ДЗАНТИАТÆ ÆМÆ ПОРАТÆ

Дзантиатæ сæхи уæзданыл нымадтой. Сæхицæн Пораты кæвдæсард кодтой, фæлæ сын уыдон нæ бакуымдтой. Уый фæдыл Поратæ Дзантиаты ныхмæ мæсыг амайын байдыдтой. Поратæ-иу æй бон самадтой, æхсæв та-иу сын æй Дзантиатæ ныппырх кодтой. Уæд се ‘фсымæр Гуыргъохъ загъта: «Сымах æй бон аразут, æхсæв æй æз хъахъхъæндзынæн». Афтæмæй сæ мæ­сыг сарæзтой æмæ дзы Гуыргъохъ æрбадти. Уæд иу бон Гуыр­гъохъ цуаны ацыд, дзæбидыр амардта æмæ йæ æрхаста. Уæдмæ йын Дзантиатæ йæ мæсыг байстой. Цады цурмæ куы æг бахæццæ, уæд йæ размæ ног чындз ацыди. Чындз йæ размæ æрлæууыд, æмæ йын лæг загъта: «Бахатыр кæн, фæлæ ахæм лæг нæ дæн». Уæд чындз скуыдта æмæ загъта: «Æз дæр ахæм нæ дæн, фæлæ дын дæ мæсыг байстой, æмæ куыддæр хæстæг бацæуай, афтæ дæ амардзысты».

Уæд ын лæг йæ къуыстил æриста æмæ йын дзæбидыры мард йе ‘ккой скодта. Иæхæдæг фæстæмæ Джимарамæ аздæхт. Рæгътыл разылди. Сусæгæй мæсыгмæ бахъуызыд. Аууон ран æрбадт æмæ сæ æхсын байдыдта. Афтæмæй сæ æддæмæ акæсын нал уагъта: æхста сæ уырдæм. Цалдæр боны семæ фæхæцыд. Сæхицæй сын æддæмæ ракæсын никæй уагъта. Мидæмæ сын дон, хойраг бахæссын нæ уагъта. Уæд уыдон адæммæ æххуысмæ хъæр кæнын райдыдтой. Адæм æм курæг цыдысты, фæлæ си Гуыргъохъ йæхимæ хæстæг нæ уагъта. Никæмæ уал хъуыста.

Гæнæн куы нал   уыд, уæд ын    Куырттатæм йе ‘рдхордмæ арвыстой. йе ‘рдхорд фондзыссæдз барæджимæ рацыд æмæ уы-дон дæр йæхимæ хæстæг нæ уагъта. Уæд йе ‘рдхорд йæ топп аппæрста æмæ йæм бацыд. Гуырыгъохъæн гæнæн нал уыд, уый дæр йæ топп аппæрста æмæ загъта:

—Хуыцау дæ ма сразы уæд, мæнгард куырттатаг, бадомдтай мæ.

— Уæд адæм загътой Дзантиатæн, зæгъгæ, дыууæ гал аргæвдæнт æмæ Гуырыгъохъы æрхонæнт. Афтæ бакодтой æмæ бафидыдтой. Уæддæр сæхи кæвдæсард хонын нæ бауагътой.