Алы адæммæ дæр вæййы зынаргъ хæзнатæ

zarina

Алы адæммæ дæр вæййы зынаргъ хæзнатæ: райгуырæн бæстæ, æгъдæуттæ æмæ æвзаг. Æвзаджы æвæрд сты фыдæлты фарн, монон культурæ, адæмон сфæлдыстад æмæ дзырдаивад. Мадæлон æвзаг у удварны хæзнадон, æфсармы суадон æмæ зонды куырдадз.

Гъе уымæ гæсгæ, мадæлон æвзаг домы æнæкæрон уарзт æмæ аудындзинад. Уый хъахъхъæнинаг у цæстыгагуыйау, цæмæй фæлтæрæй-фæлтæрмæ лæвæрд цæуа сыгъдæг æмæ рæсугъдæй. Дунейыл цы æвзæгтæ ис, уыдонæй алкæцы дæр йæхирдыгонау рæсугъд æмæ цымыдисон у. Уыцы æвзæгты æхсæн мадæлон æвзагæн йæхи сæрмагонд бынат ис, уый домы сæрмагонд ахаст алы адæймагæй дæр.

Уыцы æвзæгтæй иу у ирон æвзаг. Кæд йæ историйы фæндагыл рацыд стыр зындзинæдтимæ, уæддæр нæ фыдæлтæй махмæ æрхæццæ хъæзныг æмæ рæсугъдæй. Ирон æвзаг у, нæ фыдæлтæ се рвылбонон царды цы æвзагыл дзырдтой, ныййарæг мад-иу йæ хъæбулæн авдæны зарæг цы æвзагыл базарыд, ирон фынджы уæлхъус ирон хистæр дзуапп цы æвзагыл дæдта, ахæм æндон æвзаг.

Ирон æвзагыл фыст æрцыдысты ирон литературæйы бындурæвæрæг, ирон адæмы сæрхъызой Хетæгкаты Къостайы æнæмæлгæ «Ирон фæндыр», ирон адæмы ахъаззагдæр хæзнатæй сæ иу «Нарты эпос», ирон фысджыты уацмыстæ, ирон адæмон сфæлдыстады зарджытæ, таурæгътæ, æмбисæндтæ, аргъæуттæ.

Иу дзырдæй, ирон æвзаг у ахæм æнæаргъ хæзна, кæцыйæ буц æмæ сæрыстыр хъуамæ уа алы ирон адæймаг дæр. Абон афтæ у, уый зын зæгъæн у. Ирон æвзаджы фарстатæ æвзаргæйæ, стыр хъыгагæн, ирон адæмæн бирæтæн нæ уыдзæн ныхæстæ зæгъынæн, сæ мадæлон æвзаг «иттæг хорз» кæй зонынц, уый тыххæй.

Адæймаг цы зæххыл райгуырд, цы æмтуг адæмы æхсæн рæзт, цы мадæлон æвзаг хъуыста, уыцы æвзагæн æнæуарзгæ, æнæзонгæ куыд ис? Хъыгагæн, абоны бон афтæ рауад ирон æвзаджы хъысмæт. Фæндагыл фæцæйцæугæйæ, æхсæнадон транспорты бадгæйæ, бинонты æхсæн хуымæтæджы æрвылбонон ныхас кæнгæйæ, чи зæгъдзæн æмæ фехъусы сыгъдæг, æмбæрстгонд ирон ныхас? Ничи. Уымæн æмæ, мах, ирон адæм бынтон уазал цæстæнгасæй кæсæм нæ мадæлон æвзагмæ. Уый уæлæнгай зæгъгæйæ, афтæмæй та ирон æвзаджы уæззау уавæр ноджы арфдæр æмæ ныхъхъуыдыкæнинаг дæр у. Ǽвзаджы сæфт та адæмы æнамонддзинады нысан у, адæмы сæфт у. Национ æвзаджы ахадындзинады тыххæй, филологон зонæдты доктор Джуссойты Нафи фыссы: «Йæ национ æвзагæн аргъ кæнын нæ, йæ цæрæнбоны тыххæй кувын чи нæ зоны, уыцы адæмæн рæсугъд фидæн никуы уыдзæн».

