Хъуылаты Созырыхъо. “ӔРТЫНДӔСӔЙ ИУМӔ”

 (1920 азы хабӕрттӕ)

Дысоны къӕвда Чъребайы уынгтӕ ныхсадта. Баззадысты йын ӕнӕхсад ӕрмӕст туджы лӕсӕнтӕ, зноны хъазуат хӕсты туджы лӕсӕнтӕ. Уыдон афтӕ ӕнцон ӕрыхсӕн нӕ уыдысты.

Иунӕг уд дӕр нӕ фендзынӕ уынгты. Бон нырма гъеныр байдыд-та цъӕх кӕнын.

Ӕгас Чъреба, цыма, мӕрдвынӕй бакодта, уыйау лӕууы. Ӕрмӕст штабы раз Джугъелийы ӕфсӕддонтӕ цалдӕрӕй лӕу-уынц ӕд гӕрзтӕ, цӕуылдӕр сусӕг хъуырдухӕн тӕрхон кӕнынц, цыма ӕнахуыр тыхст кӕнынц.

Цы хабар у, цы сӕ хъӕуы афтӕ сӕумӕраджы?!

Чысыл фӕстӕдӕр штабы бын талынг ныккӕнды дуӕрттӕ бакодтой, хӕлд асинтыл уӕлӕмӕ скодтой цалдӕр ахӕстоны…

Чи сты цымӕ, цӕмӕн сӕ афтӕ ӕфхӕрынц?

Сӕ алыварс хӕстӕввонгӕй цӕмӕн ӕртыгуыр ысты?

Уалынмӕ сӕм иннӕ уынгӕй бӕхджынтӕ ӕрбатардтой…

Се’ппӕтӕн дӕр тыхст ӕнгас, се’ппает дӕр ӕнахуыр цӕстӕй кӕсынц ахстытӕм. Чи та ӕнаеуаг йӕ мидбылты худы…

Бӕхджынӕй, фистӕгӕй иууылдӕр фезмӕлыдысты. Фӕцӕуынц фалӕмӕ, хиды ’рдӕм. Цӕвынӕй нӕ ауӕрдынц, хынджылӕг кӕнынц…

Тынг сӕ бафхӕрдтой. Сӕ цӕсгӕмттӕй, сӕ сӕртӕй сырх-сыр-хид туг лӕдӕрсы, хъуыры цъарыл, рустыл ныхъхъӕбӕр.

Сӕ цӕстытӕ ӕнахуыр, дзагъырӕй лӕууынц, фӕлӕ уынгӕ никӕй кӕнынц. Нал саем хъары цӕф дӕр. Сӕ бакаст, цыма дурӕй амад у, ӕмӕ сӕ ныхыл фыст ис — мӕлӕт. Мӕлӕт сын у тӕрхон ӕмӕ йыл цыбыр рӕстӕджы сразы сты. Ауагътой сӕ къух, цыдӕ-риддӕр сӕ рухс бонимӕ иу кодта, ууыл. Цы гӕнӕн ис.

Афтӕмӕй цӕуынц, сӕ развӕндагмӕ нӕ кӕсынц, фӕлӕ цудгӕ нӕ кӕнынц: сӕ къахдзӕф у фидар, раст…

Ӕртындӕсӕй иумӕ бахаудтой знаджы къӕпхӕны. Семӕ Джиоты Андри дӕр, нырма хӕрз лӕппу, ахуыргӕнӕг. Цы хъӕуы уыд, уым ӕй сӕхи хъӕбулау уарзтой иууылдӕр. Дзӕбӕх ӕй ӕм-бӕрстой, хорз ӕм хъуыстой.

Зноны боны дынджыр хӕст уыд. Суанг фӕстаг сахатмӕ нӕ ныууагътой хӕсты быдыр, тӕппуд лыгъд нӕ фӕкодтой.

Зонынц ӕй ныр, кӕдӕм сӕ кӕнынц… Уырдыгӕй фӕстӕмӕ раздӕхӕн нал ис…

Цы гӕнӕн ис, сразы сты. Сӕхи большевиктӕ уӕгъды нӕ хуыдтой.

Хӕст кӕм вӕййы, уым мӕлӕт дӕр вӕййы…

Ахӕм рӕстӕджы бинонты мӕт, уарзон сылгоймаджы мӕт нӕ хъӕуы: иууылдӕр дӕ разы лӕудзысты, фӕлӕ сӕ ӕввахс дӕ-химӕ ма уадз. Ӕфсӕддон хъуамӕ ӕфсӕддон уа,фидар, ӕндонау!

Илаты Дзыбыртт заргӕйӕ бацыд ауындзӕнмӕ. Зарӕг дӕр ыл уый тыххӕй скодтой нӕ хохы адӕм…

Абон у фӕстаг бон. Цымӕ се ‘мбӕлттӕ та цы фесты, лӕууы ма сӕ исчи сау знаджы раз!

Дысоны къӕвдайы фӕстӕ абон’ уазалдзӕф у. Уӕлӕрдыгӕй, хӕхтӕй, рог дымгӕ дымы. Арв ныйирд ис. Бонвӕрон фӕлурсӕй-фӕлурсдӕр кӕны.

Схӕрд кодтой Згъудермӕ, уӕлмӕрдтӕм. О-о! Мӕнӕ цас марды дуртӕ ис! Чъреба иу горӕт нӕу: йӕ иу ӕрдӕджы, далӕ дӕлийӕ, Леуахийы алыварс, цӕрынц удӕгӕстӕ, иннӕрдыгӕй та — мӕрдтӕ, Згъудер. Ӕвӕдза, алы горӕт дӕр, алы хъӕу дӕр афтӕ арӕзт у… Мӕрдтӕ ӕмӕ удӕгӕстӕ кӕрӕдзимӕ ӕввахс лӕууынц.

