнмæ сæм хæцынмæ цыдысты. Царциатæ афтæ фыдуаг æмæ тыхджын уыдысты, æмæ хуыцауы дæр ницæмæ дардтой, кувгæ дæр ын нал кодтой. Сæ къæсæртæ бæрзонд скодтой, кæннод, зæгъгæ, хуыцау афтæ зæгьдзæн: «Сæ сæрæй мын кувынц». Нарт æмæ уæйгуытæ та хуыцаумæ хъаст кодтой, куывтой йæм: «Хуыцау, Царциаты фесаф».

Раджы-иу хур рæстæг куы ахаста, уæд-иу æй хуыцауы æфсон кодтой æмæ-иу Царциатæ тыхджындæр бырсын райдыдтой. Сæ гутон уыдис æфсæн, хæцыдысты фат æмæ æрдынæй. Сæ кусæнгарз дæр уыд æфсæн, æмæ сæ фыдуагдзинад нæ уагътой. Уæд сыл хуыцау сафыны фæнд скодта æмæ Царциатæн хор нал зади, хъуг сын рæуæд нал ардта, фыс — уæрыкк, сæ хуымтæ-иу

бон цъæх æвзар уагътой, æхсæв та-иу кæрдинаг уыдысты. Цар­циатæ хæсгарды хуызæн саджил æфсæйнаг дардтой фаты бы-рынкъыл, æмæ-иу уый цы алвыдтаид хоры æфсирæй, уымæй цардысты.

Уæд саг фос æргæвдын райдыдтой, æмæ сын хæрд фесты, æмæ сыдæй аскъуыдысты. Чи ма дзы баззад, уыдоныл та мит ныууарыд æмæ сæ уый фесæфта. Царциатæй иу Едысо хуындис. Уый загъта: «Мах сæфæм, фæлæ ма нæ ном баззайæд». Æмæ Едыс баззад Царциаты номæй. Уый фæстæ фесæфтысты, змæлæг сæ нал баззад. Уæдæй фæстæмæ бæрзонд хæхтыл мит нал батад æмæ абон дæр цъитийæ лæууы.

Раджы-иу хур рæстæг куы ахаста, уæд-иу Царциаты мæрдты скъахтой, æмæ йын уæд æнæкъæвда нæ уыд, ома хуыцауæн уый хъыг вæййы.

Уæйгуытæ æрцахстой Царциаты уæзæг æмæ фезнаг сты Нартимæ. Уæйгуыты хистæр Хъамбар уыди, уымæн йæ усы ас-къæфтой Нарт иу фынæйы афон. Уæйгуытæ хæтæны ацыдысты æмæ дыууæ хохы ‘хсæн Нарты размæ бабадтысты. Фæлæ уæй-гуытыл цыдæр æнамонд фынæй бахæцыд æмæ-иу иу мæй фынæй баисты, иу мæй та фынæй нæ зыдтой. Сæ фынæй афон æрцыд æмæ афынæй сты. Нарт сæ базыдтой æмæ рахъуызыдысты. Уæй­гуытæ раздæхтысты фæстæмæ æмæ сыл низ сыстади. Чи ма дзы баззад, уыдон бафынæй сты. Сæ хъал кæныны рæстæг æрцыд, фæлæ нал райхъал сты æмæ фесæфтысты. Сæ мæрдты сын Цар­циаты мæрдтыл баныгæдтой, иннæтæ та хурмæ ныссау сты.

Нарт Хъамбары усы сæ хистæр — Хуройæн радтой усæн. Аф-тæ фесæфтысты уæйгуытæ æмæ Царциатæ. Се стæгдар ма сын ссарынц Царциаты мæрдты къахгæйæ.

Скъуыддзаг ДЖИККАЙТЫ ШАМИЛЫ арыст чиныгæй «ИРОН АИВ ДЗЫРДЫ ХÆЗНАТÆ».

РАУАГЪДАД «ИРЫСТОН», ЦХИНВАЛ 1977