Арфæ уын кæнæм бæрæгбоны цытæн!

Зынаргъ æмбæстæгтæ, уарзон ирон дзыллæ! Æнусты дæргъы цæмæ бæллыдыстæм, уый нæ къухты бафтыд! Ныр дыууын фондз азы дæргъы нæхицæн нæхæдæг дзуапп раттыны хъом фестæм. Ирон наци Дунескæнæг Хуыцауы фарнæй æнæхай нæ уыд. Кæддæры хъомысджын æмæ нæргæ Паддзахад Алани бабын ис, фæлæ ирон фарн, ирон æхсар æмæ ирон æвзаг нæ байсæфтысты. Æнæмæлгæ хъару æмæ æнæкæрон ныфс фæтых сты кадавар нымæцыл, ирон сахъгуырд бæгъатыртæ се взонг удтæ рауæлдай кодтой фыдфбæстæйы сæрвæлтау! Махыл не ппæтыл стыр хæс ис нæ фыдæлты æмæ нæ рæзгæ фæлтæры раз. Цæрæнбонты нын цы нæ бантыст, уый хъуæмæ ныр разæнгард æмæ æвæстиатæй баххæст кæнæм: самайæм фидар, цардхъом экономикæ, æркæсæм не гъдау æмæ не взагмæ.
Æрхæстæг ис нæ йумыйаг бæрæгбон, йе стыр фарнæй хайжын уæд махæй алчидæр, ныфсджын æмæ зæрдæджын цы уæм нæ хицауадæй, æмæ нын бирæ бантысæт нæ дарддæры царды! Арфæ уе ппæтæн дæр!