Абон ирон адæм хистæрæй кæстæрмæ цы æвзагыл дзурынц, уымæн афтæ схонæн нæй, зæгъгæ, мæнæ уый ирон æвзаг у.

Ирон драматургийы бындурæвæрæг Брытъиаты Елбыздыхъо йæ рæстæджы риссаг фарстатæй иуыл нымадта ирон æвзаджы сыгъдæгдзинад бахъахъхъæнын. Æвзаг сæйраджы-сæйраг фидауы йæ сыгъдæгдзинадæй, йæ аив зæлдæй. Ирон адæмæй бирæтæ се взаг ферох кодтой, иннæтæ та йæ рох кæнынц, аннæтæ йæм куыдфæндыйы цæстæй кæсынц. Æмæ йын уый æгъгъæд нæу, фæлæ ма йæм хæссынц æцæгæлон дзырдтæ æндæр æвзæгтæй.

Ирон æвзаг зонынадæн йæхи чи снывонд кодта, ахæм адæймæгтæ Ирыстоны ис. Уыдонæн сæ хайбавæрд стыр у ирон æвзаджы размæцыды. Уый тыххæй сын æнæкæрон бузныг. Хуымæтæг адæмыл дзургæйæ, зæгъæн ис, уыдоны æхсæн дæр кæй ис йæ мадæлон æвзагыл иузæрдион чи у. уыдон сты иугай адæймæгтæ, æмæ ирон æвзаджы нысаниуæг сисынæн сæ бон бирæ ницы бауыдзæн. Хъæуы иудзинад, кæрæдзиæмбарынад ирон адæмы æхсæн, цæмæй ирон схиза æмбæлон бынатмæ.

Бæргæ, ацы уайдзæфхæссæн ныхæстæ загъд куыннæ æрцыдаиккой, фæлæ нæ ирон æвзаг абон цы уавæры ис, уый, æнæбамбæхсгæйæ, æргом æмæ уæндонæй зæгъæм. Зæгъæм æй, æмæ чи зоны, абоны æргом дзырдтæ, кæд бирæ нæ, уæддæр чысыл ахъаз фæуой ирон æвзаджы фидæны райрæзтæн.

Ирон адæмæй чысылæй стырмæ алчидæр куы æмбарид йе взаджы нысаниуæг æмæ ахадындзинад, уæд æм афтæ æнæрвæссон ахаст нæ дарид. Йæ бæллæх уый мидæг ис, æмæ мах, ирон æвзаджы хъысмæтыл хъуыды дæр кæй никуы акæнæм, нæ зæрдыл кæй нæ лæууы, куыд рæсугъд æмæ хъæзныг у нæхи æвзаг. Уыцы æвзаджы та кæй хъæуы уарзын æмæ йыл дзурын.

Абон искæй дзыхæй сыгъдæг ирон ныхас куы фехъусæм, уæд дисы бафтæм, ома, куыд хорз дзуры иронау. Фæлæ, уыцы рæстæджы нæхимæ фарст радтæм, ирон у æмæ цæмæннæ хъуамæ дзура иронау?

Ирон æвзаг зын уавæры кæй ис, уымæн æвдисæн сты бирæнымæц цæвиттонтæ. Ирон хæдзæры, ирон бинонты, ирон хистæры цур ирон ныхæс нæ хъуысы. Уыцы бинонты æхсæн цы кæстæртæ хъомыл кæны, уыдон дæр нæ базонынц се взаг, уымæн æмæ йæ нæ хъусынц. Ирон адæммæ цы бирæнымæц сфæлдыстадон æмæ зонадон архайджытæ уыдис æмæ ис, уыдоны зæрдæтæй æмæ хъуыдытæй цы æнæмæлгæ уацмыстæ райгуырд, уыдоны кæсæг нæй, уыдоны арф, цыргъзонд хъуыдытимæ бирæ ирон адæм не сты зонгæ, афтæмæй та, уыцы адæймæгты куыстытимæ æнгом зонгæйæ, банкъарæн ис, ирон аив дзырд.

