ГНУГЪЫ ЗÆППАДЗ

Фараст æфсымæрæй сæхицæн зæппадз сарæзтой, стæй сæ иу чи уыд, уый дзы схуыссыд, — хъал фæсивæд уыдысты. Сæ иу афтæ: «Ай, дам, æгæр гыццыл фæцис». Се ‘ннæ афтæ: «Хуыцау æуый дзаг куы раттид». Стæй фæззæджы стыр низ фæзынд, æмæ фараст дæр амардысты æмæ байдзаг и зæппадз. Уыдон ма загътой: «Сылгоймаг æвæрд ма æрцæуæд ам!» Стæй кæстæр æфсымæры ус Туайон суар бахаста иу къæртайы зæппадзы дуармæ æмæ уый дæр хъуамæ уым амардаид: «Мæ сæры хицау кæм ис æмæ мæ дзæбæх тиутæ, æз дæр хъуамæ уым амæлон».

Хурыскæсæнæй, хур ма гыццыл уыди, уæдмæ йын зæппа­дзы дуар нæ бакуымдта, стæй йæ бакодта. Йæ сæры хицау кæм уыди, уым нымæт айтыгъта, уыцы тæрхæджы раз, æмæ доны къæрта йæ нывæрзæн акодта, æмæ ус дæр йæ уд систа йæ сæры хицауы раз.

Иу хъæу ма сæ фарсмæ уыд, æмæ уым иу усы йеттæмæ нæ амард. Биганон уыд. Уыдон лыгъдоны уыдысты æд фос, хъæуæй алыгъдысты. Стæй æртæ чызджы рацыд дзуары бынæй кæрæдзи къухтыл хæцгæ æмæ кæрæдзийæн дзырдтой: «А хъæутæ кæ­дæм фæлыгъдысты, хъæуинаг куы фæхъуыди, уæд кæдæм фæ-лыгъдысты?»

Низ фесæфти æмæ хъæу фæстæмæ æрыздæхти. Уыдонæй иу сывæрджын ус уыд æмæ йын лæппу райгуырди уыцы фараст æфсымæрæй. Ныр иу хъæуы дзаг систы, далæ Гудзареты Хуы-биатæ уыдысты, фыды номæй та сæ Кобестæ хуыдтой.

Скъуыддзаг ДЖИККАЙТЫ ШАМИЛЫ арыст чиныгæй «ИРОН АИВ ДЗЫРДЫ ХÆЗНАТÆ».

РАУАГЪДАД «ИРЫСТОН», ЦХИНВАЛ 1977