Дидин кал æнустæм, Хæдбар Ирыстон!

Хуссар Ирыстон 26 азы размæ райста Республикæйы ном æмæ йæ ныр уал азы дæргъы хæссы кад æмæ радимæ, буц дзы стæм, рухс фидæнмæ нын фæндаг кæй айгæрста, сабыр цард æмæ нæ амондджын дугмæ ныфсджынæй кæй хоны, уый тыххæй. Æвæдза, дардмæуынæг разындысты, раст æмæ фидар зондыл хæст уыдысты, уыцы уæззау æмæ катайаг рæстæджы фидар чи фæлæууыд, Хуссар Ирыстоны амондджын фидæн развæлгъау чи уыдта, йæ сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæраппонд йæ тых æмæ зонд æмæ, æгæрыстæмæй, йæ цард дæр чи нæ бавгъау кодта, уыдон. Ахæм сæрбосты дуджы цыдимæ иумæ фæлтæр хъуамæ кады бынаты æвæрой, мысой сын сæ рухс нæмттæ.

Нæ адæмæй рох нæу, цас тыхтæ бахардз кодтой, цæмæй нæ хæдбардзинад нæ къухты бафтыдаид. Æмæ уый аккаг сты, цæмæй банкъарой сæхи хæдбар паддзахады æмбæстæгтæй æмæ, æппæт уыцы хъизæмæртты фæстæ, цæрой æмбæлон уавæрты!

Бæрæгбоны хорзæх уæ уæт!

Дидин кал æнустæм, Хæдбар Ирыстон!