Цы ис рæсугъддæр ирон кæлæнгæнæг зард æмæ кафтæй. Уым арф æвæрд ис ирон адæмы рæсугъд æмæ æнæбаивгæ удыхъæд, сæ фарн æмæ удварн. Цы аххосагæн нæ равдисæм нæ миддуне, нæ арæхстдзинад ирон аивады.

Æппæт ацы æмæ бирæ æндæр хæзнатæ ирон адæмæн сты, фæлæ сæ пайдагæнæг нæй.

Адæмы рæгъы нæ дзурыны сæр куы фæхъæуы, уæд цæмæннæ радæдтæм нæ хъуыдытæ нæ рæсугъд ирон æвзагыл, цæмæннæ равдисæм нæ ирондзинад? Афтæмæй та цас æмæ цас рæсугъд, зæрдæмæхъаргæ дзырдтæ ис ирон æвзаджы. Æвзаг та фидар, хъæддых æмæ фæразджын у йæ дзырдтæй. Гъе уымæ гæсгæ, ирон æвзаджы йæ алы дзырд дæр хъуамæ уа хæзнайы хуызæн æмæ сæ базонынмæ тырнæм.

Цæмæй нæ къахыл слæууæм, уымæн йæ сæйраг амæлттæй иу у не взаг. Куыд уынæм, уымæ гæсгæ, ирон æвзаг абон ис иууыл уæззау дæр уавæры. Йæ сахуыр кæнын, размæцыд æмæ бахъахъхъæныны тыххæй, хъæуы стыр куыст сæххæст кæнын. Канд иугай адæймæгты хъæппæрис æмæ фæндонæй нæ, фæлæ алы ирон адæймаджы уæзгæ хайбавæрдæй.

7 февралы 2003 азы, Цæгат Ирыстоны президент Дзасохты Алыксандыры указæй 15 май 2003 азæй нысангонд цæуы ирон æвзаг æмæ литературæйы бонæй. 15 май уымæн, æмæ уæд 1899 азы рухс федта не стыр хæзна Хетæгкаты Къостайы «Ирон фандыр».

2003 азæй фæстæмæ, Хуссар Ирыстоны дæр банысан кæнынц ацы бæрæгбон. Уыцы бон ирон æвзаджы тыххæй ахуырадон уагдæтты уагъд æрцæуынц алыхуызон мадзæлттæ.

Ныры дуджы куы акæсæм ирон æвзаджы уавæрмæ Хуссар Ирыстоны, уæд зæгъæн ис, кæй ис ивындзинæдтæ хорзæрдæм.

Нæ паддзахады æмæ интеллигенцийы минæвæрттæ кæй аразынц вазыгджын къахдзæфтæ ирон æвзаджы размæцыды тыххæй.

Рæстæг та бæстон æвдисæг уыдзæн, уыцы къахдзæфтæ цы фæстиуджытæм æркæндзысты, уый.

Бæрæг куыд у афтæмæй, 6 июны 2012 азы РХИ парламент райста закъон паддзахадон æвзæгты тыххæй. Ацы закъоныл парламенты сесситы дзырд цыд дыууæ азы, ацы темæйыл уагъд æрцыд парламентон байхъустытæ дæр. Уый фæстæ закъон ист æрцыд. Здæхт у ирон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ размæцыдæн.

Фæстæдæр хицауад æмæ парламенты фæндонæй арæзт æрцыд РХИ ирон æвзаджы сахуыр кæнын, йæ райрæзты æмæ бахъахъхъæныны тыххæй паддзахадон программæ æртæ азы æмгъуыдмæ. (2012-2016). Программæйы реализаци кæнынæн æхцайы фæрæзтæ хардзгонд цæудзысты паддзахадон бюджетæй.

