ДИССАДЖЫ КЪУС

Иры фыдæлтæ уыдысты фондз æфсымæры: Æгъуыз, Сидæмон, Цæразон, Хъусæг æмæ Цъæхил.

Æгъуызæн йæ фырттæй иу, Æзгъæриса, рацыд йе ‘мгæрттæй хуыздæр. Уымæн уыдис æртæ лæппуйы: Тома, Абай æмæ Га-гуыло.

Гагуылойæн йæ бон нæ уыдис туджы аргъ бафидын, æмæ йæ дыууæ фырты Тута æмæ Кортиа сæ фыдыбæстæ Къорайæ ра-лыгъдысты Къусчытæм.

Æхсæв Къусчыты фесты. Сæ нæуæг бæсты феныны мæтæй сыл æхсæв хуыссæг дæр нал хæцыд.

Райсом раджы акастысты дыууæ æфсымæры æмæ федтой æввахс ранмæ хуыцауы кувæндон. Сæ худтæ систой æмæ скуывтой: «О, хуыцау, нæ хуыцау, ахъаз нын бакæн! Дæ хорздзинæдтæй нын стыр арфæ ракæн!» Хæстæгдæр бацыдысты сыгъзæрин кувæндонмæ æмæ дзы федтой хуыцауæн диссаг: сисы къусчы къус лæууы, бæгæныйæ йедзаг.

— Гъе, мæнæ диссаг, — кæрæдзимæ дзурынц, — чи йæ бай-дзаг кодта, ам цæрæг куы нæй?

Нуæзт кæм уыд, уым ыл бирæ нал фæдзырдтой: Туга йæ систа æмæ йæ иууыл анызта. Къус йæ бынаты нывæрдтой.

Бæстæ сæ зæрдæмæ фæцыди, æмæ йæ къусчы тыххæй «Къусчытæ» схуыдтой.

Изæры сæхицæн цæрыны фæндтæ фæкодтой.

Дыккаг бон райсом сыстадысты; æмæ бæстæ сæ зæрдæмæ ноджы хуыздæр фæцыди.

Æрцыдысты кувæндонмæ: къус та йедзагæй лæууы. Ту­га йыл фæхæцыд æмæ йæ анызта. Кортиа йæм ницы сдзырдта.

Æртыккаг бон се ‘рцыдмæ къус йæ былтæй кæлы, сау бæгæны йæ мидæг ставд пуртитæ æппары. Кортиа фæцырд и æмæ йе’фсымæрмæ дзуры: «Ме ‘фсымæр, ныр мæ рад у. Хистæрæн дын дыууæ барсты æгъгъæд уæд». Туга йæм бадзырдта: «Ацы хатт ма йæ мæнæн уадз. Кæд дзы миййаг исты фыдбылызæй ис, уæд æрмæст æрцæуæд мæ сæрыл, ды та мын баззайай мыггаджы сæрæн», бæгæны та Туга анызта.

Цыппæрæм бон æрцыдысты, æмæ мæнæ диссаг: къус афти-дæй лæууы, ницы уал дзы ссардтой.

Дыууæ æфсымæры цæрын райдыдтой: сæ риу хуыцаумæ дардтой, афтæмæй цæугæ цард кодтой.

Скъуыддзаг ДЖИККАЙТЫ ШАМИЛЫ арыст чиныгæй «ИРОН АИВ ДЗЫРДЫ ХÆЗНАТÆ».

РАУАГЪДАД «ИРЫСТОН», ЦХИНВАЛ 1977