Месяц: Июнь 2020
Нæй ферох кæнæн…
XX-æм æнусы 1918-1920 азты Гуырдзыстоны хицауад ирон адæмы ныхмæ кæй сарæзта, уыцы геноцидыл æххæст кæны 100 азы.
Цас æбуалгъ фыдæбæттæ бавзарын кодтой, цас зиæнттæ æрхастой ирон адæмæн нæ цы-фыдтæр знæгтæ!
Амондджын царды сæраппонд Ирыстоны хъæбултæ тох кодтой знæгты ныхмæ. Фæлæ Гуырдзыйы меньшевиктæ æнæауæрдонæй цагътой æнæаххос адæмы, сылгоймæгты, сывæллæтты, фехстой 13 цæхæрцæст коммунары. Æппæт уыдон сты Гуырдзыстоны æрдыгæй ирон адæмы геноцид æвдисæг цаутæ.
Уыцы трагикон цаутыл æххæст кæны кæд сæдæ азы, уæддæр сын рох гæнæн нæй! Уæззау уаргъау æвæрд уыдзысты ирон адæмы зæрдæты!
Хъуылаты Созырыхъо. “ӔРТЫНДӔСӔЙ ИУМӔ”
(1920 азы хабӕрттӕ)
Дысоны къӕвда Чъребайы уынгтӕ ныхсадта. Баззадысты йын ӕнӕхсад ӕрмӕст туджы лӕсӕнтӕ, зноны хъазуат хӕсты туджы лӕсӕнтӕ. Уыдон афтӕ ӕнцон ӕрыхсӕн нӕ уыдысты.
Читать далее