Программæйы сæйраг хæс у, ирон æвзаджы сахуыр кæнынæн, йæ райрæзтæн æмæ бахъахъхъæнынæн æмбæлон уавæртæ саразын.

Программæйы æххæстгæнджытæ сты ахуырад, зонад æмæ фæсивæдон политикæйы министрад, Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институт, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет, культурæйы министрад, информаци, бастдзинад æмæ массон коммуникациты паддзахадон комитет, афтæ ма иннæ министрадтæ, паддзахадон комитеттæ æмæ уагдæттæ.

Æрвыл аз дæр 1-æм февралмæ прграммæйы мадзæлтты æххæстгæнджытæ РХИ-йы хицауад æмæ парламентмæ хъуамæ бавдисой уæрæх информаци сæ бакæнгæ куысты тыххæй, афтæ ма финансон фæрæзтæ куыд хардзгонд цæуынц, уый.

Программæйы ис мæнæ ахæм мадзæлттæ:

1. Культурæ æмæ дзыллон информацийы сферæйы республикæйы æппæт паддзахадон уагдæтты хъуыддаджы гæххæттытæ фыст хъуамæ цæуой дыууæ паддзахадон æвзагыл;

Премитæ æмæ стипендитæ рафыссын ирон æвзаг æмæ литературæйы къабазы;

Ирон æвзаджы квалификаци фæбæрзонддæр кæныны тыххæй дзыллон информацийы фæрæзты кусджытæн ирон æвзагыл курсытæ бакæнын;

Телеуынынады æрвылхаттон алæвæрдтæ бацæттæ кæнын;

Телеуынынады æмæ радиойы ныхасы культурæйæ семнартæ уадзын;

Телеуынынады сабитæн сæрмагонд алæвæрдтæ уадзын «Æз дзурын иронау»;

Сывæллæттæн театралон студи саразын;

Сывæллæттæн нывæфтыд журнал бацæттæ кæнын;

2. Хъуыддаджы гæххæттыты æмбырдгонд хуызæджы хуызы бацæттæ кæнын.

3. Паддзахадон æвзаг адæмы æхсæн сахуыр кæнын

Сæрмагондæй ирон æвзаг сахуыр кæнынæн чингуытæ бацæттæ кæнын.

4. Ирон æвзаджы статус фæбæрзонддæр кæныны тыххæй

Документалон, зонадон-популярон фильмтæ ирон æвзагыл уадзын;

Конверттæ, открыткæтæ, сувениртæ информаци хæсдзысты ирон æвзагыл;

Республикæйы уынгты нæмттæ æмæ алыхуызон амонæнтæ фыст цæудзысты ирон æвзагыл;

Æхсæнадон æмæ æмæхсæнадон транспорты æмбæлон информаци ирон æвзагыл дæттын.

5. Фæлхасгæнæджы базар

Республикæйы цы товар уагъд цæуы, уыдонæн сæ этикеткæтæ æмæ инструкцитæ ирон æвзагыл уадзын.

Уымæй дарддæр, гоймаджы æвдисæндар бæлвырдгæнæн официалон гæххæттытæ ирон æвзагыл фыссын; хицауады цур ирон æвзаджы тыххæй æппынæдзухон къамис саразын; паддзахадон университеты тæлмацкæныны факультет бакæнын; ирон æвзаджы ахуыргæнджытæн æрвылазон конференци уадзын; ахуырдзаутæн, студенттæн, сфæлдыстадон фæсивæдæнирон æвзагыл иууыл хуыздæр уацмыс ныффыссыны тыххæй æрвылазон конкурстæ уадзын; уырыссаг æвзаджы классикты уацмыстæ ирон æвзагмæ ратæлмац кæнын; ирон æвзагыл сабитæн чингуытæ бацæттæ кæнын æмæ рауадзын.