Ног Азы хорзæх!

Зынаргъ æмæ уарзон æмбæстæгтæ! Цытджын ирон дзыллæ, номдзыд æмæ ’хсарджын аланты фæдонтæ! Ацы 2017 аз цадæггай фæцæуы ивгъуыд афоны тыгъдадмæ. Уæ зынтæ, уæ тухитæ, хъыгтæ, ристæ ахæссæт йемæ уаргъæн!

 

Æрцæугæ Ног Аз та уе ’ппæтæн дæр æрхæссæд фарн, амонды хур, æнæниздзинад, бæркад æмæ уарзондзинад!

Нæ Республикæ Хуссар Ирыстон Аланийыл ракæсæт райрæзты хур æмæ уын батаæд уæ зæрдæтæ!

Ног Азы хорзæх!

Медиа-центр «Ир» Читать далее