АБАЙТЫ ТАЛА

Раджы кæддæр иу куырттатаг, Елæу, зæгъгæ, Асийы цæу- гæйæ, Хызны нарæджы сфæнд кодта йæхицæн лæдзæг ракæнын: Æхсæры къудзитæм бацыд æмæ дзы равзæрста, æртæ раст уисы чи суагъта, ахæм æмæ сæм æрхъавыди лыг кæнынмæ. Фыццаг уисмæ куы бавнæлдта, уæд дзы райхъуыст: «Ма мæ алыг кæн», зæгъгæ. Афтæ сдзырдта уыцы хъæлæс дыккаг уисæй да Æртыккаг уисæй та сдзырдæуыд: «Айс мæ æмæ цалынмæ дæумæ уон, уæдмæ дын амонд хæсдзынæн!» Елæу дæр æй ралыг кодта æмæ дзы лæдзæг сарæзта. Уыцы лæдзæг йæхицæй нал цух кодта æмæ æцæгдæр амондджын разынд хæдзары дæр æмæ знæгтимæ тохты дæр. Фæлæ уæддæр фæстагмæ йæ алæмæтт: лæдзæгæй фæцух, æрмæст ма йын фæстаджы æххуыс уый фæци æмæ йæ фыдбылызæй фервæзын кодта.

Иухатт куырттатæгтæ,  сæ фæтæг  Елæу,  афтæмæй асыйаг таубийы, Абайты Беппийы, рæгъау раскъæрдтой. Беппи сæ фæс тæ рафæдис кодта йæ балимæ, Чохолы доны сæ (Уырыхы доны) баййæфта æмæ сæ уым ныппырх кодтой. Елæу йæ лæдзæг къуыдзитæм баппæрста, цæмæй асыйæгты къухы ма бафтыдаид. Йæхæдæг йе ‘мбæлттимæ уацары бахауд, æмæ сæ Асымæ акодтой.

Иухатт Абайы фыртæн Елæу йæ диссаджы лæдзæджы кой скодта, æмæ йын уый баныфс æвæрдта, лæвар æй сæхимæ ауа- дзынæн, кæд æмæ йын уыцы лæдзæг йæ къухты бафтын кæна уæд. Елæу арт бандзарын кодта къутæртыл, фæдисонтæ сæ цы бынаты баййæфтой, уым, æмæ æцæгдæр къудзитæ басыг. дысты, фæлæ лæдзæг нæ басыгъд.

Афтæмæй лæдзæг Абайты мыггагмæ бафтыд æмæ йæ сæр- магонд чырыны бавæрдтой. Елæуы та уадзгæ акодтой. Елæуы фырттæй ма бирæтæ хъавыд уыцы лæдзæг радавынмæ, фæлæ сæ къухты ницыуал бафтыд.

Скъуыддзаг ДЖИККАЙТЫ ШАМИЛЫ арыст чиныгæй «ИРОН АИВ ДЗЫРДЫ ХÆЗНАТÆ».

РАУАГЪДАД «ИРЫСТОН», ЦХИНВАЛ 1977