Калмы къæдзæхы легендæ

Тлигом. Источник картинки: adamalla.com

Ирыстоны зæххыл, æвæццæгæн, стæм разындзæн, фыдæй фыртмæ адæм легендæтæ кæуыл не снывæстой, ахæм цæдтæ, хæхтæ æмæ æндæр зындгонд бынæттæ. Иу хох-къæдзæх ис Дзауы районы Тлигомы, хонынц æй «Калмы къæдзæх». Раздæры Уистойы хъæуы цæрæг Мæргьиты Габийы чызг Мани мын (уæд ыл цыдис 70 азы) 2002 азы ацы къæдзæхы тыххæй радзырдта ахæм легендæ.

Раджы, тынг раджы, кæцæйдæр æрхауд æнæхъуаджы стыр залиаг калм йæ лæппынимæ. Царциаты адæмы бахордтой иууылдæр. Куы сын фесты, уæд та иу бон рараст сты Тлигоммæ, хъуамæ ныр та уымы цæрджыты бахордтаиккой. Тлийы хъæуы сæр хохæй бынмæ куы ракастысты, уæд сæ хъæуы цæрджытæ базыдтой, æмæ бакатай кодтой, сæфдзыстæм, зæгьгæ.

Уыцы рæстæджы Тлийы хъæуы цардис иу хуыцауысконд лæг, йæ куывд хуыцаумæ хъуыст, кад ын уыд хуыцауы цæсты. Уый уайтагьд йе ‘мкъайæн ракæнын кодта æртæ кæрдзыны. Куы ацæттæ сты, уæд сæ рахаста уынгмæ. Йæ рахис къухы арахъхъы сыкъа, галиуы та – æртæ кæрдзыны. Уый йе ‘тæрттæ тыгъдæй скуывта хуыцаумæ: «Уæ, хуыцæутты хуыцау, табу дæхицæн, ды нæ рафæлдыстай ацы дунемæ, ды нын уынын кæныс хуры рухс. Дæттыс нын уæлдæф, дон, нæ зæххы куыстæн – тыллæг, нæ къæбицтæн – бæркад, нæ кæстæртæн та цард, æмæ нæ ма фесаф, фыдбылызæй нæ бахиз, науæд сæфæм, дæ рынтæ бахæрон».

Æгас хъæубæстæй авд хатт «оммен, хуыцау» ныхъхъæр код­той.

Арв уæдмæ уыд сыгьдæг, сæгьы цæстау – ирд. Ныр æвиппайды æрбацасæста, бæстæ æгасæй арвы нæрын фестад, дымгæ мигьы ратæр-батæр кодта. Арв зæххы куы кæм ныццæвы, куы кæм, бæстæ рызтис арвы нæрдæй. Цалдæр цæфы фæкодта, калм кæм уыд, уыцы хохы дæр, стæй къæвда банцад, дымгæ æрлæууыд. Мигътæ сæхи систой арвы кæрæттæм æмæ зæрин хуры тынтæ ныккастысты, уæд федтой диссаг, калм цавддурæй хуыссы хохы сæр, цъæх айнæг фестадис, йæ лæппын та – фалдæр, уый дæр цавддурæй.

Адæм сæ фыдбылызæй кæй фервæзтысты, ууыл куыднæ цин кодтаиккой æмæ стыр куывд ныззылдтой. Фæхуыдтой сыхаг хъæуты дæр æмæ иу абонæй иннæ абонмæ сæ зард æмæ фæндьры зæлтæ нæ нымæг кодтой.

Уæдæй фæстæмæ ацы хох-къæдзæх райдыдтой хонын «Калмы къæдзæх». Абон дæр ма Тлийы хохы сæрæй бæрæгæй зыны калмы сæры æнгæс фæлгондз. Уæлдай хуыздæр фæзыны фæссихор, хур дзæбæх куы базилы, уæд. Уæд дзæбæх фæзынынц йæ хъустæ, йæ фындз, йæ цæстыты къуырфытæ.

Мæргъиты Ирбег,
газет «Хурзæрин» № 61, 08.08.2007