Джиоты Андри… Скъолайы дзӕнгӕрӕг нал ныццӕгъддзы-нӕ, дӕ алварс нал ӕрӕмбырд уыдзысты фӕсивӕд.

Хорз ма уыдаид ацӕрын, бӕргӕ, фаглӕ афтӕ ӕрцыди хъуыд-даг… Йӕ цӕстӕнгас ма ахаста дардыл, йӕ райгуырӕн бӕстыл. Мӕнӕ диссаг! Цъунар, Тъбет ӕмӕ Къусреты хъӕу кӕм уыдысты, уым хӕдзар нал зыны, ӕнӕбары цъӕх фӕздӕг ма бады сае сӕрмӕ…

Басыгътой сӕ Джугъелийы ӕфсӕдтӕ…

Уӕлӕ нае гуымир хӕхтӕ. Куыд бӕрзонд фӕцыд урссӕр — Бурсамдзели! Уый фӕстӕ ис Зикъара, Ручъы ӕфцӕг. Ууылты хиздзысты фалӕбыдырмӕ, лидзӕг адӕмӕй ма чи аирвӕза, уыдон.

Рӕсугъд сты, ӕвӕдза, нӕ хӕхтӕ. Андри сӕ никуыуал фенд-зӕн… Йӕ зӕрдӕ ӕрбауынгӕг, цӕссыг хъавыд ӕддӕмӕ ра-хъуызын, фӕлӕ йӕ дӕндӕгтӕ кӕрӕдзимӕ тынг нылхъывта, цӕстытӕ ныдздзагъыр кодта, ӕмӕ уӕд цӕссыг дӕр фӕстӕмӕ балыгъд…

Бакӕс иннӕтӕм дӕр, Андрийы ӕмбӕлттӕм: иууылдӕр равзар-гӕ фӕсивӕд, кусӕг адӕмӕй, онгджын, фӕтӕн риу. Хосгӕрдӕны се ’мгӕртты нал ӕрсурдзысты цӕвджытимӕ..

Цымӕ сӕ бинонтӕ та цытӕ бауыдзысты?!

Сӕ афицер куыд фыд лӕг у… Ӕлдӕрттӕй уыдзӕн ӕнӕмӕнгӕй!

Ӕтт, ууыл искуы хибарӕй ӕрныдзӕв лӕгӕй-лӕгмӕ .

Бӕхджынтӕ дӕр дзӕвгар сты, ӕвӕдза. Хорз кад сын кӕнынц.

Ау, уӕртӕ сӕ иу ирон лӕджы хуызӕн… Кӕмдӕр ма йӕ федтон.

О-о! Уый Лохты Артъем куы у. Ӕй джауыр! Ауӕй кодта йӕ I намыс меньшевиктӕн. Рагӕй ӕрӕгмӕ дӕр абырӕг уыд, цъаммар I лӕг… Цӕуыл худы ныр, адӕм сӕфгӕ куы кӕнынц, уӕд?

Мӕнӕ та диссаг! Уӕртӕ сауджын дӕр ам куы ис. Уый та кӕдӕм фӕлӕсы?!

Сау халон бамбӕрста холыйы тӕф…

Тагъддӕр куы фервӕзиккой!..

Схӕццӕ сты дынджыр, ног къахт уӕрмы цурмӕ. Ӕй, джиди, 1 ам у сӕ мӕлӕт… Ӕрмӕст тагъддӕр, тагъддӕр!

Цӕмӕн афтӕ фӕстиат кӕнынц?!

Цӕстытӕ цӕхӕртӕ акалдтой, атарытӕ сты, аталынг дуне…

Сау халон… Сауджын сӕ размӕ балӕууыд: раст, цыма, Чырысти йӕхӕдӕг у, уый каст кӕны. Хуыцауы сконд ныхӕстӕй цыдӕртӕ  адзырдта ӕмӕ ӕвзист къопп бахаста кӕройнаджы дзыхмӕ. Уый сӕнтхудт бакодта, йӕ фидар цонг рариуыгъта ӕмӕ… Сауджыны къопп дӕлӕ фӕтулы…

Иууылдӕр базмӕлыдысты, иууылдӕр разы сты се ’мбалы мийыл, нӕ сӕ хъӕуы сауджын.

Андри размӕ ралӕууыд, йӕ сӕрыл бӕрзонд схӕцыд ӕмӕ са-быр ӕнӕферхӕцгӕ радзырдта:

 «Ӕмбӕлттӕ, чысыл фӕстӕдӕр мах нал уыдзыстӕм. Абон нӕ иумиаг знӕгтӕ мах цӕгъдынц. Фӕлӕ мах амарынӕй. кусӕг классы скуыйӕг кӕнын сӕ бон нӕ бауыдзӕн. Max фӕстӕ сӕ ныхмӕ ралӕудзӕн минтӕ, ӕмӕ уӕд додой сӕ къона! Мах разы стӕм мӕлӕтыл, ӕрмӕст уӕлахиз уӕнт кусӕг адӕм, уӕлахиз уӕд советон хицауад!»

Фӕцис ныхас… Фехъуыст афицеры мӕлӕтдзаг хъӕр… Дӕнг… дӕнг… Ӕртындӕсӕй иумӕ…

1930